Æрхæццæ кæнынц нæ уæлдæр ахуыргæнæндонмæ исæн фæлварæнтæ. Скъолаты рауагъдонтæ æмæ сæ ныййарджытæ фидæны дæсныйад æвзарын куы райдайынц, уæд æппæты фыццаг сæ зæрдыл æрлæууынц юристтæ, дохтыртæ, экономисттæ, æмæ афтæ дарддæр.

Абоны бон ХИПУ-йы журналистикæйы дæсныйад чи равзæрста æмæ студент чи суыдзæн, уыдонæй сомбон æнæмæнгдæр рацæудзæн хъуыддаджы дæсны. Уымæн æмæ нæхи университеты ис бæрзондквалификациджын журналистикæйы фадыджы кадртæ. Уыдонæн ацы бынат у сæхи хæдзары хуызæн. Студенттæн амонынц фидæны царды фæндагмæ фыццаг къахдзæфтæ.

“Нæ сомбоны журналисттæн æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцыдысты, цæмæй се ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыст цæуа нывыл. Ахуыры хъуыддаджы та адон сты æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ ахуыргæнæг æмæ студент лекцийы рæстæджы хъуамæ пайда кæной алыгъуызон техникон фæрæзтæй. Нæ университеты разамынад, Тедеты Вадимы сæргълæудæй, æппæтдæр аразы, цæмæй се ‘рвылбонон цард уа цымыдисон, фидæны та сæ аккаг адæймæгтæ рауайа. Хъомылгæнджытæ æмбарынц, сæ разы цы стыр хæстæ æвæрд ис, уый, сомбоны фæлтæр цавæр уыдзæн, уыдонæй аразгæ кæй у. Уымæ гæсгæ архайынц студенттæн уавæртæ саразыныл”, – зæгъы ХИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Джиоты Аллæ.

 Нæ фæсивæд журналисты дæсныйад райсынмæ цæуынц æхсызгонæй. Фæнды сæ мыхуырон дзырды æмæ ныхасы фæрцы адæмæн æхсызгондзинад хæссын, республикæйы иумæйаг хæрзæбоныл кусын. Ууыл та дзурæг у уый, æмæ журналистикæйы факультеты студент-тæй бирæтæ ахуыр нæма фæвæййынц, афтæмæй кусын кæй райдайынц республикæйы радиойы, телеуынынады, газетты редакциты. Алы аз дæр университеты журналистикæйы факультетмæ райсынц 15 студенты. ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты ахуыргæнджытæн фидар зонадон æмæ ахуырадон бастдзинæдтæ ис æндæр бæстæты – Ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны институттимæ, журналистикæйы фадыджы ахуыргæнджытимæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ.

Хуссар Ирыстоны журналисттæ ссæдз азæй фылдæр уыдысты хæстон уацхæсджытæ. Цыппæрæм хицауад суæвынæн та, æцæгæйдæр, лæгдзинад хъæуы, æмæ ам та журналистты профессионалондзинадæн стыр нысаниуæг ис.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.