РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид кусæгон балцы уыд Дзауы районы æмæ фембæлд бынæттон цæрджытимæ.

Фембæлды ма хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат, Культурæйы министр Остъаты Мадинæ, Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Дзауы районон центрмæ æрæмбырд бирæ адæм, кæцытæ æрцыдысты, цæмæй аныхас кæной паддзахады сæргълæууæгимæ æмæ йæм радтой цымыдисгæнæг фарстатæ.

Æрæмбырдуæвджыты раз ныхас кæнгæйæ, Тыбылты Леонид, фыццаджыдæр, фембæлдмæ æрбацæуæг сылгоймæгтæн раарфæ кодта Сылгоймæгты дунеон боны цытæн. Хуссарирыстойнаг цæрджыты рæсугъддæр æмбисмæ æрхауд бирæ зындзинæдтæ, фæлæ Президент куыд банысан кодта, афтæмæй бавзаргæ зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, абон республикæ рæзы Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы.

«Абон мæн фæнды уемæ аныхас кæнын, фæстаг фондз азы нын цы бантыст саразын, уыдæтты тыххæй. Æппæт уыцы рæстæджы мах фидардæр кодтам Уæрæсеимæ бастдзинæдтæ. 18 марты дыууæ азы æххæст кæны Уæрæсейы Федерациимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдыл къухтæ æрфыссыныл, кæцыйы фæлгæтты мах бакодтам стыр куыст æмæ практикон æгъдауæй хауынц республикæйы цардархайды æппæт къабæзтæм дæр», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ дæр дарддæр куыст цæуы æмцæдисадон бадзырд реализаци кæныны фæдыл. Сæрмагондæй, æввахс рæстæджы дыууæ фарсы хъуамæ сæ къухтæ æрфыссой уæлæмхас сразыдзинадыл Хъахъхъæнынады министрады хаххыл.

Бадзырды фæлгæтты махæн нæ къухты бафтыд кæрæдзи бамбарын хъахъхъæнынады фæдыл, баззадис ма нын æрмæстдæр уæлæмхас сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Æмæ ацы сразыдзинадыл та къухтæ æрфыссын план кæнæм Мæскуыйы, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 14 марты, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ фембæлды фæстæ. Уый у ахсджиаг къахдзæф нæ республикæйы хъахъхъæнынад фидардæр кæныны, æмæ нæ разы цы хæстæ æрæвæрдтам, уыдон сæххæст кæныны хъуыддаджы», – загъта уый.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз бадзырды фæлгæтты 16 процен-ты фæфылдæр куыстмызд бюджетон къабазы кусджытæн, афтæ ма æххæст æрцыдысты иурæстæгон бафыстытæ, пенситæ æмæ сывæллæттæн æх-хуыстæ.

«Абон мах Уæрæсейы Федерациимæ стæм æмцæдисады. Æмæ нæ куыст хъуамæ здæхт уа дарддæры интеграцимæ. Нæ æддагон политикæйы ацы здæхт дарддæр æххæст кæндзыстæм. Ацы позици ма афтæ бафидар æрцыд Æмцæ-дисады тыххæй бадзырды, кæцы, гæнæн ис æмæ зæгъæм, реализаци кæй æрцыд практикон æгъдауæй. Уый у ахсджиаг политикон къахдзæф», – загъта уый.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, аивгъуыйгæ фондз азы йæ хуыз тынг фæивта Дзауы райцентр, афтæ ма цалцæг æрцыдысты фæндæгтæ бæр-зонд хæххон хъæутæм, æмæ уый тых-хæй бузныджы ныхæстæ загъта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимирæн.

Уымæй дарддæр ма Президент фехъусын кодта, абоны бонмæ уæрæсейаг колле-гæтимæ иумæ куыст кæй цæуы 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг ног Инвестицион программæйыл, кæцыйы паддзахады сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ нысан æрцæудзысты Дзауы поселочы æрыгон би-нонтæн цæрæнуаты æмæ æнæнизгæнæн æмæ лыжæтыл бырæн курортты арæзтады фарстытæ.

«Махæн нæ фæсивæд арæх улæфынмæ цæуынц лыжæтыл бырæн курорт Цъæймæ. Фæлæ мæ фæнды банысан кæнын, махæн нæ æрдзон уавæртæ фадат кæй дæттынц æнгæс курорттæ саразынæн. Ацы фарст домы серьезон хæрдзтæ, фæлæ мæн уырны, махæн нæ бон кæй уыдзæн бадзурын уæрæсейаг коллегæтимæ Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадты рæстæджы. Ахæм курорттæ сты зынаргъ, фæлæ уыдон сæ хæрдзты бамбæрзынц æмæ сты æфтиагджын. Уый уаид иттæг хорз лæвар нæ республикæйы æппæт цæрджытæн», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, 2019 азмæ стыр куыст бачындæуыдзæн Хуссар Ирыстоны районты, уыцы нымæцы Дзауы районы газификацийы фæдыл дæр. Уый тыххæй къухты бафтыдысты æмбæлон бадзырдтæ акционерон æхсæнад «Газпром»-ы Правленийы Сæрдар Алексей Миллеримæ ивгъуыд азы марты Мæскуымæ Тыбылты Леониды официалон визиты рæстæджы.

Республикæйы цæрæн пунктты газификаци скæнын, Президенты ныхæстæм гæс-гæ, зынгæ фæбæрзонддæр кæндзæн хуссарирыстойнаг цæрджыты царды æмвæзад. Æмбæстæгты цард хуыздæр кæныны темæ дарддæр кæнгæйæ, Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз план цæуы бюджетон къабазы кусджытæн куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын, цæмæй 2018 азмæ æрбаввахс уой цæгаткавказаг республикæты куыстмыздты æмвæзадмæ.

Йæ раныхасы Президент дзырдта æрбалæугæ президентон æвзæрстыты тыххæй дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыдон хъуамæ ацæуой стабилон уавæры. Дыккаг æмгъуыдмæ йæ кандидатурæ кæй раразмæ кодта, уый тыххæй дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ,  фондз азы дæргъы бакæнгæ куыстмæ нæ кæсгæйæ, нырма бирæ хъæуы  саразын бæстæйы дарддæры рæзтæн.

Ахсджиаг цау ма суыдзæн республикæйы ном аивыны фæдыл референдум дæр, кæцыйы ауадзыны тыххæй Барамындыл Президент йæ къух æрфыста 2017 азы 6 февралы.

«Президентон æвзæрстытæ уадзæн боны ма мах уадздзыстæм референдум дæр республикæйы ном аивыны фæдыл. Цы цаутæ цæуы, уыдонмæ ахъуыдыгонд ахаст кæй æвдисæм, уый мах æркодта уымæ æмæ абон æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй нæхицæн раздахæм нæ историон ном – Паддзахад Алани. Æмæ абон æз дзурын: «Æгас цæуæт Алани!». Уымæй дарддæр ма президенты бы-натмæ алы кандидатæн дæр ис æвзæрстыты агъоммæ йæхи программæ. Нæ программæ ацæудзæн ахæм лозунгы бын «Размæ, Алани», – загъта Президент.

Дарддæр уый ныхас кодта районы цæрджытимæ æмæ дзуапп радта бирæнымæц фарстатæн. Бынæттон цæрджытæ бузныг загътой паддзахады сæргълæууæгæн районы бакæнгæ куысты тыххæй æмæ дзы цы позитивон ивындзинæдтæ цæуынц, уыдоны тыххæй дæр.

Дзауы поселочы цæрджытæй сæ иу бацымыдис кодта, районы арæзт æрцæудзæн Культурæйы хæдзар, афтæ ма Бузалайы хъæумæ доны сæрты цы хид ис, уый цалцæг æрцæудзæн æви нæ. Тыбылты Леонид банысан кодта, ацы фарстытæм кæй æркас-тæуыдзæн, цæмæй хаст æрцæуой 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг ног Инвестицион програм-мæмæ.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыдис Дзауы районы спортивон залы арæзтад, зæххы фадгуытæ рахицæн кæнын, æгуыстдзинады проблемæ  æмæ æндæр актуалон фарстытыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.