Æрæджы горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан журналисттæн РХИ-йы информаци æмæ мыхуыры хæдзары пресс-центры радзырдта 2019 азы администрацийы бакæнгæ куысты тыххæй.

«Абоны бонмæ горæты администрацийы æххуысæй хæрзарæзт æрцыдысты 12 бирæуæладзыгон хæдзæртты территоритæ, горæты уынгты цы дзыхъхъытæ фæзындысты, уыдон банывыл кæныныл куыстам, цæмæй дарддæр ма хæлдаиккой, сцалцæг кодтам Вокзалгæрон уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты фасадтæ. Уыцы куыстытæ бакæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ дих цыдысты нæ республикæйы президенты резервон фондæй.

Дарддæр цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты нæ горæты Путины уынгыл. Горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад бирæуæладзыгон хæдзæртты сæвæрдта 14 лифты. Се ‘ппæт дæр кусынц æмæ сты хорз уавæры. Уымæй дарддæр ма цалцæг æрцыдысты 25 цæрæн хæдзары, кæцытæ пырх æрцыдысты 2008 азы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы. Раивд æрцыд, тыхдымгæйы фæстиуæгæн Фидауынгæнджыты уынгыл цы хæдзары сæр ныппырх, уый æмбæрзт. Фæуд кæнынц пантеоны хæрзарæзтадон куыстытæ.

Горæты администрацийы дæлбар паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-æн бантыст æхсæз уынджы коммуникацитæ раивын. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты та 8 уынджы бакодта донуадзæн æмæ канализацион хæххытæ уадзæн куыстытæ.

– Адæм фылдæр цы фарстыты фæдыл бахатынц администрацимæ?

– Фылдæр хатт сæ домæн вæййы, цæмæй сын схæрзарæзт кæной сæ цæрæн хæдзæртты кæртытæ æмæ сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй.

– Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты рæвдауæндæттæй сæ иуы хæлд цыдысты санитарон нормæтæ, уыдис дзы æндæр фæткхалæн цаутæ дæр. Куыд у уавæр?

– Уыцы рæвдауæндоны хъомылгæнинæгты хæрды тыххæй фæткхалæн цаутæ æмæ санитарон нормæтæ хæлд кæй цыдысты, уый тыххæй-иу мæм арæх  æрбадзырдтой телефоны. Фæлæ фæстаг рæстæджы уыцы проблемæтæ аиуварс æрцыдысты.

– Иуæй-иу бирæуæладзыгон хæдзæртты бахизæнтæ цалцæг æрцыдысты æмæ зæрдæйæн хæссынц  æхцондзинад. Дарддæр цалцæг цæудзысты иннæ  хæдзæртты бахизæнтæ дæр?

– Уый стыр проблемæ у. Уыдон бирæ рæстæджы дæргъы цалцæг никуы цыдысты æмæ æрхаудтой тынг æдзæллаг уавæрмæ. Фæлæ ныр уавæр йæ бынатæй феггуырст æмæ уал ацы аз цалцæг æрцыдысты фараст бирæуæладзыгон хæдзæртты бахизæнтæ. Фидæн азмæ дæр нын планмæ хаст сты 6 хæдзары. Дарддæр иннæ хæдзæртты бахизæнты дæр, нæ фадæттæ куыд уой, афтæ араздзыстæм. Махæн дæр бирæ хуыздæр уаиккой нæ фадæттæ адæм цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадмæ сæ фиддонтæ рæстæгыл куы фидиккой, уæд. Абоны бон цæрджыты коммуналон фиддонты бæрц схызтис 17 милуан соммæ. Куы сæ фидиккой, уæд бæргæ бантысит фылдæр саразын. Ныр та архайæм нæ фадæттæ куыд сты, афтæ. Фыццаг рады уал цалцæг æрцыдысты, хæсты рæстæджы чи ныппырх æмæ басыгъдысты, уыцы хæдзæртты бахизæнтæ.

– Нæ горæт бирæ фæаивдæр, цы сквертæ дзы арæзт æрцыдысты уыдонæй. Ахæм сквертæ ма дарддæр  арæзт цæудзысты?

– Ныртæккæ дыууæ скверы хæрзарæзт цæуынц Путины уынгыл – раздæры универмагы бынаты, иннæ та турбазæйы территорийыл. Куыддæр уыдон арæзт фæуой, афтæ æрывналдзыстæм Советон уынджы сквер аразынмæ. Ныридæгæн æлхæд сты сывæллæтты хъазæн фæзуатæн ифтонггæрзтæ æмæ тренажертæ.

– Нæ горæты дзæгъæл куыйтæ æгæр сарæх сты æмæ тас æвзарын кæнынц цæрджытæн. Цахæм мадзæлттæ ист цæуы, куыйтæй сæ бахъахъхъæныны тыххæй?

– Æцæгæйдæр, уыдис уынджы адæймагыл фæхæцыны цаутæ. Адæмæн тас кæй æвзарын кæнынц, уый тыххæй фарстыл уынаффæ цыдис Хицауады æмвæзадыл, цæмæй бакуыстæуа эффективон методикæ дзæгъæл куыйты проблемæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл. Æркастæуыдзæн ахæм фадæттæм, куыд сæ стерилизаци кæнын, кæнæ та сæрмагонд куыдздон саразын.

– Горæт рæсугъддæр, хæрзарæзтдæр кæны. Цы мадзæлттæ ист цæуы горæтмæ æрбахизæн сфæлындзыны фæдыл та?

– Горæты администрацийы цы къамис арæзт æрцыд, уый расидт проектты конкурс горæтмæ бахизæны сфæлындзыны фæдыл, фæлæ иу  хъуыдымæ не ‘рцыдысты. Æмæ хицауады æмвæзадыл уынаффæ райстæуыд, цæмæй конкурсы хайад райсой уæрæсейаг фарсæрдыгæй дæр, сæрмагондæй Цæгат Ирыстон.

– Цахæм уавæры ис горæтæн цæгаты ‘рдыгæй зæххы фадгуытæ дæттыны хъуыддаг?

– Банысангонд территорийыл зæххы фадгуытæ дæттын урæд æрцыдис азы кæронмæ. Уымæй дарддæр ма куыст цæуы, раздæр лæвæрд кæмæн æрцыдысты æмæ дзы бадзырдмæ гæсгæ æртæ азы æмгъуыдмæ арæзтад чи нæ райдыдта, уыдонæн сæ байсыны фæдыл. Ацы фарстыты фæдыл кусы прокуратурæ.

– Бирæ дзырд цыдис брæтты полигон саразыны фæдыл. Куыд ас-къуыддзаг ацы фарст æмæ йыл цы куыст цæуы?

– Брæтты полигон арæзт цæуы Цхинвалæн скæсæны ‘рдыгæй Инвестицион программæйы фæлгæтты. Уый ифтонг уыдзæн нырыккон фæрæзтæй, цæмæй брæттæ утилизаци цæуой.

– Æрвылаз дæр нæ горæты хæрзарæзт æрцæуынц бирæ уынгтæ. Радон 2020 азы та цахæм куыст цæудзæн уый фæдыл?

– 2020 азæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты горæты арæзт æрцæудзысты 8 уынджы. Мæскуыйаг микрорайоныл дзырд куы цæуа, уæд уым та нæхи тыхтæй фæнд кæнæм, скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ кæм сты, уыцы сæйраг уынгты сцалцæг кæнын.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.