Цхинвалы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад ацы аз районы донифтонгад æмæ фæндаджы арæзтады фадыджы цы куыстытæ бакодта, уый тыххæй радзырдта районы сæргълæууæг Бæззаты Инал.

«Техникæйæ хæрзифтонг кæй не стæм, уый аххосæй нæм вæййы къуылымпытæ, зæгъæм, донæй. Кæронмæ æмæ бæстонæй арæзт кæй нæ цæуынц донифтонгæдтæ, уымæ гæсгæ сæ рæстæгæй-рæстæгмæ бахъæуы цалцæг кæнын. Науæд та агурын бахъæуы ног суадæттæ. Ныртæккæ дæр æнгæс куыстытæ кæнæм Прис, Ортъеу æмæ Джеры. Ноябры мæймæ сæ фæуыдзыстæм. Кусынæн нæ цы æрмæджытæ хъæуы, уыдон самал кæндзыстæм ацы бонты. Фыццаг уал кусдзыстæм Джеры хъæуы. Присы хъæумæ хъуыд иу километры бæрц доны хахх ауадзын, уымæн æмæ хъæуы дæллаг сыхы доны хæтæлтæ зæронд уыдысты. Ныр уым сарæзтæм  ног доны хæтæл. Хъæуы ма йæ æрмæстдæр сæйраг хæтæлмæ баиу кæнын æмæ уæд дæллаг сыхы цæрджытæ нал тыхсдзысты», – зæгъы районы сæргълæууæг.

Уый ма дзуры, зæгъгæ, цалынмæ хъарм бонтæ хæссы, уæдмæ районы коммуналон кусджытæ  хъавынц Ортъеуы хъæуы донифтонггæнæн куыстытæ бакæнын дæр.

Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ ацы сæрд сæ хъус дардтой хъæуты фæндæгтæ æмæ хидты уавæрмæ. Аварион хидтæ сцалцæг кодтой æмæ зымæджы бонты проблемон  хъуамæ мауал уой. Уанат-Ортъеуы, Уанат-Сацхенет, Хъларс-Хъуыриа æмæ Джеры дзуармæ цы фæндæгтæ цæуы, уыдон уæлдай хæлд уыдысты. Коммуналон кусджытæ фæндæгты дзыхъхъытæ байдзаг кодтой хуырæй æмæ сæ цы гæнæн уыд, уымæй сфидар кодтой. Уымæ гæсгæ Джеры дзуармæ цæуæг адæм сæрибарæй цыдысты сæхи фæдзæхсынмæ ныллæг машинæтыл дæр.

Хъæууон цæрджытæн фæндаг арæзтад æмæ дон уадзынæй дарддæр вæййы æндæр проблемæтæ дæр. Зæгъæм, хъæуты администрациты агъуыстытæ, клубтæ æмæ скъолатæ вæййынц цалцæгкæнинаг. Медпункты мидæггагон уавæртæм сæ хъус районы æнæниздзинады хайадтæ дарынц, фæлæ агъуыст æмæ йæ алфамблай цы уавæр ис, уымæн та дзуаппдæттæг район у. Ацы куыстытæ дæр бакодтой районы цæрæнуатон-коммуналон фадыджы кусджытæ.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.