Мыггаджы лæг кæй фæхонынц, ахæмæй дæ зыдтой дæ зонгæтæ, сыхæгтæ, хиуæттæ, æппæт Къадзтæ – де ‘рвадæлтæ. Цардтæ адæмы цæрайæ, уыдис дæм арфæйаг миниуæг – искæй фæхъыг кæнын дæ удыгъæды никуы уыдис, зыдтай адæмимæ цæрын, мыггаджы æмæ сыхбæсты ныфс уыдтæ, Феликс (фырбуцæн дæ Фело хуыдтой хъæубæстæ). Ныр лæгæй-лæгмæ уымæн дзурын æмæ, куыд фæзæгъынц, амæлæгæн, дам, йæ уд дыууиссæдзæм бонмæ уæлæуыл вæййы æмæ дын цæргæйæ цы нæ загътон, (хæцыдтæн мæхиуыл, къозбау мийыл мын æй куы банымадтаис), уыдон бирæ нæ, фæлæ цыбыртæй уæддæр зæгъон.

Æвæццæгæн, дæ Хуыцау хорз ракæныны тыххæй сфæлдыста, дæ цардцæрæнбонты дæ архайд уыд, макæй фæхъыг кæнай, ууыл, чизоны, уый дæ ныййарджытæй рахастай, æмæ дæ зонгæтæ æмæ сыхбæстæ уымæн уарзтой, дæ хорз миниуджытæй дæхицæн кадгæнæг фæдæ. Дæ мад æмæ дæ фыдæн фондз лæппуйы уыдыстут, цæссыг цы æртæ ‘фсымæрыл фæкалдтай, уыдонмæ цæуæг фæдæ, цæргæйæ ма цы æфсымæры ныууагътай, уый дыл кæй хъыг кæндзæн, ууыл дæр нал ахъуыды кодтай.

Феликс, ахæм уазæгуарзаг уыдтæ æмæ-иу исчи дæ кæртмæ куы бахызт, уæд-иу дыл, цыма хуртæ ракаст, афтæ дæ цæстытæ дæр цины худт кодтой, дæ бирæ куыстытæ дæр фæуадзгæйæ-иу узæлынмæ фæдæ æрбацæуæгыл, дæ кæрдзын дæ армы дардтай, дæ бæллиц уыд ирон æгъдаумæ гæсгæ уымæн балæггад кæнын.

Дзырд дæр ыл нæй, дæ сабибонтæ æнцонæй не ‘рвыстай, цыбыркъух мад æмæ фыдæн фондз хъæбулы хъомыл кæнын афтæ æнцон нæ уыд. Уæды уæззау дуджы, хæсты цæхæртæй дæ кары сабитæ сыгъдысты æмæ дзы цух нæ баззадтæ ды дæр. Дæ райгуырæн Уахтъанайы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ, цытджынæй баслужбæ кодтай Советон Æфсады рæнхъыты, стæй уырдыгæй æрыздæхгæйæ ахуыры тыххæй афтыдтæ Ереванмæ, 1963 азы æнтысгæйæ каст фæдæ политехникон институт. Уыцы аз бинонты кой бакодтай æмæ æрхастай Уалыты Замирæйы, кæцыимæ ахуыр кодтай иу къласы æмæ фæцардыстут хъæрмудæй 55 азы бæрц. Фыццаг уал куыстай Дзæу-джыхъæуы арæзтадон управленийы прорабæй, фæстæдæр та – Цхинвалы15 азæй фылдæр. Кæмдæриддæр куыстай, уым дæхи æвдыстай цæсгомджы-нæй, куыд æгъдауыл хæст адæймаг, афтæ, дæ куысты дыл цы хæстæ уыд, уыдон æххæст кодтай уæлдайджынтæй æмæ дын хицауады ‘рдыгæй æрцыд лæвæрд бирæ хæрзиуджытæ.

Лæппу дын Хуыцау нæ балæвар кодта, Фело, фæлæ дын цы æртæ чызджы радта, уыдон, дæхи загъдау, сты æртæ лæппуйы æмсæр, æгъдауджын æмæ сæрæн. Цы сиæхстæ дын ис, уыдонæй ды сæрыстыр уыдтæ, кад сын кодтай æмæ дæ хорз ахастæн уыдон дæр аргъ кодтой, фæкодтой дын хъæбулты лæггад.

Дæ цардæмбал дын дæ уавæр зыдта æмæ хæдзары ды цы куыстытæ хъуамæ кодтаис, уыдон йæхимæ райста, æрмæст ын ды дзæбæх уыдаис.

Адæмæн аргъгæнæг уыдтæ æмæ цæрын зыдтай, чизоны дын Хуыцау уыцы хæрзиуæг уымæн радта, цæмæй се ‘хсæнæй ацæугæйæ дæр рох макуы уай сæ зæрдæтæй, мысой дын дæ хорз ном хуыздæрæн.

Хæдзары рæбинаг цæджындз уыдтæ дæ бинонтæн æмæ уæззау рынчын куы уыдтæ, уæд дæ цардæмбал æмæ чызджытæ сæхицæн бынат нал ардтой, Цхинвалы, стæй дæ Дзæуджыхъæуы дохтыртæм раскъæф-баскъæф кодтой, цæмæй дæ æгъатыр низæн хос æрцыдаид, фæлæ… Дæуæн ахæм удыхъæд уыдис, æмæ сын уæззау рынчынæй дæр тæригъæд кодтай, дæу тыххæй дæ хъæбултæ радгай дæ уæлхъус кæй лæууыдысты, сæ бинонты, сæ цоты-иу кæй ныууагътой, æрмæст ма ды кæй уыдтæ сæ риссаг маст, уый тыххæй. Дæ низ дæ афтæ æрцахста æмæ дæм хæрын дæр нал цыди, лæгъстæ дын кодтой, исты ахæр, зæгъгæ, цæмæй дæ къахыл слæууыдаис, фæлæ цæмæй зыдтой, дæ зæрдæ йæ нæ иста, æмæ бонæй-бонмæ куыд тадтæ, уый уынгæйæ сæ зæрдæтæ сæхи къултыл хостой, цы бирæ хостæ дын дардтой, уыдон дæр де ‘нæниздзинадæн кæй нæ ахъаз кодтой, уый катæйтты хаудысты, се ‘нцойад фесæфт. Æниу, Фело, дæхи тынгдæр фæндыд, цæмæй радзæбæх уыдаис, барухс кодтаис дæ бинонты зæрдæтæ дæр. Фæлæ уыцы уæззау низ йæ кæнон кодта, нылхъывта дын  дæ куыстуарзаг уæнгтæ сынтæгмæ, дæ уарзæгой уд дын бонгай хордта. Ныр де ‘мкъай Замирæ æмæ лæджы ‘мбæрц чызджыты сæ хъæбултимæ ныууагътай цæссыгкалгæйæ. Цы хъуамæ кæна дæ цардæмбал, хæдзармæ бахизгæйæ йыл ды нал сæмбæлдзы-нæ раздæрау, афтид къуымæй ма йæм æрмæст зындзæн дæ уарзæгой фæлгондз, фæлæ дæ йемæ аныхас кæныны бон нал фæуыдзæн.

Мæрдты Барастыр дыл уыцырдыгæй аудæг уæд, хуыздæр бынаты аккаг дæ æмæ дын æй йæ цæст бауарзæд.

Рухсаг у!

Козаты Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.