Нæ горæты Театралон фæзуат бирæ хорз хъуыддæгтæн, бирæ дудгæбæттæн у æвдисæн.  Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй 2008 азмæ  Хуссар Ирыстоныл тугуарæн куы кодта, нæ «хæлар» сыхæгтæ нын нæ туг дойныйæ куы нуæзтой, Ирыстоны сагсур хъæбулты фыдмардæй куы мардтой, уæддæр-иу нæ адæм ацы фæзуатмæ æрæмбырд сты. 

Æмæ та нæ республикæйы дзыллæ æрæмбырд сты ацы фæзуатмæ, цæмæй Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæты адæмæн зæгъой фарсхæцынады ныхæстæ.

УФ  Президент Владимир Путин хæстон спецоперацийы тыххæй цы уынаффæ райста, уый фарс кæй сты, уый тыххæй дæр равдисой фарсхæцынад.

Уый фæстиуæгæн Цхинвалы Театралон фæзуаты ауагъдæуыд митинг. Мадзалмæ æрæмбырд тынг бирæ адæм куыд горæтæй,  афтæ районтæй дæр.

Мадзалы хайад райста республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Митинг уагъта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмтеатры артист Бибылты Сослан.

«Нæ зæрдыл лæууы, æххуысмæ нæм Уæрæсе куыд æрцыд, уый. Æмæ ныр 14 азы нæ адæм цæрынц сабыр æмæ æдасæй. Мах ацы митингмæ æрæмбырд стæм, цæмæй нæ солидарондзинад æмæ фарсхæцынад равдисæм Уæрæсейæн, йæ Гарзджын тыхтæн æмæ УФ-йы Президент Владимир Путинæн», – банысан кодта Бибылты Сослан.

Дарддæр ныхасы рацыд Президент Бибылты Анатоли.

«Зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ! Абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй фехъусын кæнæм Хуссар Ирыстоны адæм, кæцы йæхиуыл бавзæрста хæсты æппæт  хъизæмæрттæ, кæцы зоны царды аргъ, кæцыйы Уæрæсе фервæзын кодта скуынæгæй, уыцы адæм кæй хæцы,  Украинæйы Уæрæсе цы хæстон спецопераци уадзы, уый æвварс, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины фарс. Мах йе ‘вварарс хæцæм, уымæн æмæ нацизм æмæ фашизмы политикæйы æппæт трагеди нæхиуыл бавзæрстам. Уæрæсе дæсгай азты дæргъы алы фæзуæттæй дунейæн хъусын кодта, Хуссар Ирыстоны цы проблемæ уыд, уый. Растæндæр Уæрæсе дзырдта, Хуссар Ирыстоны   адæмы фервæзын кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй… æмæ нæ фервæзын кодта…

Донбассы республикæты тыххæй уынаффæтæ дæр уыдысты раст æмæ рæстæгыл. Мах, ирæттæ, рацы-дыстæм уыцы фæндæгтыл, тынг хорз зонæм уавæр,  æмæ нæ фæнды уый тыххæй æппæт дунейæн фехъусын кæнын. Уыцы уынаффæтæ райст æрцыдысты Донбассы адæмы интересты тыххæй, йæ рæстæджы Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæгæй фервæзын кæныны тыххæй куыд уыдысты, афтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, 8 азы дæргъы Уæрæсе дунейы дзыллæйæн хъусын кодта, Донбассы адæм Украинæйы нацистты æрдыгæй цы хъизæмæрттæ æвзæрста, уый.

Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй ацы республикæты адæмы хъысмæт Уæрæсейы йедтæмæ никæй æндæвта.

«Абон ам, нæ республикæйы сты, Донбассы хæстæй чи ралыгъд, уыцы адæймæгтæ – сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Уыдон дзурынц, хæдзары сæм цы хъизæмайраджы диссæгтæ цыд, уыдæттæ. 8 азы Уæрæсе планбæрцонæй дунеон æхсæнадæн дзырдта æмæ домдта, цæмæй урæд æрцыдаиккой хæст, лæгмæрдтытæ. Хæстон архайдтытæ æвзæрстой, æрмæстдæр, Украинæйы æрдыгæй. Æниу, уый дæр хæстыл нымад ма хъуамæ цæуит. Уымæн æмæ уый раздæр дæр хуынд æмæ ныр дæр хуыйны хи адæмы марын. Адæм дæр уы-мæн растадысты, цæмæй цæрой, цæмæй сабырад сифтонг кæной сæ сывæллæттæн, растадысты уый тыххæй, цæмæй дзурой сæ мадæлон æвзагыл, цæмæй ссæрибар уой уыцы паддзахадон политикæйæ, кæцы террор аразы Донбассы цæрджытæн.

Абон сæрыстыр дæн Уæрæсейы къухдариуæгадæй, йæ ныфсхастдзинады тыххæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты  ныфсхаст архайдты тыххæй. Сæрыстыр дæн уыцы политиктæй, уыцы дипломаттæй, кæцытæ дунеон фæзуæтты хъахъхъæнынц Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты милуангай адæймæгты интерестæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй растадис æппæт Украинæ нацизмы ныхмæ, растадис уыцы терроры ныхмæ, кæцы арæзта Украинæйы къухдариуæгад йæ адæмы ныхмæ, адæм уымæн растадысты, æмæ йæ бамбæрстой афтæ цæрæн кæй нæй, растадысты уыцы адæм, кæцыйы нæ хъуыд, цæмæй сын сæ паддзахадæн къухдариуæг кодтаиккой нацисттæ æмæ националистты чысыл къорд. Æмæ уый раст у.

«Абон мах уынæм Урæсейы Федерацийы хæстон операцийы æнтыстытæ Украинæйы. Абон мах уынæм Украинæйы горæтты адæм хъарм зæрдæимæ куыд æмбæлынц Уæрæсейы Федерацийы æфсадыл. Уый æрмæст Уæрæсейы сæрыстырдзинад нæу, уый у мах, Хуссар Ирыстоны сæрыстырдзинад дæр. Уый у уырыссаг салдаты тыххæй сæрыстырдзинад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хæстон операцийы хайад исынц не ‘мбæстæгтæ дæр, æз сæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтыл нæ дих кæнын. Æз сæ уымæн нæ дих кæны, æмæ сæ разы цы хæс ис, уый нæ иумиаг  хъуыддаг  у.  Уырассаг,  ирон, цæцæйнаг, дагъыстайнаг тæтæйраг… уыдон иууылдæр стæм Уæрæсе.

Куыд æфсæддон адæймаг, афтæ мæ, æнæдызæрдыгæй, уырны, кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, уый. Уымæн æмæ немæ ис рæстдзинад, немæ сты, чи фæмард, уыдон. Мæн уырны æмæ нæм уыдон сæ хъус дарынц æмæ нæ фæрсынц: растдзыстæм нацизмы ныхмæ? растдзыстæм лæгмæрдты ныхмæ? 9-æм майы кæй портреттæ рахæссæм ацы фæзуаты, уыдон нæм сидынц, цæмæй сын сæ хъуыддаг адарддæр кæнæм, цæмæй саразæм, уыдонæн цы нæ бантыст, уый, цæмæй нацизм æмæ фашизм бындзæрттыл куынæг æрцæуой, уымæн æмæ гæнæн ис, æмæ та кæддæр кæмдæр сæ сæр сдарой.

Стыр катайдзинад æвзæрын кæнынц уыцы адæймæгтæ, уыцы нымæцы Уæрæсейы дæр, кæцытæ се ‘хцатæ арæзтой мах хыгъдæй, кæцытæ кусгæ нæ кодтой, кодтой хъæлдзæг цард, фæлæ цардысты махæй хуыздæр. Уыцы адæймæгтæ нæ федтой  аст азы дæргъы хæст. Æмæ абон уыдон сты хæстон спецоперацийы ныхмæ. Фарстæуы, кæм уыдысты уыцы адæймæгтæ, аст азы дæргъы нацисттæ сабыр цæрджыты куы мардтой, уæд.

Махæн кад у фашистты, нацистты скуынæг кæнын, уымæн æмæ мах никуы ферох кодтам уыцы хъайтарты нæмттæ, кæцытæ тох кодтой фашистон Германы ныхмæ. Мах схъомыл стæм, тынг зынаргъ нын цы традицитæ сты, уыдоныл. Мах схъомыл стæм уыцы традицитыл, кæцыты руаджы сæрибарæй цæры æмæ размæ цæуы адæймагад.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, фæнды мæ зæгъон уын бузныг, Уæрæсеимæ, Донбассы адæмимæ кæй стут, уый тыххæй. Мах, куыд иу адæймаг, афтæ не ‘ппæт дæр стæм фашизмы, нацизмы ныхмæ.

Абон мах ам æрæмбырд стæм, цæмæй  нæ фарсхæцынад равдисæм  Уæрæсейы Федерацийы политикæйæн.

Махæн нæ зæрдæтæ риссынц. Фæлæ уыцы рыст абонæй нæу, уыцы рыст у 90-æм азтæй. Нæ ирон адæм ам бирæ хæттыты æрæмбырд сты, бирæ хæттыты сидтысты дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæн нæ ма бауагътаиккой цæгъдын. Фехъуыста нæ Уæрæсе æмæ нæм  Фидауынгæнæн тыхтæ æрцыдысты. Фæлæ уæддæр нæ баурæдтой уыцы адæмы, кæцыты фæндыд, цæмæй Ирыстон ма уыдаид, кæцыты фæндыд, цæмæй ирон кафт, ирон зард, ирон ныхас нæ бæстæйы ма уыдаид. Уыдон 2008 азы æрбабырстой, цæмæй Ирыстонæй сыгъдæг быдыр сарæзтаиккой. Æмæ та фæсидтыстæм Уæрæсемæ, æмæ та Уæрæсе нæ фарсмæ æрбалæууыд. Нæ адæмы, нæ кæстæрты нын фервæзын кодта. Алцы дæр аразы, цæмæй Ирыстон размæ цæуа. Æмæ абон кæд лæгдыхæй нæ, уæддæр зæрдæйæ Уæрæсеимæ стæм.   Нæ хъуыдытæ æмæ нæ тыхтæ сты Уæрæсеимæ, сты Путинимæ æмæ Донбассимæ»,  – банысан  кодта Бибылты Анатоли.

«Уæлахиз уæд Уæрæсе! Уæлахиз уæд йæ Гарзджын тыхтæ! Уæлхиз уæд Стыр Уæрæсейы адæм! Уæрæсе – размæ!» – йæ раныхасы кæронбæттæн загъта Президент.

Уый фæстæ ныхасы рацыд хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы къухдариуæггæнæг Чилæхсаты Хъазбег. Уый радзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы бандеронты фыдракæндты тыххæй. Банысан кодта, хуссарирыстойнаг хъысмæт кæмæн уыд æмæ ис, нæ адæм цахæм фæндæгтыл рацыдысты, ахæм фæндагыл чи рацыд, кæддæриддæр уыдоны фарсмæ кæй хъуамæ уæм.

Ныхасы рацыд «Уацамонгæ»-йы ордены кавалер Бестауты Бала. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе чысыл куы фæфæстиат кодтаит хæстон спецопераци, уæд ма кæй фервæзын кодтаид, уый нал уыдаид. Уымæн æмæ йæм уæдмæ бабырстаиккой Украинæйы хæстонтæ æмæ нацисттæ æмæ бацахстаиккой ацы республикæты.

«Кæм уыдысты, Уæрæсейы ныхмæ чи у, уыцы адæймæгтæ, 8 азы дæргъы, нацисттæ Донбассы адæмы куы куынæг кодтой, уæд?» – банысан кодта Бала.

«2008 азы махæн дæр стыр æххуыс бакодтой нæ уæрæсейаг æфсымæртæ, æххуысмæ нæм куы æрцыдысты æмæ нæ куы фервæзын кодтой, уæд», – загъта Бестауты Бала æмæ Путины схуыдта сабырад æмæ хæлардзинады Президент.

Мадзалы раныхас кодта ХИПУ-йы лектор Тедеты Зæлинæ дæр.

«Мах аст азы дæргъы нæ хъус дарæм Донбассы трагикон цаутæм. Уавæрæн сабырæй æрбæстонгæнæн куынæуал уыд æмæ Донбассы ныхмæ хæстон агресси аразынмæ куы æрхъавыд Украинæйы къухдариуæгад, уæд Владимир Путин райста иунæг раст уынаффæ – банымадта республикæты хæдбардзинадтæ æмæ райдыдта хæстон спецопераци Луганск æмæ Донецкы республикæты адæмы бахъахъхъæныны тыххæй», – дзырдта Тедеты Зæлинæ.

Банысан кодта нацизмы идеологийы тæссагдзинад æмæ бахахх кодта Хуссар Ирыстоны адæм кæй сты хæстон спецоперацийы райдайыны тыххæй Путины уынаффæйы фарс, цæмæй кæронмæ куынæг æрцæуа нацизм.

Фæсивæды номæй митинджы раныхас кодта ХИПУ-йы студент Фæрниаты Алан. Уый бузныджы ныхæстæ загъта Владимир Путины адресыл, Донбасс бахъахъхъæныны тыххæй хæстон спецопераци кæй райдыдта, уый сæраппонд.

«Махæй хуыздæр ничи бамбардзæн Донецк æмæ Луганскы республикæты цæрджыты. 2008 азы æз чысыл уыдтæн, фæлæ уæдæй фæстæмæ æз цæрын сабыр республикæйы нæ лæппуты хъæбатырдзинад æмæ Уæрæсейы æххуысы руаджы. Мæн уырны, æмæ Путины фæрцы Донбассы адæм кæй цæрдзысты  сабыр арвы бын. Мах стæм нацизм æмæ хæсты ныхмæ», – загъта Фæрниаты Алан.

Мадзалы раныхас кодта Национ музейы директор Зассеты Мераб. Уый патриотон темæйыл бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ.

ОСИАТЫ Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.