СÆЙРАГДÆР – ÆДАСДЗИНАДЫ  ФАРСТАТÆ

Республикæйы арæнтæй зымæгон куыд ис æнæфыдбылызæй ахизæн æмæ æрбахизæн? Ууыл уыд сæ ныхас Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæртæ æмæ æрдзон фыдбы-лызты фæстиуджытæ аиуварс кæныны министр Евгений Зиничевæн сæ фембæлды рæстæджы. Уый йæ бæрнон кусджытæй стыр делегациимæ республи-кæмæ ссыд Битары фырты хуындмæ гæсгæ. Республикæйы разамынд йæ разы хæс сæвæрдта, Транскам æмæ Арвыкомы фæндæгтыл зымæг цы зындзинæдтæ æвзарынц, уыдонимæ федералон министрады разамонджыты базонгæ кæнын. Битары-фырт Зиничевæн арфæйы ныхæстæ загъта, респуб-ликæйы цардмæ йын хъарм ахаст кæй ис, æдзух тыхст заман нæ уæлхъус кæй æрбалæууы.

Фысымтæ уазджытæн радзырдтой сæ тыхст уавæр, зымæгон фæндæгтыл адæм цы зындзинæдтæ æвзарынц,  Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты кусджытæ цавæр мадзæлттæ аразынц, зæйты рацæуæн бынæттæм æдзух сæ цæст куыд дарынц, цавæр мадзæлттæй кусынц, цы техникæ нæ фаг кæны æмæ бирæ æндæртæ.

Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам. Ацы фæндæгтæн сæ цин, сæ пайда цас у, уымæй къаддæр нæу сæ фыдбылыз дæр. Раджы заманты бирæ адæмы цард аныхъуырдтой æвæндаг хæхтæ. Транскамы сырæзтæй адæм сулæфыдысты, 2 – 3 сахатмæ бафтдзынæ иу Ирыстонæй иннæмæ. Фæлæ зымæг! Цас тухитæ æвзарынц адæм ацы зæйты рацыдæй. Цалдæргай бонты фæдзыназынц иннæ фарсмæ сæ хæдзæрттæм аирвæзыныл. Арæх дæ хионы судзгæ зианыл нæ сæмбæлдзынæ æхгæд фæндаджы аххосæй.

Хуыздæр уавæры нæй Арвыкомы фæндаг дæр. Уый Уæрæсейы бæтты Гуырдзыстон æмæ Сомихимæ. Уыцы фæндагыл ахизæн ис Турк, Иран æмæ Индимæ дæр. Афтæмæй дыгай къуыриты дæр æхгæдæй баззайы. Бæлцæттæ афтæ сфæлмæцынц æмæ сæ арæх бахъæуы дохтыртæ æмæ психологты æххуыс. Хорз у уæддæр ма дзы æрулæфæн бынæттæ, хæрæндæттæ, машинæты лæууæнтæ фызынд æмæ адæмæн чысыл фенцондæр. Ныртæккæ ахæм рæстæгмæ уавæртæ сарæзтой Буроны дæр тъунелмæ хæстæг.

Федералон министр куыд загъта, афтæмæй сæ ведомство йæ хъус дары ацы фæндæгты уавæрмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, дыууæ фæндагæн дæр аивын хъæуы сæ куысты системæ, зæгъæм, Транскамы саразын хъæуы уæлæмхас зæйуромæнтæ:  “Цы саразын хъæуы, ууыл уал раздæр хъæуы бæстон ахъуы-ды кæнын. Махæй цы кæнгæ у, уый хъуамæ саразæм, цæмæй Уæрæсейæн ахсджиаг чи у, уыцы автомагистралтæ зымæг дæр æнæкъуылымпыйæ кусой æмæ транспорты цыд ма къуылымпы кæна”, – загъта Евгений Зиничев. Уый ма Цæгат Ирыстоны Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады аст кусæджы схорзæхджын кодта ордентæ “За содружество во имя спасения”.

Мæскуыйаг уазджытæ куыд загътой, афтæмæй æппæт лыггæнинаг фарста-тæ дæр фæнысан кодтой сæхимæ æмæ сыл хæстæгдæр рæстæджы бацархайдзысты.

 

ДÆ  ФИДÆНЫЛ  АБОН  ХЪУАМÆ  БАТЫХСАЙ

Республикæйы дарддæр цæуынц рейдтæ, æнæзакъонæй чи кусы, уыдоны сбæрæг кæныны тыххæй.

Фæстаг азты уыцы фарста канд Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр у сагъæсаг. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ паддзахадон куыстуæттæ бирæ нал сты. Сæ бынат сын бацахстой хисæрмагонд куыстуæттæ.  Уыдоны разамонджытæн та сæ фылдæр халынц фæллойадон кодекс: официалон æгъдауæй регистраци нæ кæнынц сæ кусджыты. Уымæн æмæ сын уый пайда нæу. Алы кусæгæн дæр хъæуы хъалонтæ фидын Хъалонты инспекцимæ, фæдзæхстадон фиддонтæ та пенсион фондмæ.

Ахæм кусджытæ ницыдæр æхсæнадæн хæссынц пайда, нæдæр фæдзæхстады фиддонтæ фидынц, нæдæр сæхи фидæн аразынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыстуаты закъоны бындурыл регистраци чи нæ у, уыдонæн нæдæр стаж цæуы, нæ дæр сын социалон гарантитæ ис, зæгъæм, фидгæ отпуск, рынчыны гæххæтт… Фæлæ, сæйрагдæр, сомбон сæрибар уыдзынæ пенсийæ дæр. Ног закъонтæм гæсгæ йæ кæнæ бынтондæр нæ райсдзынæ, кæнæ – капеччытæ. Фæлæ адæмæн æндæр куыст нæй æмæ фæразынц.

Цæмæй ахæм закъонхалджытæ сбæрæг уой, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзт æрцыд кусæг къамис. Уыдон хъалонты службæ æмæ пенсион фонды кусджытимæ иумæ аразынц рейдтæ куыстуæтты æмæ бæрæг кæнынц, “серая зарплата” кæй хонынц, уый чи исы, уыдоны. Цыбыр рæстæгмæ 1500 организаци æмæ куыстуаты сбæрæг кодтой 6500 æнæзакъон кусæджы. Къамисы уæнгтæ уыдонæй 6000 раивын кодтой закъоны бындурыл куыстмæ. Уый у хорз æнтыст. Уымæн æмæ уал адæймагæй бюджет æмæ пенсион фондмæ æфтиæгтæ бацæудзæн. Уымæй аразынц сæхи фидæн дæр.

Рейдтæ цæуынц дарддæр. Къамис йæ разы сæвæрдта бæлвырд хæс: “аууоны архайд”-æн кæрон сæвæрын. Кусæг æрмæст йæ хицауæн ма хъуамæ хæсса пайда, фæлæ æхсæнадæн дæр. Æмæ, фыццаджыдæр, йæхицæн.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.