Рабадт гом кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, коронавирусæй фæрынчыны цау официалонæй срегистраци кæныны тыххæй Гуырдзыстонæй цы информаци хъуысы, уый фæдыл РХИ-йы Æдасдзинады советы хъæуы æруынаффæ кæнын.

«Вирус æнæхъæн дунейыл парахат кæны, ныридæгæн бахæццæ сыхаг Гуырдзыстоны онг дæр. Уый серьезон тас у Хуссар Ирыстонæн æмæ реакци хъуамæ уа оперативон, уыцыиу рæстæджы – ахъуыдыгонд æмæ  раст. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн хæс кæнын уавæры тыххæй Æдасдзинады советæн фехъусын кæнын, рекомендаци йын радтын, цæмæй цæрджыты æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг мадзæлттыл бакуыстæуа. Мах хъуамæ æруынаффæ кæнæм, цы хъуамæ саразæм, ууыл, республикæйы коронавирус куы фæзына, уæд æппæт структурæты æмархайды фарстатыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ коронавирус СОVID-19 ма æрбауадзыны ныса-нæн Æдасдзинады совет аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстон-Гуырдзыстоны арæныл фæхуымæтæгдæргонд уадзæн пунктты се ‘ппæт дæр бынтондæр æрæхгæнын, цалынмæ сæрмагонд уынаффæ нæ райстæуа, уæдмæ.

Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн æмæ РХИ-йы Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы хъусдарды комитетæн бахæс чындæуыд, цæмæй бакусой профилактикон мадзæлтты планыл æмæ Уæрæсейы Федерацийы бæрнон службæтимæ æмархайды фæткыл.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн та бахæс чындæуыд, цæмæй дзыллон информацион фæрæзты руаджы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæм æрсидой, фæсарæйнаг паддзахадтæм ацæуыны тыххæй хиуыл фæхæцыны рекомендациимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.