Ӕнӕмӕнг, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм зноны бон, аргъ кӕнӕм абоны рӕстӕгæн ӕмӕ ныфсджынӕй, фидар къахдзӕфтӕй цӕуӕм сомбоны, фидӕны дугмӕ. Уыдон се ‘ртӕ дӕр кӕрӕдзийыл фидар цӕгтӕй баст сты, нӕй сын фӕхицӕнгӕнӕн. Афтӕ куы уа, алы адӕймаг дӕр йе знон, абон ӕмӕ сомбоны рӕстӕгӕн куы аргъ кӕна, куы сыл хӕца фидар ӕмӕ сӕ куы хъуыды кӕна, уӕд царды ӕвӕрццаг ӕмӕ ӕппӕрццаг фӕрстӕ зындгонд уыдзысты ӕмӕ уыдон та ахъаз кӕндзысты дарддӕры размӕцыдӕн. Нӕ республикӕ фӕстаг къорд азты бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уыдӕттӕ та мӕгуырауӕрдӕм бандӕвтой нӕ экономикӕйыл, фӕстӕмӕ алӕууыд нӕ хъӕууон хӕдзарад, зӕгъӕн ис ӕмӕ нӕм нал ис сӕудӕджерадон куыстуӕттӕ. Фӕлӕ алы къуыхцыйӕн дӕр ис рарастгӕнӕн, рацаразӕн. Ӕнӕхъуаджы нӕ дзырдта поэт, Адӕмы ныхмӕ цы уӕйыг фӕлӕудзӕн, чи сыл фӕуыдзӕн уӕлахиз ӕхсарӕй, зӕгъгӕ. Ныр нæ цард ивы хуыздæрæрдæм æмæ не къухы ӕнтыстытӕ ӕфтгӕ дӕр кӕны.

Газет «Хурзæрин» («Советон Ирыстон») йæ уæвынады азты æдзух æвдыста æмæ æвдисы, нæ царды цы хабæрттæ цæуы, уыдон. Цæвиттон, 1967 азы 2 октябры газет  йӕ фыццаг фарсыл фыссы, зӕгъгӕ, Мугуты колхозы бригадир Къӕбысты Сардийы бригады уӕнгты химӕрайсгӕ хӕс у алы гектарӕй дӕр 500 ц райсын, планы 300 ц бӕсты. Хъемултайы колхозы сӕрдар Багаты Герас йӕ уацы фыссы, дзидза 1 сентябрмӕ кӕй ауӕй кодтой 63 центнеры бӕсты 72 ц, ӕхсыр та 406,3 ц бӕсты 479 ц. 1968 азы 5 январы номыры «Советон Ирыстон» йӕ сӕрмагонд уацхӕссӕг Гуыцмӕзты Захар йӕ уац «Скуыста ног завод»-ы фыссы, кӕй скуыста Цхинвалы автобустӕцалцӕггӕнӕн завод, уый тыххӕй. 1969 азы 24 январы газетмӕ фыссынц йӕ хъӕууон уацхӕсджытӕ областы алы рӕттӕй. Уыдон сты Дзауы районы Църуйы 8-азон скъолайы ахуыргӕнӕг Гатыгкоты Алыксандр, Дзауӕй йӕм фыста Гасситы Афанас, Асаты Ваня раппӕлыд Ксуисы хъӕуы постхӕссӕг Дыгъуызты Антъонӕй, Тъехты Ивлетӕ ӕмӕ Феня та фыссынц Цхинвалы районы Земочерейы хъӕуы постхӕссӕг Тъехты Алексийы хорз куысты тыххӕй. 1984 азы 21 июлы «Советон Ирыстон» йӕ фыццаг фарсыл фыссы завод «Эмальпрвод»-ы ӕнтыстыты фӕдыл, сӕрмагондӕй ӕппӕлы Дудайты Гигуцайы намысджын куыстӕй.

Газет  ӕрмӕст 60-ӕм азты хабӕрттыл нӕ фыста, фӕлӕ йӕ дæргъвӕтин царды алы рӕстӕгыл дӕр. Газет алы азты хабӕрттӕм дӕр дардта ӕмӕ дары йӕ хъус ӕмӕ кӕддӕриддӕр ӕвдыста ӕмӕ ныр дӕр дзуры нӕ райгуырӕн къуымы ӕнтыстытӕ ӕмӕ цухдзинӕдтыл дӕр. Афтӕ уыд, нӕ адӕм сабыр дуджы куы фӕллой кодтой, колхозон быдырты хъӕууон техникӕйы уынӕр куынӕ сабыр кодта, сӕудӕджерадон куыстуӕтты тӕрхджыты хъӕлӕба дардмӕ куы зӕлланг кодта,уыцы рӕстӕджыты дӕр. Газет стыр разӕнгардӕй ӕвдыста йӕ фӕрстыл нӕ бӕстӕйы ӕрцӕугӕ цаутӕ. Ӕнцад нӕ бадт, Гуырдзыстоны тугмондаг хӕстонтӕ нын 90-ӕм азты нӕ ныхмӕ цы ӕнӕмсӕр хӕст расидтысты, нӕ сабыруарзаг адӕмы цӕгъдын ӕмӕ марыныл куынӕ ауӕрстой, уӕд дӕр. Ныртӕккӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ республикӕйӕн у ӕндидзынады рӕстӕг. Нæ цард йӕ къахыл слӕууын кӕныны нын тынг стыр у Уӕрӕсейы ӕфсымӕрон ӕххуыс. Ӕндидзынгӕнӕн-арӕзтадон куыстыты процессмӕ газет кӕсы цырддзастӕй ӕмӕ алы чысыл ӕмӕ стыр цаутӕ дӕр равдисы йӕ фӕрстыл.

Иудзырдӕй, газет «Хурзӕрин» кӕны цардӕмдзу ӕмӕ йын ноджы фылдӕр ӕнтысӕд сабырадон цард ӕмӕ куысты.

    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.