Новеллæ

Ирыстон – ды нæ удлæууæн, не ’фсарм, нæ мæт æмæ нæ катай. Ныййарæг мадау адджын дæ, фыдау нæ ныфс, нæ фарн, нæ сæрыстырдзинад. Дæ зæрдæйы нæ зæрдæты рис цæры, нæ зæрдæты дæ сагъæстæ нæ цæуынц.

Ирыстон – фыдыуæзæг, райгуырæн къæс – рифтагау æрцауындзæг дæ Кавказы хæхтыл, æппæт дунейæн зындгонд чи у, Нухы бæлæгъ донхъаймæты фæстæ кæуыл æрæнцад, рагон бердзенаг Скифты хæхтæ кæй хуыдтой, Зевс Прометейы – адæмæн зынгхæссæджы, Хуыцау Амраны – адæмæн амонд, рухс æмæ зæрдæйы хъармдæттæджы æфсæн рæхыстæй кæй къæдзæхтыл ныббастой, уыцы Кавказы митсæр хæхтыл. Рифтаджы цæстытæй иу – Цæгатварс, иннæ – Хуссары. Цæджджинагау сæ фыцы, размæ ивылы цард. Дзаг кæнынц адæмы фарн æмæ зæххы бæркæдтæй, адæмы зонд æмæ æрдзы лæвæрттæй.

Ирыстон иу зæрдæйы дыууæ дзæкъулау – дыууæ дихы. Æмбар, æмгуыстгæнæг дзæкъултау дзы æмцæлхъ кæнынц царды уылæнтæ. Зæрдæйы дзæкъултæн фæхицæнгæнæн куыд нæй, афтæ уыдонæн дæр – кæрæдзийæ атонæн. Уымæн æмæ иу туг, иу стæг сты. Сæ бæллицтæ æмæ сагъæстæ, сæ цинтæ æмæ хъыгтæ иу сты.

Сæ зарæг дæр æмæ хъарæг дæр иу æвзагыл кæнынц. Иу мадæл æмæ сын иу фыдæл ис.

Дыууæ Ирæн иу зæрдæ ис, иу æнкъарæнтæ дзы абухынц: цины дæр, масты дæр, фыдохы дæр. Иу æнтыстытæ, иу бæллицтæ сыл садзынц базыртæ, иу сагъæстæ æмæ мæт сæ хæры. Дыууæ Ирæн – иу истори, иу культурæ, иу хъысмæт æмæ иу фидæн, иу амонд. Ирон адæмы бирæ цæуылдæрты сахуыр кодта нæ историон, мингай азтæй нымайгæйæ, даргъ фæндаг, æмæ сыл мæрдырох макуы бафтауæм, царды цыды нын фæлтæрддзинадау бæзгæ уæнт.

Æвæджиау бирæ цыдæртæ бавзæрстой нæ фыдæлтæ: фыдтымыгътæ, гадзрахатдзинад, сæ хорз ракæндæн фыдæх дзуапп. Фæлæ уæддæр сæ сыхаг адæмтæн уыдысты фатфæдисон. Сæ зын сахаты кæй уæлхъус, кæй æнцой нæ балæууыдысты, кæмæн нæ баххуыс кодтой лæбурæг знагæн ныхкъуырд радтынæн! Сæхи дæр-иу ферох кодтой. Сæ дæлбазыр, сæ уазæг кодтой тыхст æмæ ссæст адæмы. Сæ зæхх, сæ къæс, сæ хойраг хæлæг никæмæн кодтой. Æртыкъахыг фынг алкæйдæр хынцта, зæрдæйы хорзæхæй алкæйдæр рæвдыдта. Нæ тырысайы мидис дæр ахæм у. Адæймагдзинадæй райгуырд. Йæ æртæ хуызы – урс, сырх æмæ бур – дæр урсæй хуымæтæджы нæ райдыдтой. Урс æвдисы сыгъдæг æмæ хæлар ахаст, сырх – тых, бур – фæрныгад.

Урс зæрдæйæн йæ хорздзинады нысан у, æмæ фыдæлтæ сæ тырысаимæ бæрзонд сæ зæрдæйы хорзæх, хæлардзинады æнкъарæн, фидыдад куы хастой, уæд сын сæ хæрзтæ чидæртæ фыдæхæй цæмæн фидынц? Кæд, мыййаг, æгæр зæрдæхæлар уæвын дæр хорз нæу, – фыдзонд, æдзæсгом адæм æй лæмæгъдзинадыл нымайынц. Хъæбæр æмæ хæрам зæрдæ та сын дунейы фарн нæ радта.

Туг тугæй æхсгæ нæу – ныффидар нæ зонды æмæ фыдгæнæгæн фыдгæндæй нæ дæттæм дзуапп. Уыцы миниуæг нæ удыхъæды ис абон дæр. Нæхи абоныл, нæхи фидæныл сагъæс нæм аив нæ кæсы. Афтæмæй та, иннæ адæмты ’хсæн цæргæйæ, нæ хъысмæт уымæй аразгæ у. Нæхи æрæмбарынæн та нын афон у. Цæмæй иу рæдыд дыууæ хатты ма кæнæм, хæлар æмæ знаг кæрæдзийæ хицæн кæнын зонæм.

Дыууæ Ирæн – иу зæрдæ, хæлар æмæ парахат зæрдæ. Æдзух æй иннæ адæмтæн нæ армы дарæм. Иннæ адæмты рис дзы нæхи рисау цæры, сæ амондыл цин кæнæм. Нæхи зын та нын чи айсы йæхимæ?

Ирыстон – нæ абоны, нæ райсомы сагъæс. Дунейы фарны раз зонгуытыл лæууын æмæ дзы курын: «Рæствæндагыл æй бафтау!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.