Хуссар Ирыстон банысан кодта йæ сæйраг паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу, Республикæйы бон. Ацы ахсджиаг историон боныл сæххæст 31 азы. Ацы аз дæр традицимæ гæсгæ паддзахадон нысаниуæгджын бон нысан æрцыд уæрæхæй.

Нæ Республикæйы сырæзты боны цытæн Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры бæстыхайы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой бæстæйы къухдариуæгад, ацы бæрæгбон расидыны хъуыддагмæ егъау хайбавæрд чи бахаста, уыцы фыццаг сæвзæрсты депутаттæ, нæ бæрæгбоны нæ фарсмæ чи æрбалæууыд, уыцы бæрзонд уазджытæ æфсымæрон республикæтæй – Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстонæй, Абхазæй, Сириаг Арабаг республикæйæ, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтæй.

Мадзалы райдианы цытджын уавæрты залмæ æрбахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса, азæлыдысты гимны зæлтæ.

Стыр фæндаг фыццаг къахдзæфæй райдайы

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ раныхасы æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта ацы бæрæгбоны æмæ бæс-тæйы историимæ. Банысан кодта, зæгъгæ, стыр фæндаг фыццаг къахдзæфæй райдайы. Уыцы фыццаг къахдзæф Хуссар Ирыстонæн уыд барстгонд, дардмæ кæй уыдтой ахæм æмæ хъысмæт скъуыддзаггæнæг. Уыцы къахдзæф æрмæст дуджы домæнмæ гæсгæ нæ  уыд, фæлæ дыууынæм æнусы дæргъы националон историйы фæлтæрддзинадмæ гæсгæ.

2008 азы хæсты рæстæджы Гуырдзыстон састы кæй баззад, уый тыххæй бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, нырма дæр сæ бæллиц у ногæй та нæ ныхмæ хæст расидын æмæ аразынц ног плæнттæ.  Уымæн æмæ сын нæ бантыст Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» саразын æмæ сын уый æнцой нæ дæтты. Фæивтой сæ тактикæ, ныххæцыдысты мæнгарддзинадыл æмæ æнæхъола пропагандæйыл.

Президент банысан кодта, Гуырдзыстоны ныфс кæй ис, æмæ дунеон æмæхсæнады хъуыды схæццæ кæна, сæ бæстæйы агрессийы амæттаджы хуызы равдиса æмæ Уæрæсейы, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фæазымджын кæна æппæт æнамонддзинæдты.

Гуырдзыстоны сабырадмæ æркондæуыд æмæ уæдæй нырмæ йæ партнерты хъусдардæй, йæ донортæй æмбырд кæны егъау финансон æмæ æфсæддон æххуыс. Дунеон фæзуæттыл та гуырдзиаг минæвæрттæ хъусын кæнынц, ома Уæрæсе соккупаци кодта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территоритæ, кæцытæ сты Гуырдзыстоны зæххытæ.

«Уыцы бæрзонд трибунæтæй гуырдзиаг спонсортæ æмæ сæ æмцæдисонтæ сидынц Уæрæсемæ, цæмæй аивой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинад æмæ уыцы территоритæй ракæной се ‘фсад. Ферох сæ ис, гуырдзиаг æфсад кæй куынæг кодтой сабырцæрæг ирон цæрджыты, кæй сæ æхстой танктæй, реактивон системæтæй уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты», – дзырдта Президент.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Евроцæдисы хæдбар къамисы хатдзæгтæ, кæцы 2008 азы августы цаутæ алыварсонæй сахуыр кæныны фæстæ бафидар кодта, Гуырдзыстон æцæгдæр кæй уыд агрессор.

Иумиагæй сисгæйæ, дунейы Хуссар Ирыстоны тыххæй фылдæр адæм зонынц æмæ сты нæ республикæйы фарс æмæ, зæгъгæ, мах нæ раст фæндагæй нæ фæиппæрд уыдзыстæм. 2008 азы августы цы ног реалондзинад сæвзæрд, уымæн ницахæм декларацитæ æмæ резолюцитæй ис фæивæн.

«Уыцы-иу рæстæджы нæ бæстæйы æм-бæстæгтæ зонынц æмæ сæ ныфс æвæрынц  æрмæстдæр æфсымæрон Уæрæсейыл. Уымæн æмæ æппæт уавæрты дæр æрмæстдæр Уæрæсе бахъахъхъæдта дунеон барады принциптæ, адæймагадон мораль æмæ йæхимæ райсгæ сабырады гарантыл  иузæрдиондзинад. Уæрæсе æрурæдта агрессоры æмæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ æрхаста сабырад. Нæ адæммæ ахасты Уæрæсеимæ баст у историон рæстдзинады æндидзынад», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ рæстæджы паддзахаддзинад саразын уыд Хуссар Ирыстоны æмæ йæ адæмы физикон æгъдауæй скуынæг кæнын æмæ бахъахъхъæныны иунæг фæрæз. Уыцы уынаффæ уыд националон æфхæрддзинад æмæ дискриминацийæн, культурон геноцид, ирон адæмы сæ мадæлон æвзагæй фæиппæрд кæнынмæ тырнындзинадæн, ирæтты этникон æгъдауæй ссыгъдæг кæнын æмæ гуырдзиаг националон лидертæ цæмæ сидтысты – ирон цæрджыты гуырынад фæкъаддæр кæнынæн –  дзуапп.

 

Националон хæдуагæвæрд дзуапп лæвæрдта, Хуссар Ирыстоны адæм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæн æмæ сæ тырнындзинæдтæн. Æвдыста сæрибардзинад, уыд æппæтадæмон иудзинады символ æмæ уæ-лахизы нысан.

Дарддæр бæстæйы сæргълæууæг йæ раныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстон дæргъвæтин рæстæджы бæстæйы сæрибардзинады сæрыл тохы кæй æнкъардта йæ цагатирыстойнаг æфсымæрты, Цæгат Кавказы, Абхазы, Приднестровьейы адæмты æххуыс. Нæ иууыл уæззаудæр бонты нæ фарсмæ уыд Уæрæсейы Федераци, уыимæ нæ бæтты нæ иумиаг историон хъысмæт. Ирыстон уый хай уыд дæргъвæтин æнусты дæргъы æмæ мах иумæ уыдзыстæм кæдфæндыдæр.

Бибылты Анатоли бузныг загъта Ирыстоны хæстонтæн, сæрибардзинадыл тохгæнæг ветерантæн сæ хъæбатырдзинады тыххæй, Фыдыбæстæмæ уарзондзинады тыххæй, кæй æууæндыдысты сæ бæстæйы сомбоныл æмæ сæ удтыл æнæауæрдгæйæ, сгуыхтдзинæдтæ æвдисгæйæ, кæй тырныдтой уæлахизмæ. Уыцы сгуыхтдзинæдтæ, зæгъгæ, разæнгардгæнæн уыдзысты нæ фи-дæны фæлтæртæн.

Бибылты Анатоли бахатыд цытджын мадзалы хайадисджытæм, сæрибардзинадмæ тохы фæндæгтыл чи фæхъуыд æмæ абон не ‘хсæн чи нал ис, уыдоны рухс нæмттæ æмырæй алæугæйæ ссарынмæ.

Ныртæккæ, зæгъгæ, мах дарддæр кæнæм 1990 азы 20 сентябры бындур цы историон фæндагæн æвæрд æрцыд, уый, бæстæйы размæцыды уавæртæ Уæрæсеимæ æнгом æмархайдæй хъахъхъæнгæйæ. Хъахъхъæндзыстæм æмæ рæзын кæндзыстæм расидтæрцæуæг, арæзт æмæ хисæрмагонд адæм цы Республикæ сфидар кодтой, уый, кусдзыстæм æмæ архайдзыстæм йæ размæцыд æмæ йæ хорз фидæны сæрвæлтау. Уымæн нын ис бæрзонд нысæнттæ, сæ биноныг кæнынæн та нын ис фаг энерги æмæ фæндондзинад.

Бæстæйы сæргълæууæг ма æрдзырдта, ныртæккæ республикæ куыд æндидзы æмæ рæзы алы фадыджы – социалон, экономикон, культурон æмæ æндæр ахсджиаг здæхтыты.

Бæрæгбоны цытæн Бибылты Анатоли, бæстæты æхсæн хæларадон ахастытæ рæзын кæнынмæ егъау хайбавæрд бахæссыны тыххæй Хæлардзинады Орденæй схорзæхджын кодта нæ буц уазджыты – Республикæ Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Даур Ковейы, Сирийы Адæмон æмбырды вице-спикер Мухаммад Акрам Аль-Аджланийы, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты Адæмон советты сæргълæуджытæ Владимир Бидевка æмæ Денис Мирошниченкойы.

Бæрæгбонон арфæтæ

Бæрæгбоны цытæн Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины арфæйы фыстæг бæстæйы Президент æмæ адæмы номыл цытджын æмбырды бакаст Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Республикæйы бон нысан кæныны бæрæгбоны минæвары цæст нæ адæмæн бауарзта сабырад, хæлардзинад, æнтыстытæ æмæ размæдзыд. 31 азы размæ, зæгъгæ, адæмон æвзарджытæ райстой республикæйы суверенитеты фæдыл Деклараци, кæцы бындур æрæвæрдта Хуссар Ирыстоны фидæнæн æмæ фенын кодта дарддæры рæзты нысан, кæцы нысан уыд раст.

Цæгат Ирыстон-Аланийы ног снысангонд  сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй арфæйы ныхæстæ ракодта цæгатирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев.

«Республикæйы бындур фадат дæтты аразынæн, æндидзынæн, размæ цæуынæн æмæ сæйраг цы у, уый – аккаг фæсивæд хъомыл кæнынæн. Уыдон къухты ис нæ æнтыстджын æмæ дидинæфтаугæ фидæн.

Æз ноджыдæр стыр бузныг зæгъын уыцы адæмæн, кæцытæ лæууыдысты æмæ бахъахъхъæдтой абоны сабырдзинад, уыимæ иумæ нæ хистæр фæлтæрæн, кæцытæ схъомыл кодтой ахæм кæстæрты» – банысан кодта уый.

Сергей Мачнев ноджыдæр ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстон дарддæр дæр кæй рæздзæн æмæ размæ кæй цæудзæн, йæ истори хъуыдыгæнгæйæ.

Уæрæсейы Федерацийы Сирийы минæвар Риад Хаддад дæр æхсызгонæй банысан кодта, Республикæйы бæрæгбон нысан кæныны мадзæлтты хайад кæй исы. Ацы бæрæгбон, зæгъгæ, у хуссарирыстойнаг адæмы хъæбатыр тохы сæйраг нысан. Хуссар Ирыстоны бирæ хъæбатыртæ сæ цард рауæлдай кодтой, цæмæй сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад уæ къухты бафтыдаид. Уымæ гæсгæ нæ адæмтæн бирæ ис иумиагæй.

Йæ бæрзонд хорзæхы тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы сæрдар Владимир Бидевка. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы республикæты хъысмæт уый дæр бирæбæрцæй банымадта æмхуызоныл. Мах, зæгъгæ, æмбарæм æндидзынад æмæ хæдбардзинады сæрыл тох кæй у республикæйы алы адæймаджы сгуыхтдзинад дæр.

«Уый тыххæй уын стыр бузныг, уымæн æмæ сымах стыр сгуыхтдзинад сарæзтат. Бузныг Уæрæсейæн дæр, дунейы фидауынгæнæг, гуманитарон позици кæй ахсы æмæ абон уый руаджы ахæм рæсугъд бæрæгбон кæй нысан кæнæм», – банысан кодта уый.

Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы сæрдар Денис Мирошниченко дæр нæ бæрæгбон банымадта бæрнон æмæ сæрмагонд боныл. Хуссар Ирыстон цы фæндаг равзæрста, уый уыд иунæг раст фæндаг. Æнамонддзинады рабæрæг вæййы, хæлар ахаст дæм чи дары, уый. Уымæ гæсгæ Луганскы бæстæйы къухдариуæгад æмæ адæмы номæй бузныг загъта, йæ рæстæджы Хуссар Ирыстон цы позици равдыста, уый тыххæй – фыццаг банымадта Луганскы бæстæйы хæдбардзинад. Æмæ уымæй фадат радта бæстæйæн сæ идейæтæ æмæ уæвæг потенциал реализаци кæнынæн.

«Æз бæрнонæй арфæ кæнын ирон адæ-мæн бæрзонд трибунæйæ, æхсызгон мын у, ам нын хорз хæлæрттæ кæй ис», – банысан кодта уый.

Ныфс бавæрдта, нæ æфсымæрон тæгтæ азæй азмæ фидарæй фидардæр кæй кæн-дзысты. Нæ республикæты æхсæн цы куыст цæуы, уый рæздзæн алы фадгуыты. Бузныг загъта Бибылты Анатолийы номыл, фидар, тыхджын æмæ йын фæндвидар позици кæй ис Луганскы бæстæмæ ахасты, уый тыххæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Абхаз, Сири, Донецк æмæ Луганскы делегациты сæргълæуджытæ сæ раныхæсты хæдразмæ кæй бафарстой сæ бæстæты сæргълæуджыты номыл бæрæгбонон арфæйы фыстæджытæ Бибылты Анатолийы номыл. Бæрæгбонон цытджын æмбырд адарддæр концертон программæйæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.