Информацион агентад «Sputnik-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры уагъд æрцыдис пресс-конференци видеохиды форматы Мæскуы-Минск-Ереван-Цхинвал-Сухум, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы сæрдары хæдивæг Борис Чернышовимæ. Пресс-конференцийы темæ уыдис: «Уæрæсейы Федерацийы гуманитарон политикæ фæсарæнты».

Æрæджы Уæрæсейы президент Владимир Путин йæ къух æрфыста барамындыл «Фæсарæнты Уæрæсейы Федерацийы гуманитарон политикæйы концепци» сфидар кæныны тыххæй. Документы дзырдæуы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтимæ, Абхаз, Хуссар Ирыстон, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтимæ æмгуыстад рауæрæхдæр кæныны тыххæй, куыд фæсарæнты Уæрæсейы гуманитарон политикæ, афтæ.

Барис Чернышев радзырдта Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн цахæм æмархайды къабæзтæ райсдзысты ног импульс, фæсарæнты Уæрæсейы гуманитарон политикæйы концепцийы фæрцы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, иууыл фыццаг уыдон сты ахæм здæхтытæ, куыд ахуырад, культурæ, фæсивæдон политикæ æмæ туризм.

«Æз Хуссар Ирыстонмæ уазæгуаты куы æрцыдтæн, уæд мæ дисы баппæрста йæ алæмæты æрдз. Æцæг, уый уыд цалдæр азы размæ. Фæлæ ахæм диссаджы æрдзмæ кæсгæйæ адæймаг йæхи аргъæутты дунейы фæхаты», – загъта уый.

Чернышов банысан кодта, зæгъгæ, æнæхæларадон бæстæты нæ фæнды, цæмæй сæм цæуой уæрæсейаг туристтæ, фæ-лæ уымæй сæхæдæг фылдæр фесафдзысты.

«Мах хъуамæ цæуæм нæ регионтæм, рæзын кæнæм мидæггагон туризм. Уæрæсейы фæсивæды æнахуыр программæ «Больше чем путешествие»-мæ бахæссын хъæуы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы дæр. Сымахмæ æрмæст хуымæтæджы туризм нæй, ома «бакæс назбæласмæ кæнæ цæугæдонмæ», сымахмæ цыдысты æнахуыр историон цаутæ. Цхинвалмæ æрцæугæйæ уыныс ногарæзт хæдзæрттæ, фæлæ ма уыныс ахæм бæстыхæйттæ дæр, кæцытыл зыны хæсты фæд. Æмæ нормалон адæймагæн уый у тынг ахсджиаг – фæлтæрты, историйы бастдзинад æнкъарын. Уый адæймагмæ тæлмæнтæ æвзарын кæны», – загъта уый.

Паддзахадон Думæйы сæрдары хæдивæг банысан кодта æмархайдæн ноджы иу здæхт – спорт. «Æрцæуыс Хуссар Ирыстонмæ æмæ уыныс, фæсивæд кæй архайынц спортæй. Раздæр уымæн æххæст аргъ нæ кодтам, фæлæ абон фæсивæды фæнды йæхи рæзын кæнын менталон æмæ монон æгъдауæй дæр. Уыдон сты волонтерты змæлды проекттæ. Уымæ гæсгæ ацы кластермæ æркæсын хъæуы. Спорты тыхон хуызты, хъæбысхæсты хъуамæ уа конкурентон тох. Уый уаит раст. Сымахмæ ис хорз спортивон скъола, æз æй мæхæдæг  федтон», – загъта вице-спикер.

Уый ма радзырдта, зæгъгæ Уæрæсейы къорд университеты, уадзынц стыр, æнæаргъ программæ ХПÆ-йы бæстæты фæсивæдæн, цæмæй уыдонæн сæ бон уа уæлæмхас ахуырад исын администрацигæнæн, культурон фæлтæрддзинад амоныны къабæзты.

«Уымæ гæсгæ мах алкæй дæр хонæм. Уый тынг ахсджиаг у. Æрæджы мах уыдыстæм Хъыргъызтаны егъау форумы æмæ не ‘хсæн цыд хуымæтæджы ныхас: мах хъуамæ кæрæдзийæн нæ фæлтæрддзинад амонæм. Ис РАНХиГС-ы диссаджы проекттæ. Уым ахуыр кæнынц æххæстгæнæг хицауиуæгады алыгъуызон органты чиновникты. Ахæм программæтæ хъуамæ кæной фылдæр», – банысан кодта Чернышов.

Паддзахадон Думæйы вице-спикеры ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны фæсивæд, куыд гæнæн ис, афтæ арæхдæр хайад иса «Россия – страна возможностей»-йы платформæйы, æмæ Уæрæсейы ахуырад æмæ зонады программæтæ «Россия»-йы. Уый бафиппайдта, зæгъгæ, Ирыстон æмæ Абхаз дард не сты Уæрæсейы курдиатджын сывæллæттæн æххуысы ахуырадон центр «Сириус»-æй (Краснодары край).

Чернышовмæ журналисттæ фарст куы радтой, зæгъгæ, цахæм æххуыс уыдзæн хуссарирыстойнаг ахуыргæндтæ æмæ иртасджытæн 20-æм азы хуссайраг ирæтты геноциды истори ахуыр кæныны, исты æххуыс сын уыдзæн архивон бæрæггæнæнтæ райсыны тыххæй, уæд радта дзуапп: «Документтæн серьезон бындур нæ уыдзæн, куы уа, уæд ахуыргæнæн чингуыты равæрд истори, автоматон æгъдауæй, критикæ цæудзæн. Уымæн æруадзæн нæй. Историон рæстдзинадимæ баст кæцыфæнды рауагъд дæр хъуамæ ирдæй фидар уа æнæмæнгхъæуæг бæрæггæнæнтæй. Уымæ гæсгæ уын ме ‘ххуысæй ныфс æвæрын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ архивты куысты формат у иууыл ахсджиаг æмæ сæйрагдæр формат ахуыргæндтæн баххуыс кæнынæн».

 

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.