Апрелы мæйы иууыл хъомысджындæр æмæ æгъатырдæр æфсæддон организаци НАТО-йы сырæзтыл сæххæст 73 азы æмæ йын йе «нтыстытæм» куы æркæсæм уал азы дæргъы, уæд ирдæй бæрæг у йæ нысаниуæг. Раздæр дæр дызæрдыг ничи кодта, комкоммæ Советон Цæдисы æмæ славянаг нациты ныхмæ арæзт кæй у, æмæ ныр та йæхи раргом кодта æмæ равдыста йæ маргæйдзаг цæсгом Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ бирæтæ æнхъæлдтой, ома ныр адæмтæ хъæрмудæй цæрын райдайдзысты, кæрæдзийы фарсмæ балæудзысты æмæ хæсты кой никæмæйуал схаудзæнис. Фæлæ иу аз дæр нæ рацыд, афтæмæй Уинстон Черчилль 1946 азы 5 марты АИШ-ы уæвгæйæ Фултоны колледжы йæ раныхасы Советон Цæдисы рахуыдта дунейон бæстæты знаг æмæ, зæгъгæ, йемæ тох кæнын хъæуы иумийагæй æфсæддон-политикон коалици саразгæйæ. Черчиллы «фултойнаг раныхасы», диссаг уый уыд, æмæ зынгæ политик æрсидт æрмæст англисаг æвзагыл дзурджытæм, ома æфсымæрон нацитæм, цæмæй ахæм антисоветон блокы сæйраг архайджытæ уой Стырбритани æмæ АИШ.

Советон Цæдисы къухдариуæгад раст бамбæрста Черчиллы хъуыды, сарæзтой хатдзæгтæ æмæ 14 марты Сталин дзуапп радта хурныгуылæйнаг политикон элитæйæн.

«Черчиллы ныхæстæм гæсгæ зæххыл ис æрмæстдæр иу æнæкъæм наци – англисаг æвзагыл дзурджытæ. Англисаг расæйы теори хурныгуылæйнаг бæстæты кæны ахæм хъуыдымæ, ома дунейы нацитыл хъуамæ къухдариуæг кæной англосаксойнаг знæмтæ. Черчилль æмæ мын йе мзондыл лæуджытæ мæ зæрдыл æрлæууын кодтой Гитлеры æмæ йе мбæлтты. Гитлер дæр немыцаг адæмы нымадта иууыл сыгъдæгдæрыл, нымадта сæ иннæ нацитæй бæрзонд-дæрыл æмæ хæст дæр уымæн расидт, цæмæй иннæ æвзæгтыл дзурджыты йæ дæлбар бакæна, кæнæ та сæ скуынæг кæна. Ацы раныхасы бæрæг у, Черчилль æгас хурныгуылæйнаг бæстæтæм кæй сиды, цæмæй схæцой Советон Цæдисимæ», – фыста Сталин.

Афтæ зæгъæн нæй æмæ Черчилль йæ зонд фесæфта, – уый фæлтæрд политик уыд æмæ йæ раныхасы алы дзырд дæр уыд нысанмæздæхт. Стырбритани хæсты размæ лæууыд Европæйаг бæстæты сæргъ æмæ хæсты фæстæ уыцы статус фесæфта. Европæйы иннæ бæстæтæ та хæсты фæсти-уæгæн уыдысты тынг лæмæгъ æмæ коммунистты ныхмæ нæ фæлæууыдаиккой. АИШ Дыккаг дунейон хæсты баззад æвыдæй, йæ хæстон ифтонгдзинад уыд бæрзонд æмвæзадыл, уыдис æм ядерон хæцæнгарз æмæ Черчиллы хъуыдымæ гæсгæ сбæззыдаид хурныгуылæйнаг бæстæты раздзогæн.

Антисоветон эсколацийы фæстиуæгæн 1949 азы 4 апрелы арæзт æрцыд æфсæддон-политикон блок АИШ-ы сæргълæудæй æмæ йæ схуыдтой Цæгататлантикон организацийы бадзырд (НАТО). Йе скондмæ бахызтысты 12 паддзахады – АИШ, Бельги, Великобритани, Дани, Исланди, Итали, Канадæ, Люксембург, Нидерландтæ, Норвеги, Португали, æмæ Франц. 1952 азы сæм æрбаиу сты Греци æмæ Турк, æмæ 1955 азы та – Германы Федеративон Республикæ.

Кæд НАТО-йы уæнгтæ æрго-мæй афтæ дзырдтой, ома ацы æфсæддон организаци никæй ныхмæ у, æрмæстдæр ын æдасадон нысанæвæрд ис, уæддæр Советон Цæдисы къухдариуæгад иттæг хорз æмбæрста уавæр. Цæмæй дзы дызæрдыггагæй мацыуал уы-даид, уый тыххæй 1954 азы Советон Цæдис курдиат балæвæрдта, цæмæй йæ айсой НАТО-йы скондмæ, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, не сразы сты. Уæдæй фæстæмæ НАТО архайдта социалистон лагеры бæстæты æрлæмæгъ кæныныл, пайда кодта агрессивон методтæй.

Советон Цæдисы бар-æнæбары бахъуыд исты мадзæлттæ райсын хи бахъæхъхъæнын тых-хæй. Ахæм хæрамдзаст сыхæгтæ дын куы уа, уæд æдзух бæллæхмæ æнхъæлмæ кæс. 1955 азы арæзт æрцыд æфсæддон-политикон цæдис, кæцыйы скондмæ бахызтысты европæйаг хурыскæсæйнаг бæстæтæ, æмæ йæ схуыдтой Варшавæйаг бадзырды Организаци (ОВД). Ацы организацийæн йæ сæйраг функцитæ уыдысты – æддагон знæгтæй социалистон бæстæты бахъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ, дыууæ æфсæддон-политикон блокты сырæзты фæстиуæгæн дуне дыууæ дих ацис æмæ райдыдтой тох кæнын, куыд политикон, æфсæддон æмæ экономикон сферæты, афтæ ма идеологон фронты дæр. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Варшавæйаг бадзырды Организаци йæ принципты сæрты никуы ахызтис æмæ куыд æмбæлд, афтæ æххæст кодта ООН-ы Устав.

36 азы дæргъы дыууæ æфсæддон-политикон блокы ахъаз уыдысты егъау хæстон архæйдтытæ ма æруадзынæн. Фæлæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ АИШ-ы сæргълæудæй сæ ныхтæ ныссагътой Со-ветон Цæдисы, уымæн æмæ сæ фæндыд æгас дунейыл паддзахиуæг кæнын, ног фæтк æрæвæрын. Советон Цæдис, Китай, Иран æмæ Цæгат Корейы «ныхмæлæуджытæ» нæ хуыдтой, фæлæ комкоммæ «знæгтæ». Абоны бон Советон Цæдис нал ис, фæлæ сын Уæрæсейы Федераци уæддæр знаджы бынаты ис, уымæн æмæ сæ бæллиц у уæрæсейаг адæмты скуынæг кæ-нын.

Михаил Горбачёв сæргълæууæг куы ссис æмæ Эдуард Шеварнадзе та ССР Цæдисы Æддаггон хъуыддæгты министр, уæдæй фæстæмæ райдыдта пырх кæнын Советон Цæдисы паддзахад. Бындуронæй йын фæивтой йе ддагон æмæ хъахъхъæнынады политикæ, – комкоммæ зæгъгæйæ Советон Цæдисы бакодтой хурыскæсæйнаг бæстæты амæттаг. 1991 азы 1 июлы бафыст æрцыд суагъæ Варшавæйаг бадзырды Организацийы ныппырх кæныны тыххæй. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй 1989 азы АИШ-ы президент Джордж Буш ныфс бавæрдта Михаил Горбачёвæн, ома Варшавæйы Бадзырды Организаци куы ныппырх уа, уæд йæ бæстæтæ НАТО-йы скондмæ нæ бацæудзысты. Фæлæ уый уыд сайд, – Горбачёвыл хинæй разылдысты æмæ та йæ хурскæсæйнаг «демократон» бæстæтæ радон хатт равдыстой, сæ ныхæстыл бынтондæр æууæнк кæй нæй, уый.

Куы ахъуыды кæнæм, уæд Советон Цæдисы ныппырхимæ хъуамæ НАТО дæр мауал уæвынад код-таид, уымæн æмæ арæзт уыд комкоммæ Советон Цæдисы ныхмæ. Фæлæ уымæн та азæй-азмæ йе сконды бæстæтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. 1999 азы НАТО-йы скондмæ бахызтысты Венгри, Польшæ æмæ Чехи. Фæстæдæр, 2004 азы та ноджы фæфылдæр сты – иугæндзон йе скондмæ бацы-дысты 9 бæстæйы – Албани, Хорвати, Болгари, Эстони, Латви, Литва, Румын, Словаки æмæ Словени. 2017 азы та ногæй райстой Черногорийы æмæ 2020 азы та Цæгат Македонийы, æмæ афтæмæй сæ нымæц схæццæ 30 бæстæмæ. Ныридæгæн та сын сæ къæсæртæ хойынц Босни æмæ Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Украинæ.

Кæмдæриддæр НАТО-йы æфсæддонтæ хæцыдысты, уым сабыр адæмæй фæмардис тынг бирæ, уымæн æмæ сæ хæстон архайды принциптæ бæрæг хицæн кæнынц æндæр бæстæты хæстонтæй. Зæгъæм, НАТО-йы æфсæддонтæ сæхи тынг хизынц контактон тохтæй, – фæлтау æгас горæт бомбæты бын фæкæндзысты, туджы зæйтæ дзы рауадздзысты, зæххимæ йæ сраст кæндзысты. Кæд æмæ сæ æввахс дистанцимæ тохы сæр бахъæуа, уæд та фембæхсынц сылгоймæгты æмæ сывæллæтты фæстæ æмæ уырдыгæй æхсынц сæ ныхмæлæуджыты. Ахæм хæстон стандарттыл кæй сахуыр кæнынц НАТО-йы инструктортæ, уыцы хæстонтæ лæгсырдтæй ницæмæйуал фæхицæн кæнынц. Уымæн та нын абоны бон æвдисæн сты Украинæйы æфсæддонттæ.

Украинæ хæдбар паддзахад куы ссис, уæдæй фæстæмæ йын йе фсæддонты цæттæ кæнынц НАТО-йы инструктортæ. Кæд сæ æфсæддон дæсныйадыл хорз сахуыр кодтой, уæддæр сæм адæймагдзинадæй ницыуал баззадис, сарæзтой сæ æгъатыр лæгмартæ. Сæ хæстонты фылдæр хай сæ адæмыл нæ ауæрдынц, фосы ахаст сын ис се мтуг гоймæгтæм æмæ сæм бынтон æнцонтæй ныддарынц хотых. Афтæмæй та уыцы хæстонтæ ард уый тыххæй бахордтой, цæмæй сæ адæмы бахъахъхъæной знæгтæй. Хæстонты ахæм уагахастæн дæр йæ аххосæгтæ бæрæг кæнын райдыдтой – уацары цы украинæйаг хæстонтæ бахауы, уыдоны фылдæр хай разынынц наркомантæ. Уый та ууыл дзурæг у æмæ хурыскæсæйнаг «демократон» бæстæты бынтондæр кæй не ‘ндавынц Украинæйы адæм æмæ йæ хæстонтæ. Се фсæддонтæн сын наркотиктæ дæр уымæн дæттынц, цæмæй мацы æмбарой æмæ хъазуатондæрæй тох кæной уæрæсейаг æфсæддонты ныхмæ. Цас фылдæр славянаг адæм амæла тохы быдыры, уыйас тынгдæр цин кæндзысты АИШ-ы æмæ йæ сателлитты къухдариуæггæнджытæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.