РАЙСТА РЕЗОЛЮЦИ

Европарламент райста резолюци Евроцæдис æмæ Уæрæсейы ахастыты тыххæй. Резолюцийы текст арæзт æрцыд латвийаг евродепутат Сандра Калниетейы доклады бындурыл. Резолюцимæ гæсгæ, Европарламент Уæрæсейы нал нымайы стратегион партнерыл. Йæ сæйраг аххосаг у, Мæскуы дунеон бартæ æмæ демократон принциптæ кæй халы, уый,  сæрмагондæй, «Хъырымы оккупаци æмæ аннекси», афтæ ма, зæгъ, Уæрæсе дарддæр дæр халы Гуырдзыстон æмæ Молдавийы территориалон æнæхъæндзинад. «Хъыгагæн,  ныртæккæ рæстæг нæу Уæрæсеимæ æмгуыстады фæдыл ног стыр инициативæтæн», – загъта Сандра Калниете. Фæлæ йæ хъуыдымæ гæсгæ, Мæскуыимæ уæддæр хъæуы ахæм проблемæты фæдыл кусын, куыд климаты фæивд, энергетикон æдасдзинад, терроризмы ныхмæ тох кæныны, дзыллон æгъдауæй куынæггæнæг хæцæнгарз ма парахат кæныны фадгуыты.

ÆРСИДТ АИШ-мæ

Уæрæсе æрсидт Вашингтонмæ, цæмæй санкциты бæсты иумæ кусын райдайой Венесуэлæйы уавæр æрбæстон кæныны тыххæй ИНО-йы эгидæйы бын æмæ дунеон барадон нормæты принципты бындурыл. 12-æм марты америкæйаг хицауад санкцион номхыгъдмæ бахаста уæрæсейаг-венесуэлæйаг «Еврофинанс Моснарбанк»-ы венесуэлæйаг паддзахадон нефть-газы компани PDVSA-имæ йын бастдзинад кæй ис, уый тыххæй.

ФÆСЫКК КОДТОЙ ФЫДРАКÆНДОН КЪОРДЫ АРХАЙД

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæ мидхъуыддæгты министрадимæ иумæ æрцахстой фыдракæндон къорды уæнгты, кæцытæ сусæгæй арæзтой хæцæнгæрзтæ Уæрæсейы 14 регионы. Оперативон-фæдагурæн мадзæлтты рæстæджы уыдонæн сæ цæрæн æмæ кусæн бынæтты ссардтой хæцæнгæрзты 95 иуæджы, 19 карабины æмæ винтовкæйы, 41 пистолет æмæ револьверы, 34 хиаразгæ ифтонгады, 3,5 мин гилзы æмæ бирæ æндæртæ.

АВИАЦÆФ

УФ-йы хъахъхъæнынады министрады куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ Уæлдæфон-космикон тыхтæ авиацæф ныккодтой Сирийаг Идлибы террористон организаци «Джабхат ан-Нусра»-йы боевикты æфтауцдоны. Операцийы тыххæй раздæр бадзырдтой Туркимæ. Æфтауцдонмæ бон раздæр æрбаластой цæвæн æнæпилотонты егъау парти, кæцытæй хъуамæ спайда кодтаиккой Хмеймимы уæрæсейаг авиабазæ сатакæ кæныны тыххæй

РАХАСТОЙ ЙЫН ТÆРХОН

Вашингтоны тæрхон рахастой Дональд Трампы æвзæрстыты агъоммæйы штабы раздæры хистæр Пол Манафортæн. Колумбийы федералон зылды тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, уый ахæстоны арвитдзæн 3,5 азы æмæ ивар та бафиддзæн 6 милуан доллары.

РАЙСТА ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

Францы сенат кæройнаг бакасты райста закъоны проект манифестациты агрессивон хайадисджыты архайдтыты ныхмæ. Документы алыварс сæвзæрд бирæ быцæутæ æмæ уынаффæйы процессы текстмæ хаст æрцыдысты сæдæгай барасткæнинæгтæ. Закъонмæ гæсгæ 15 мин евройы онг ивар цæудзысты манифестацитæм æхгæд цæсгæмттитмæ чи рахиза, уыдон.

АМНИСТИ – РАЗДÆРЫ БОЕВИКТÆН

Сирийы сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрыны æмæ сирийаг паддзахадмæ ахасты знагиуæгон архайдтытæ æруромын æмæ æххæст амнисти райсыныл сразы сты æнæзакъонон хæстон къордты раздæры 40 мин уæнджы. Афтæ ма сабыр цардмæ раздæхтысты 600 æмбæстаджы, кæцытæ уый размæ ацыдысты Сирийæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Национ фидыдады фæдыл организацийы сæргълæууæг Яна Хаддур. Йæ ныхæстæм гæсгæ, организаци адæмæн æххуыс кæны, сæ хиуæттæй чи фесæфт, уыдоны ссарынæн æмæ архайы лигъдæтты сæ хæдзæрттæм раздахыныл. Организацийы руаджы сæ хæдзæрттæм раздæхтысты 6000 сылгоймаджы. Афтæ ма организаци  архайы хæсты фесафгæ документтæ сæндидзын кæныныл.

ÆВÆРЫНЦ РЕЛЬСЫТÆ

Хъырымы хиды æфсæнвæдаджы хайыл æвæрд æрцыд рельсыты æмбис – 19 километры. Ацы фæндагыл поездтæ ацæудзысты ацы аз декабры мæйы. Грандиозон объекты арæзтад кæронмæ куы фæуа, уæд бæлццæттæм æнхъæлмæ кæсы ноджы иу сюрприз. Фарватерон аркæты ныррухс кæндзысты уæрæсейаг тырысайы хуызтæ. Керчы донкъубалы триколор зындзæн, æгæрыстæмæй, космосæй дæр.

САТАКÆ КОДТА СЕКТОР ГАЗЫ

Израилаг æфсæддонтæ сатакæ кодтой сектор Газы 100 нысаны бæрц. Уый уыд дзуаппон атакæ, Палестинæ Тель-Авивыл ракетæтæ кæй рауагъта, уымæн.

КУЫНÆГ ÆРЦЫД ТЕРРОРИСТ

Самарайы областы Безенчукскы районы Екатериновкайы хъæуы тыхон структурæты кусджытæ скуынæг кодтой дунеон террористон организацийы уæнджы, кæцы фæнд кодта, адæм бирæ кæм змæлы, ахæм бынаты бомбæ спырх кæнын. Нæлгйомагæн бастдзинад уыд дунеон террористон организациимæ, кæцытæ йын лæвæрдтой хæслæвæрдтæ. Йæ фæстаг хæслæвæрд уыд, цæмæй бомбæ æввахс рæстæджы спырх кодтаид, бирæ адæм кæм змæлы, ахæм бынаты.

ТЕРАКТ

Ног Зеландийы горæт Крайстчерчы дыууæ аргъуанмæ бабырстой фыдгæнджытæ æмæ æхсын райдыдтой адæмы, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 40 адæймаджы бæрц. 30 адæймагмæ æввахс та фесты цæфтæ. Полици баурæдта цыппар адæймаджы.

ФÆМАРД СТЫ 10 АДÆЙМАДЖЫ

Бразилийы Сан-Паулуйы скъолатæй сæ иуы æхстыты фæстиуæгæн фæмард сты 10 адæймаджы æмæ 17 та фесты алыгъуызон цæфтæ. Фæмардуæвджыты ‘хсæн сты фондз ахуыргæнинаджы, ахуыргæнæг æмæ æндæр адæймæгтæ. Фыдгæнджытæ уыдысты дыууæйæ. Уымæй дарддæр ма полици райста информаци, зæгъгæ, скъолайы территорийыл æвæрд ис бомбæ, кæцыйы агурынц сапертæ.Марджытæ уыдысты ацы скъолайы раздæры ахуырдзаутæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.