Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дидинджытæ сæвæрдта ирон литературæйы патриарх, академик Джусойты Нафийы цырты раз, кæцы æвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны Национ пантеоны. Дидинджытæ сæвæрыны церемони уагъд æрцыд зынгæ ахуыргонды гуырæн боны цытæн, кæцыйыл сæххæст 95 азы.

«Нафи у æппæт ирон адæмы сæрæстырдзинад», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

«Æнæдызæрдыггаг у ирон литературæмæ йæ  иттæг стыр хайбæвæрд. Мах хъуамæ аргъ кæнæм, кæй ныффыста, уыцы куыстытæн. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ, стыр ахуыр-гонды бирæфарсон зонындзинæдтæ æмæ уды миниуджыты ног æмæ ногæй гом кæндзысты фидæны фæлтæртæ æмæ тырндзысты йæ куыстыты руаджы зонадыл цайдагъ кæнынмæ», – загъта Бибылты Антоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.