Цæрæн хæдзæрттæ æмæ уынгтæ аразын фаг нæу. Хъæуы ма фæсивæд сæ улæфт кæм æрвитой, ахæм бынæттæ аразын дæр. Уымæ гæсгæ 26-æм сентябры Дзауы иууыл фылдæр адæм кæм змæлы, уым поселочы центры арæзт æрцыд сквер.
Йæ байгом кæныны церемонимæ фæхуыдтой РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы, Дзауы районы раздæры сæргълæууæг Чилæхсаты Владимиры, Парламенты депутат Джиоты Инал æмæ æндæр официалон адæймæгты.

Ирон æгъдаумæ гæсгæ дзауæгтæ уазджытыл сæмбæлдысты æртæ кæрдзын æмæ бæгæныйы куыссимæ, æмæ бахатыдысты президентмæ, цæмæй сын раарфæ кæна. «Хуыцау уын ноджыдæр радтæд æнтыстытæ, уæ цард рæсугъдæй-рæсугъддæр куыд кæна. Мæнæн тынг æхсызгон у ногдзинæдтæ нæм кæй цæуы. Никуыдæм фæнд кæнæм ацæуын ардыгæй, ам сты не ‘ввахс адæм æмæ нæ фыдæлты уæлмæрдтæ. Уымæ гæсгæ саразæм æппæт дæр, цæмæй нæ цард фæхуыздæр кæнæм», – дзырдта Гаглойты Алан.

Зæрдæбын арфæ ракодтой фысымтæн Æлборты Алан æмæ Чилæхсаты Владимир дæр.

Уый фæстæ уазджытæн бузныг загъта районы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ «Бузныг, кæй нæм саккаг кодтат. Мах рагæй бæллыдыстæм ахæм скверы сырæзтмæ. Нæ республикæмæ цы уазджытæ цæуы, уыдонæн сæ фæндаг у Дзауы районыл. Ам раздæр уыд машинæтæ лæууæн бынат. Æмæ сфæнд кодтам, цæмæй суа рæсугъд улæфæн бынат. Райзæрдæйæ дзы сæ рæстæг цæмæй æрвитой фæсивæд. Чысыл сабитæн дæр цæмæй уа, æдасæй кæм тезгъо кæной, ахæм бынат. Сарæзтам æй нæхи фæрæзтæй. Июлы мæйы райдыдтам, куыстытæ чысыл фæкъуылымпы стæм мæнæ дзы цы чысыл фонтантæ бафтыдтам, уый аххосæй. Фонтантæ æрластам Санкт-Петербургæй. Сыгъдæг арвы бын исты бæрæгбонон мадзæлттæ аразын-иу нæ куы фæндыд, уæд-иу тыхстыстæм, нæ нæм уыд ахæм бынат. Ныр ам уагъд цæудзысты ахæм мадзæлттæ дæр. Дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй ахæм сквертæ фылдæр фæзына нæ районы. Бузныг зæгъын республикæйы разамынадæн, ахæм фарстатæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы нæ фарсмæ кæй æрбалæууы», – дзырдта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг.

Уый фæстæ районы Культурæйы хæдзар уазджыты сбуц кодта музыкалон номыртæй. Националон хæринæгты фынг уыдис ам – дзыкка, нартхоры кæрдзын, физонæг, пецы дзул. Сæ ацаходынмæ фысымтæ хуыдтой уазджыты .

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.