РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæлгæтты фембæлд А.Горчаковы номыл публикон дипломатийæн æххуысы фонды директор Роман Гришенинимæ æмæ фонды сæрдары уынаффæгæнæг, уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Валерий Кеняйкинимæ, – хъусын кæны РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ.

«Фембæлды рæстæджы фæрстæ æруынаффæ код-той иумиаг проектты æмархайд æмæ реализацийыл, Хуссар Ирыстоны экспертон æмæхсæнадимæ æмгуыстады рæзты фарстытыл», – банысан кодтой пресс-службæйы – Медойты Димитр арфæйы ныхæстæ загъта Горчаковы фонды минæвæрттæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цымыдис кæнынц дарддæры иумиаг æнтыстджын куыстмæ». Йæ рады, Роман Гришенин стыр аргъ скодта, Горчаковы фонд цы проекттæ реализаци кæны, уыдоны  Хуссар Ирыстоны экспертон æмæхсæнады хайадистæн. Фембæлды ма хайад райста фонды программæты директор Дарья Лобанова.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.