2008 азы августы гуырдзыйы фашисттæ Ирыстоны арæнтæм куы ‘рбафсæрстой, уæд нæ горæты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды хæстонтæ дæр уыдысты Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 8-æм августы, райсомæй раджы Къостайыхъæумæ бахызтысты гуырдзыйы гæрзифтонг æфсад æмæ æмæ уым  стыр зиæнттæ ракæнгæйæ сæ тых сарæзтой Тъбеты хъæуыл горæт Цхинвалмæ.

ОМОН-ы командир уæд Пухаты Мераб уыд, уый йæ хæцæг лæппуты адих кодта цалдæр къордыл. Иууыл тæссагдæр ранмæ – Тъбеты хъæуы æрбацæуæнмæ цы къорд ацыд, уыдон уыдысты Мæлдзыгаты Сослан, Санахъоты Алан, Къæбысты Алан æмæ Быценты Гайоз. Сæхи кæм бааууон кодтаиккой гом бынаты, уый дзы нæ уыд æмæ æрлæууыдысты, уый размæ ам цы акъоппытæ скъахтой, уым. Хæцæнгарзæй сæм уыд æрмæстдæр цалдæр автоматы, гранатомет æмæ иу БТР. Кæцæй æнхъæл уыдысты, знаг сæм комкоммæ сосæвæндагыл кæй æрбацæудзæнис, сæ хъус фылдæр дардтой быдыры ‘рдæм. Уалынмæ æнæнхъæлæджы трассæйыл разындысты знаджы хæстон техникæ. Разæй 25 танкæй фылдæр, æндæр алыгъуызон бронетехникæ æмæ сæ фæстæ та 400-500 гæрзифтонг хæстоны. Цы гæнæн ма сын уыд, бæргæ æмбæрстой, цыппарæй уыйбæрц æфсады ныхмæ ницы сараздзысты, фæлæ нæ уыд æндæр гæнæн, хъуамæ сæ æрурæдтаиккой, цæмæй знаг ма зæгъа, зæгъгæ, нæ ныхмæ чи фæлæууыдаид, уый дæр сæм нæ разынд. Цыппар лæппу æнæмсæр тохы бацыдысты. Сæ командир Пухаты Мераб  сын рацийæ бардзырд радта, цæмæй сæ бон цас суа, уый бæрц танк-тæ спырх кæной. Лæппутæй сæ иу, Къæ-бысты Алан, уыд гранатометæй æхсæг. Санахъоты Алан та уыд йе ‘ххуысгæнæг. Уыдон сæ дыууæ дæр рахызтысты æргом хæстмæ æмæ райдыдтой знаджы ‘рдæм æхсын. Цалдæр æхсты фæстæ разæй цæуæг танк йæ бынаты дзыхълæуд æркодта, фæлæ та иу уысмы фæстæ размæ анкъуыст. Къæбысты лæппу та ногæй афæлвæрдта фехсын, фæлæ та йын уæддæр танк спырх кæнын нæ бантыст. Къорды командир Бежанты Алан бæргæ бамбæрста уавæр æмæ иннæтæн радта бардзырд, цæмæй фæстæмæ алæууой æмæ сæхи бахъахъхъæной. Фæлæ, знаг йæ кæнон бакодта  æхстыты бын сæ фæкодтой. Сæ мард буæрттæ сын быдырæй чи рахаста, уыдон сæ цы уавæры федтой, уый абон дæр сæ цæстыты разæй нæ хизы, нал, дам, сæ уыд базонæн. Цыдæр амæлттæй цыппары мæрдон буары дæр æрластой моргмæ. Уырдыгæй та сæ аластой Цæгат Ирыстонмæ.

Мæлдзыгаты Сослан уыд ацы цыппар хæстонтæй се ‘ппæты кæстæр, цыдис ыл æрмæстдæр 19 азы. Йæ ныййарæг мад æмæ дыууæ хойы ныууагъта кæугæйæ. Йе ‘мгæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Сослан хъæбатырдзинад рахаста æрдзæй.

8-æм августы дæр уымæн февзæрд, раст иууыл тæссагдæр кæм уыд, знаг æрбабыр-сынмæ кæцæй фæл-вæрдта, уым. Сослан уарзон æмæ ныфс канд йæ мад æмæ дыууæ хойæн нæ уыд. Уымæй сæрбæрзонд уыдысты, кæм ахуыр кодта, уыцы 6-æм скъолайы ахуыр-гæнджытæ дæр. Уый уыд цæвиттойнагдæр ахуыргæнинæгтæй сæ иу. Рæсугъд канд бакастæй нæ уыд, фæ-лæ ма зæрдæйы кон-дæй дæр. Кæд цыбыр уыд Сосланæн йæ цардвæндаг, уæддæр ныууагъта бирæ хорз мысинæгтæ, чи йæ зыдта, уыдон зæрдæты.

Ирыстоны сæр-вæлтау æрхаста йæ сæр. Йæ Ирыстонæн иууыл зындæр куы уыд, уæд йæ риуæй бахъахъхъæдта йе ‘мтуг адæмы. Сослан афтæ бирæ цы Райгуырæн бæстæ уарзта, уым æй бавæрдтаиккой, уый фадат дæр ын нæ радтой, йе знæгтæ. Абон дæр Мæлдзыгаты Сосланы ингæн ис Цæгат Ирыстоны, Михайловскы хъæуы уæл-мæрды. Сабыр дуг кæм æрлæууыд, æдасæй кæм цæрæм, уыцы Ирыстон кæддæриддæр кад кæндзæнис Сослан æмæ уый хуызæн хъайтартæн.

Санахъоты Алан дыууæ азæй фылдæр рацард Мæлдзыгаты Сосланæй. Райгуырд 1988 азы Цхинвалы, каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола. Йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПУ-йы физкультурæйы факультеты фæсаууонмæ хайады æмæ кусынмæ бацыд ОМОН-мæ. 21-аздзыд лæппу нæ бавзæрста хъæбулы ад – бинонтæ дæр нæма æркодта. Йе ‘ввахс хиуæттæ æмæ ныййарджытæн ныууагъта æрмæстдæр йæ сонт уды мысинæгтæ, рæвдаугæ хъæлæсæй-иу цы хъæлдзæг ныхæстæ кодта, уыдон. Уыд уæззау зонды хицау, æмбæрста уæды царды зын уавæртæ æмæ архайдта йæ ныййарджытæн сæ къух фæрæуæгдæр кæныныл. Фæлæ хъысмæт æгъатыр разынд, йæ фæндтæ йæ бæллицты ахаста уыцы дунемæ йемæ.

Къæбысты Алан дæр кæугæ æмæ дзыназгæ ныууагъта йæ ныййарджыты. Цард-мондагæй ахаста сау мæрмæ йæ уарзон чызгмæ уарзондзинад. Йæ хæстон æмгæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Алан уыд хæларзæрдæ, æмгæртты уарзон æмæ æнувыд хæлар. Цыфæнды хъуыддаджы дæр Аланы чи зыдта, уый дзы æрмæстдæр уыд райгонд. Уыд ныфсджын æмæ йæ хæстон хæстæ æххæст кодта цæсгомджынæй.

Быценты Гайозы хиуæттæ, сыхæгтæ æмæ йæ чи зыдта, уыдон се ‘ппæт дæр, йæ амæлæт ын фехъусгæйæ, цавддурау фесты. Йæ чысыл хъæбул Кристинæ та баззад сидзæрæй дыууæаздзыдæй.

 Йæ фыд Ибрагим йæ фырты амæлæты фæстæ уæззау рынчын фæцис. Абон æмгæрттæ æмæ хиуæттæ æрымысынц Гайозы хъæлдзæг ныхæстæ. «Уый уыдис хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ, зондджын æмæ  намысджын  æмгар.  Цыфæнды  хъуыддаг дæр ын бахæс кæн – æххæст æй кодта цæсгомджынæй æмæ афоныл», – зæгъы, хæларæй кæимæ цард ахæм æмгар.

Сæ амæлæты фæстæ ацы цыппар лæппуйы хорзæхджын æрцыдысты иууыл уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йæ.

Хъæбатыртæ нæ мæлынц! Уыдонæн сæ ном æнустæм цæрдзæн ирон адæмы зæрдæты. Ирыстоны ногдæр историйы фыст æрцыдысты сæ нæмттæ!

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.