Алы нæлгоймагæн дæр ис йæхи дидинджыты баст. Уыдон алæмæттаг æрдзы химæлвас хъæбысы æрзайгæ мингъуыз дидинджытæй не сты. Уыдон, сылгоймагæн кæй балæвар кæнæм йæ зæрдæйы равг фæхуыздæр кæныны охыл, ахæм дидинджытæ дæр не сты. Уыдон сты… сылгоймæгтæ сæхæдæг. Нæлгоймагæн йæ алыварс чи сты æмæ йын йæ цард мидисджын, адджын, хуызджын чи кæнынц, уыцы сылгоймæгтæ. Уыдон сты мад, хо, цардæмбал, чызг-хъæбул, сылгоймаг хиуæттæ, æмкусджытæ,  зонгæтæ, зæрдæйæ салам кæмæн радтæм, уыцы сылгоймæгтæ. Æрмæст æрдзон дидинджытæй хъауджыдæр уыдон нæлгоймагæн баст вæййынц бæттæнæй нæ, фæлæ зæрдæйы тæгтæй æмæ дзы алчи йæхиæрдыгонау тæмæнтæ фæкалы – йæ зæрдæмæ дзы чи куыд æввахсдæр у, афтæ тынгдæр.

Дидинæг аудинаг у. Фæкæсинаг, хъахъхъæнинаг у. ахæм у нæлгоймагæн дæр сылгоймаг, кæд, хъыгагæн, алы хатт афтæ нæ рауайы, уæддæр. Уый нæлгоймагæн, стæй æрмæст нæлгоймагæн нæ, фæлæ фылдæр хатт дугæн дæр цæстмæ бадаринаг у. Дуг стæм хатт арæзта йæ къух сылгоймагæн, нæ дзы æййæфта фаг рæвдыд. Уый нæ, фæлæ ма цы фыдæвзарæнтæ, хъизæмæрттæ хаста йемæ, уыдонæн сæ фылдæр хай йæ лæмæгъ уæхсджытæ æмæ æнкъараг зæрдæйыл æнцадысты. Фæлæ абон æрмæст ивгъуыды мысинæгтæй цæрæн нæй. Уыдоны зæрдыл даргæйæ, кæсын хъæуы размæ, хъæуы сабыр, æдас, фæрныг царды гæнах амайын. Æмæ уый та, сæйраджыдæр, нæлгоймæгтæм хауы. Цæмæй дзы сæхи хорз хатой, нæлгоймагæй æдыхдæр чи сты, нæлгоймагæн æгæрон зынаргъ чи сты, уыцы сылгоймæгтæ – йæ дидинджыты баст.

Алы нæлгоймагæн дæр йæхи дидинджыты баст ис. Зæххыл цæрæг æппæт нæлгоймæгты зæрдæты тæгтæй дидинджыты бастытæ та сты иу æгæрон стыр баст – дунейы æппæт сылгоймæгтæ, адæймагады рæсугъддæр хай, йе ‘мбис. Сымахæй, сылгоймæгтæ, цæуы, ахуыссæн, нымæггæнæн кæмæн нæй, уыцы зæрдæйы хъарм, уæ аудгæ ныхас æмæ фæлмæн армыл рæз хæссы саби, уæ æнкъараг зæрдæ фæразон у царды зындзинæдтæн, сымах стут цард дарддæргæнæг, хæдзары къона хъармгæнæг. Уæ тых стыр у, кæд нæлгоймæгтæй æдыхдæр стут, уæддæр. Æмæ уæ æввахсдæр нæлгоймæгты раст зондыл æфтаут, цæмæй къаддæр рæдийой æмæ сæ аххосæй цы æнæ æрдзон фыдбылызтæ, уæззау фыдракæндтæ æрцæуы нæ царды, уыдонæй хызт уæм.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.