Коллегæты фембæлд

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Сергей Лавровæн Мæскуыйы фыццаг баныхæстæ уыд Германы фæсарæйнаг хъуыддæгты æрæджы снысангонд министр Хайко Маасомимæ. Фембæлды уынаффæ цыд дыууæфарсон ахастытыл, Украинæйы фæдыл «нормандская четверка»-йы форматы, Ираны ядерон программæйæ АИШ-ы рахызтыл æмæ «Скрипалты» хъуыддаджы тыххæй.

Дунеон экономикон саммит

Казаны йæ куыст райдыдта X-æм дунеон экономикон саммит «Россия – исламский мир», зæгъгæ. Саммиты рæстæджы уынаффæ кæндзысты ахсджиаг фарстытыл, кæцытæ хауынц финансон, базарадон, инвестицион æмæ æндæр фадгуытæм. Саммиты хайадисджытæ ма æруынаффæ кæндзысты экономикон æмæ зонадон-технологон модернизацийы аспекттыл.

Фембæлдзысты 12 июны

АИШ-ы президент Дональд Трамп Кореяйы Адæмон Демократон Республикæйы лидер Ким Чен Чнимæ фембæлдзæн 12-æм июны Сингапуры. «Мах нæ дыууæ дæр бацархайдзыстæм, цæмæй фембæлд суа сабырдзинады сæрмагонд момент æнæхъæн дунейы», – банысан кодта  Дональд Трамп.

Нæ тæрсы гæнæнуæвæг санкцитæй

Уæрæсе нæ тæрсы АИШ-ы гæнæнуæвæг санкцитæй, Иранимæ кæй æмгуыстад кæны, уый тыххæй. Мæскуы æмæ Тегеран дарддæр дæр æмгуыстад кæндзысты æххæст форматæй æмæ æппæт фадгуыты. Мах архайæм Тегераны нæ партнертимæ консультацитæм гæсгæ, – фехъусын кодта УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Сергей Рябков.

         Европæ йæ зæрдæ нал дары АИШ-ыл

Германы канцлер Ангела Меркель фехъусын кодта, зæгъгæ, Европæ йæ зæрдæ нал дары АИШ-ыл æдасдзинад сифтонг кæныны фарсты. Меркель æрсидт европæйаг бæстæтæм, цæмæй сæхæдæг контроль кæной сæ хъысмæтыл. «АИШ нæ куы хъахъхъæдта, уыцы рæстæджытæ фесты. Европæ хъуамæ йæ хисæрмагонд хъысмæт райса йæ къухтæм. Уый мидæг ис нæ фидæны хæс», – банысан кодта Ангела Меркель. Германы канцлер ацы ныхæстæ загъта Францы президент Макронæн, Карл Великийы дунеон преми 2018 азæн куы лæвæрдтой, уæд.

Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Туркы Президент Реджеп Тайип Эрдоганимæ телефоны ныхас кæнгæйæ, уынаффæ кодтой АИШ Ираны ядерон бадзырдæй кæй рахызт, уый фæдыл.  Дыууæ лидеры банысан кодтой, зæгъгæ, ирайнаг программæйы фæдыл «архайдтыты иумиаг планæн» ис принципиалон æгъдауæй ахсджиаг нысаниуæг дунеон æдасдзинады тыххæй. Мæскуы æмæ Анкара бафидар кодтой, зæгъгæ, дарддæр дæр æмгуыстад кæндзысты ацы фарсты фæдыл иннæ цымыдисгæнæг фæрстимæ.

Фæуæрæхдæр кодтой санкцитæ

АИШ Ираны ныхмæ санкцион номхыгъдмæ бахастой æртæ компани æмæ ирайнаг гарзджын тыхты æхсæз минæвары. Уыимæ Дональд Трамп фехъусын кодта Иранимæ ног бадзырд саразыны тыххæй. Трамп куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ног бадзырд, уыдзæн «бирæ хуыздæр». «Мæн ныфс ис, нæ къухты ног,  хорз æмæ раст бадзырд саразын кæй бафтдзæн, уымæй, кæцы хуыздæр уыдзæн Тегеранæн. Фæлæ мах уыдонæн бар нæ ратдзыстæм ядерон хæцæнгарз райсынæн», – загъта Дональд Трамп. «Махæн хъуамæ фадат уа Ираны ядерон объектмæ бахауынæн, цæмæй фенæм, цы архайынц, уый. Америкæйаг инспектортæн гæнæн хъуамæ уа ирайнаг кæцыфæнды æфсæддон базæмæ бацæуынæн».

Газы транзиты тыххæй

Сергей Лавров фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе цæттæ у «Северный поток -2» эксплуатацимæ радтыны фæстæ Украинæйыл газы транзит бахъахъхъæнынмæ. Ахæм хъусынгæнинаг уый сарæзта йæ гермайнаг коллегæ Хайко Маасоимæ фембæлды рæстæджы. Лавров банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуы цæттæ у ацы фарсты фæдыл Киевимæ баныхæстæм.

Фæмард 47 адæймаджы

Кенийы дамбæйы атынды фæстиуæгæн фæмард сты 47 адæймаджы. Доны бын фесты цалдæр стыр хъæуы.

Авиацæфы амæттæгтæ

Телеканал «Аль-Маядин»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Израилы æфсæддон авиаци 70 ракетæ рауагъта сириаг позицитыл Хан-Арнабайы районы Голанаг бæрзæндты цур. Авиацæфы фæстиуæгæн фæмард сты æртæ адæймаджы. Сириаг уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхтæ æрæппæрстой ракетæтæн сæ фылдæры.

Низы фæтынг

Конгойы Бикоройы провинцийы дохтыртæ лабораторон æгъдауæй бафидар кодтой  гемморагион тæфсæг низ Эболайы дыууæ цауы. Бикоройы провинцийы мæгуырау у медицион ифтонгад, бынæттон рынчындæтты фылдæр хатт нæ фæфаг кæнынц, æгæрыстæмæй иууыл æнæмæнгхъæуæгдæр хостæ. Уыдонæн баххуыс кæнынц дунеон организацитæ. Эболайы ныртæккæйы сытынг у фарастæм цау 1976 азæй фæстæмæ, уæд фыццаг хатт бæстæйы сбæрæг кодтой ацы вирус.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ       

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.