Февралы мæйы республикæйы хæстон-интернационалистты номыл мысæн бон нысан куы цыди, уæд Национ музей бацæттæ кодта тематикон экспозици, цыран хайад райстой афгайнаг хæстонты цæдисы уæнгтæ, æмæ ацы бонты та уыдон экспозици уынæг бацыдысты се ‘ввахс хиуæттимæ.

Хæстон æфсымæрады æмбырдгонд экспозици конд у службæйы уæззау бонтыл, æфсæддонты сгуыхтдзинад, уарзт æмæ хæлардзинадыл дзурæг, зæрдæйæн зынаргъ реликвитæй.

Афганистаны Ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат йæхи æмæ йе ‘мбæлтты номæй бузныджы ныхæстæ загъта Национ музейы директор Зассеты Мераб æмæ йæ коллективæн, экспозицийыл зæрдиагæй кæй бакуыстой æмæ сын ныфс бавæрдта, йæ рауæрæхдæр кæнынæн сын кæй баххуыс кæндзæн.

«Афганистанмæ нæ лæппутæй ацыд дыууæсæдæйæ фылдæр æмæ уыдон иууылдæр сæ хайбавæрд бахастой иумийаг хъуыддаг-мæ, Райгуырæн бæстæ сын сæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый æххæст кæнынмæ. Уый у нæ историйы трагикон сыфтæй иу æмæ йæ хъуамæ зонæм æмæ мысæм. Стыр бузныг, ацы экспозици чи бацæттæ кодта, уыдонæн иу-уылдæр!», – загъта Гуыцмæзты Мурат.

«Афгайнæгтæ» мысыдысты, Райгуырæн бæстæйы раз сæ хæстон хæс куыд æххæст кодтой, куыд сæфтой се ‘мбæлтты, кæстæр фæлтæрæн та дзырдтой нæлгоймаджы æцæг хæлардзинад æмæ æнувыддзинад куыд зы-наргъ у, уый. Афгайнаг ветеранты республикон цæдис ныртæккæ дæр йæ зæрдæ нæ ивы традицитыл, активон хайад исынц æхсæнадæн ахсджиаг цауты, æххуыс кæнынц, чи фæмард, уыцы æмгæртты бинонтæн, фæсивæдимæ кæнынц патриотикон æмæ хъомыладон куыст. Экспозицийы ис къамтæ, фыстæджытæ, хор-зæхтæ, æмæ хæстонтæ-«афгайнæгты» сæрмагонд дзаумæттæ. Ам алы дзаума дæр дзурæг у æхсардзинадыл, нæ адæмы хæстон кадыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.