Ацы бонты нæ республикæмæ æрцыд Уæрæсейæ минæварджын делегаци, кæцы бынаты зонгæ кодта нæ хъæууон хæдзарады уавæримæ. Агросæудæджерадон комплексы рæзтимæ баст фарстытыл уынаффæ цыдис РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй цы æмбырд ауагъд æрцыд, уым дæр.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй рабадты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади, хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев æмæ республикæйы районты администрациты сæргълæуджытæ. Уæрæсейы фарсæрыдгæй та – хъæууон хæдзарады, экономикæйы рæзты министрадты, «Россельхозцентры» æмæ æндæр ве-домствоты минæвæрттæ. Уæрæсейы делегацийы сæргъ лæууыд УФ хъæууон хæдзарады министрады зайæгойгуысты, механизаци, химизаци æмæ зайæгойтæ хъахъхъæныны депортаменты директор Роман Некрасов.

Бибылты Анатоли бузныг загъта уæрæсейаг делегацийы уæнгтæн республикæйы хъæууон хæдзарады рæзты хъуыддаджы се ‘ххуысы тыххæй.

«Хуссар Ирыстонæн ис потенциал йæ климатон уавæртæ æмæ географион равæрдмæ гæсгæ дæр», – банысан кодта уый.

Дарддæр Президент загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы комкоммæ хайадистæй реализаци цæудзысты уæвæг фадæттæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады рæзт ифтонг цæуа.

Йæ рады Роман Некрасов радзырдта Цхинвалмæ кусæгон къорды сконды кæй æрцыдысты агрохимийы, зайæгойтæ хъахъхъæныны æмæ техникон политикæйы къабазы сæйраг специалисттæ. Уый сæрмагондæй банысан кодта делегацийы уæнгтæй сæ иуы  – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хъæууон хæдзарадын æмæ хæлцады министр Уазиаты Хъазбеджы фæлтæрддзинад.

«Фæстаг азы уымæн йæ куысты уыдис стыр æнтыст. Æмæ абон Цæгат Ирыстон у нæмыгон культурæты, афтæ ма халсаргуысты дæр тыллæгæрзадæй лидер. Цæгат Ирыстон ацы аз фыццаг бынат бацахста бирæазон байтыдтытæй. Уымæ гæсгæ Уазиаты Хъазбеджы фæлтæрддзинад пайда уыдзæн нæ абоны куыстæн дæр.

Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады министр Дмитри Патрушев нын нæ разы цы хæстæ æрæвæрдта, уыдонмæ гæсгæ хъæуы саразын афтæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны сæудæджерады комплекс суа эффективон æмæ лæуд уа рæзты фæндагыл. Ацы здæхты мах хъæуы серьезон куыст бакæнын.

Абон ныхас кодтам хуссарирыстойнаг хъæууохæдзарадон товартуадзджытимæ, мах иртасæнтæ саразыны тыххæй систам мæры хуызæгтæ æмæ сæ аласдзыстæм Уæрæсемæ, уым сараздзыстæм æххæст анализ æмæ бацæттæ кæндзыстæм зонадон æгъдауæй бындуриуæгджын рекомендацитæ. Мах федтам бирæ объекттæ, уыдонæй алкæй фæдыл дæр бацæттæ кæндзыстæм конкретон фадæттæ аграрон кондады эффективондзинад æмæ продукцийы рауагъды гуырахсттæ фæфылдæр кæныны фæдыл», – загъта уый.

Роман Некрасов куыд загъта, афтæмæй Дмитри Патрушевы бахæсмæ гæсгæ аграритæн лæвары хуызы лæвæрд æрцæудзæн кондадон техникæйы цыппар иуæджы, цæмæй республикæйы территорийыл технологион операцитæ æххæст цæуой.

Уымæй дарддæр ма фæндон бахастæуыд, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны сæудæджерадон комплексæн бацæттæчындæуа цалдæр кусæджы – сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæной Уæрæсейы Федерацийы ахæм дæсныйæдты фæдыл, куыд агрохими, зайæгойтæ хъахъхъæнын æмæ æндæр хъæуæг здæхтыты.

«Æз нымайын афтæ æмæ уый уыдзæн ахсджиаг хъуыддаг фидæны æнтысгæ рæзтæн», – загъта уый.

Йæ рады Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министр Дмитри Патрушевæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны агросæудаджерадон рæзты йе ‘ххуысы тыххæй.

«Ныфс мæ ис, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æмархайд кæй ратдзæн нæ æмахастыты рæзтæн ног  импульс æмæ нæ дарддæры æмгуысткæнынад кæй уыдзæн иттæг  эффективон æмæ хъæуæг», – загъта Президент.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.