Æрæвнæлдта йе ‘ххæстбартæм

Каталонийы ног хицауад æрæвнæлдта йе ‘ххæстбартæ æххæст кæнынмæ, афтæмæй регионыл Мадрид нал къухдариуæгад кæндзæн. Каталонийы ног хицауады сæргълæууæг Ким Торра фехъусын кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр архайдзысты автономийы хæдбрадзинадыл. Афтæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, фæнд кæны Испаны ног премьер-министр Педро Санчесимæ баныхæстæ ауадзын.

Уынаффæ кодтой ахсджиаг фарстытыл

Туркы премьер-министр Бинали Йылдырым раарфæ кодта йæ уæрæсейаг коллегæ Дмитри Медведевæн Уæрæсейы Хицауады сæрдарæй ногæй æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй, афтæ ма Уæрæсейы боны сæраппонд дæр. Дыууæ коллегæйы телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой егъау иумиаг энергетикон проектты тыххæй, уыцы нымæцы атомон электростанц «Аккую» æмæ газуадзæн «Турецкий поток»-ы арæзтадыл. Ныхасы рæстæджы ма дзырд цыд уæрæсейаг-туркаг базарадон-экономикон ахастыты актуалон фарстытыл.

Атакæйы амæттæгтæ – иу хæдзары бинонтæ

Иракы цæгат хайы «Ислаймаг паддзахады» террористон къорды боевикты атакæйы фæстиуæгæн фæмард сты 12 адæймаджы. Атакæ сарæзтой Салаэд-Дины провинцийы, цыран террористтæ бабырстой цæрæн хæдзармæ. Фæмардуæвджытæ иууылдæр, кæцыты ‘хсæн ис сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр, уыдысты иу бинонтæ.

Протестон акци

Латвийы уырыссаг скъолаты уырыссаг æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй митинг-мæ рацыдысты 5 мин адæймаджы бæрц. Уыдон маршы рацыдысты Ригæйы уынгты æмæ бацыдысты республикæйы хицауады бæстыхайы цурмæ. Митинггæнджытæн сæ къухты уыд ахæм лозунгтæ: «За русские школы, за право учиться на родном языке», «За достоинство и свободу для нашего народа».

Хъырымы хид хъахъхъæндзæн ногдæр нау

Сауденджызон флоты скондмæ райстæуыд ног нау  «Вышний Волочек». Тасуадзæг нау ифтонг у, уыцы нымæцы «Калибр»-ы базырджын ракетæтæй, кæцытæ сæхи хорз срекомендаци кодтой Сирийы антитеррористон операциты рæстæджы. Уымæн йæ бон у иу къуырийæ фылдæр автономон ленк кæнын. Разæй йæм æнхъæлмæ кæсынц дард балцытæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъахъхъæндзæн Керчы донкъубал, цыран ис Хъырымы хид дæр.

Сæ къухтæ æрфыстой Декларацийыл

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Иугонд Арабаг Эмиратты принц Абу-Даи Мухаммед бен Заид Аль Нахайян сæ къухтæ æрфыстой дыууæ бæстæйы стратегион партнерондзинады тыххæй Декларацийыл. Сæрмагондæй Декларацийы банысан æрцыд терроризмы ныхмæ тох кæныны тыххæй дунеон коалици саразын паддзахадты суверенитетæн аргъ кæныны бындурыл. Афтæ ма фæрстæ æрцыдысты сразыдзинадмæ регионалон æмæ дунеон алыгъуызон аспектты фæдыл дыууæфарсон ахастыты рæзты тыххæй. Уæрæсе æмæ Иугонд Арабаг Эмираттæ фæнд кæнынц Хызæгон экстремизм парахт кæныны ныхмæ тохы æмгуыст кæнын, кæрæдзийæн информаци дæттын æмæ фæлтæрддзинад амонын.

Контртеррористон операци

Дагъыстаны Цумандинскы районы контртеррористон операцийы рæстæджы фæмард боевик. Тыхон структурæты кусджытæ хæххон бынаты Кванада æмæ Гимерсойы цæрæн пунктты ‘хсæн агуырдтой æнæзакъонон хæстон къордты æмæ сын бантыст се ссарын. Апрелы кæрон Дербенты районы ликвидаци æрцыдысты фараст боевикы, кæцытæ цæттæ кодтой теракт майы бæрæгбонтæй сæ иуы рæстæджы.

Фæнд кæны Ким Чен Ынимæ фембæлын

Сирийы президент Башар Асад фехъусын кодта Кореяйы Адæмон Демократон Республикæмæ ацæуын æмæ Ким Чен Ынимæ фембæлын кæй фæнд кæны, уый тыххæй. Ацы планы тыххæй Асад фехъусын кодта 30-æм майы Сирийы Цæгат Кореяйы ног минæварæн æууæнчы грамотæ дæттыны церемонийы рæстæджы. Сирийаг лидер йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Дамаск фæнд кæны Цæгат Кореяимæ политикон курс рæзын кæнын æмæ банысан кодта Кореяйы æрдæгсакъадахы позитивон ивындзинæдты тыххæй.

Коллегæты фембæлд

УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин дунеон форум «Развитие парламентаризма»-йы размæ Мæскуыйы фембæлд Словакийы парламенты сæргълæууæг Андрей Данкоимæ. Форумæй дарддæр ма палатæты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой Словакимæ Володины фидæны визитыл, кæцы, гæнæн ис, уа ацы аз сентябры мæйы. Фембæлды уынаффæ цæудзæн дыууæ бæстæйы ‘хсæн экономикон бастдзинæдты рæзты тыххæй. Форумы хайад исынц 578 фæсарæйнаг хайадисæджы æмæ эксперты дунейы 96 бæстæйæ.

Фæнд кæнынц æмгуыстад фæарфдæр кæнын

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фембæлд Руандайы президент Пол Кагамимæ æмæ ацы бæстæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Луиз Мушикивабоимæ. Уæрæсе æмæ Руанда æнтыстджынæй æмгуыстад кæнынц æфсæддон-техникон фадыджы. Лавровы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ руандайаг æфсæддонтæ æмæ полицион тыхтæ пайда кæнынц уæрæсейаг вертолеттæ, «Урал» машинæтæй, афтæ ма æхсæн хæцæнгарзæй дæр. Фæрстæ бадзрдтой барадхъахъхъæнæг æмæ специалон службæты фадыджы æмгуыстад фæарфдæр кæнын, афтæ ма фидауынгæнæг кадртæ бацæттæ кæнын дæр, уæлдайдæр та Африкæйы террористон тæссагдзинæдтæ куы фæфылдæр сты, уыцы рæстæджы.

Фæдæлдон нау

Тунисы донбылгæрæтты кæсагахсæн нау кæй фæдæлдон, уый фæстиуæгæн фæмард сты 46 адæймаджы. Уыимæ донбылгæрон службæтæн сæ бон бацис 68 адæймаджы аирвæзын кæнын, кæцыты ‘хсæн уыдысты 60 тунисаджы æмæ африкæйаг къорд бæстæты æмбæстæгтæ. Кæсагахсæн науы уыд 180 адæймаджы, уыдоны ‘хсæн уыдысты æнæлегалон мигранттæ дæр.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.