18 декабры пресс-конференцийæ

Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы сæйраг проблемæтæй сæ иу у кадрон политикæйы æнæэффективондзинад, – загъта республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Джыгкайты Томас Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы.

«Мах хъæуы иттæг арæхстджын кадрон политикæ аразын. Мах медицинон ахуыргæнæн уагдæттæм арвитæм фæсивæды æмæ фæстæмæ куы æрыздæхынц, уæд баззайынц æгуыстæй. Ахæм уавæр хъуамæ мауал уа æмæ нæ уымæн хъæуы контракттæ аразын, кæцытæм гæсгæ, мах, куыд паддзахад, афтæ фæсивæдæн уавæртæ араздзыстæм æнæаргъæй ахуырæн, ординатурæ рацæуынæн, аспирантурæйы сахуыр кæнынæн. Уыдон та хæсджын уыдзысты, фæстæмæ республикæмæ æрыздæхын æмæ бæрæг рæстæг ам бакусын. Афтæмæй, уыдонæн сæ бон суыдзæн сæ райгуырæн бæстæйæн сæ хæсы чысыл хай бафидын», – банысан кодта министр.

Джыгкайы фырт загъта, зæгъгæ, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы проблемæттæ аскъуыддзаг кæнынæн хъæуы комплексон фæрæзтæй пайда кæнын.

«Медицинæ у дæргъвæтин хъуыддаг, æмæ уый цалынмæ иууылдæр бамбарой, уæдмæ зынгæ æнтыстытæ къухы нæ бафтдзысты. Цыфæнды популярон архайд, хуымæтæг уа, кæнæ дæргъвæтин къухæмдзæгъд чи расайы, ахæм, гæнæн ис æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ бынтон æндæрхуызонæй æмбарын райдайой. Медицинæйы алцыдæр хъуамæ уа биноныгæй ахъуыдыгонд», – загъта уый.

Хуссар Ирыстоны медицион лæггæдты гъæд у æмбæлон æмвæзадыл.

«Æз бæрнонæй хъусын кæнын нæ дохтыртæн кæй ис тынг хорз æмвæзад. Иннæрдыгæй та, мах хъæуы хъуыдыкæнынады системæ фæивын, афтæ ма куыстмызд фидыны формæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах куысты æнæмæнгхъæуæг у специалон аппаратурæ», – загъта министр.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады къухдариуæгад æппæт тыхтæ дæр спайда кæндзæн æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы проблемон фарстатæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

«Æнæмæнгхъæуæг у æндæр бæстæты æвæрццаг фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын æмæ дзы уый фæстæ æнтыстджынæй нæхимæ пайда кæнын. 2024 азы Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнын министрад йæ къух æрфысдзæн къорд ахсджиаг сразыдзинæдтыл. Сæ нысаниуæг у æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы кадрон потенциалы рæзт», – банысан кодта Джыгкайты Томас.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидæны бадзырдты фæдыл баныхас кодта Мæскуымæ йæ кусæгон балцы рæстæджы. Уым ын уыдис ахсджиаг фембæлдтытæ.

«Сразыдзинæдтæ арæзт æрцæудзысты æдзухон профессионалон ахуырады Уæрæсейы медицинон академи æмæ Федералон зонадон-клиникон центримæ. Нæ медикты квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæй дарддæр ма ацы центрмæ æрвыст цæудзысты уæззау рынчынты дарддæры  госпитализацийы нысанимæ», – бамбарын кодта министр.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Мæскуымæ йæ балц рауад хъомысджын æмæ фæстиуæгджын.

«Æз райгонд дæн ацы балцæй, куыд хъуыды кодтон, уымæй мын фылдæр саразын бантыст. Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад хорз ахаст дары Хуссар Ирыстонмæ», – банысан кодта уый.

Министр стыр аргъ скодта «Национальное зрдавоохранение – 2023»-йы æхсæнадæмон хайадистимæ Национ конгрессы цæттæдзинады æмвæзадæн, цыран ын уыд Уæрæсейы регионты æмæ æндæр бæстæты коллегæтимæ цалдæр ахсджиаг фембæлды.

ЦЫБЫРТЫ Анжелæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.