ТОХЫ ЦÆХÆРЫ АСКЪУЫДИС ЙÆ ЦАРД

Уый бæрцæй рацард 19 азы. Кæд ныр 10 азы дæргъы не ‘хсæн нал ис, уæддæр йе ‘взонг удæй йæ фæстæ цы стыр фарн æмæ лæгдзинад ныууагъта, уыдон рох не сты йе ‘мгæрттæ, йе ‘мтохгæнджытæ æмæ хиуæттæй. Зын у ивгъуыдмæ здæхын, уæлдайдæр та дзы хорзæй æрымысинаг куы ницы уа, уæд. Фæлæ æнæрымысгæ нæй, хъæбатыр æвзонг лæппутæ сæ удтыл æнæауæрдгæ куыд тох кодтой, тугæй куыд балхæдтой махæн хæдбардзинад.

Æвæццæгæн, адæймаджы зæрдæйы патриотикон æнкъарæнтæ куы уа æмæ йын хъысмæтæй нывгонд куы уа хъæбатыры ном хæссын, уæд фæагуры фæндаг цыфæнды амæлттæй дæр. Уæдæ æндæр куыд бамбарæн ис Мæлдзыгаты Сослан фынддæсаздзыдæй Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ кусынмæ кæй бацыд, уымæн. Астæуккаг скъола нæма фæци, афтæмæй дуджы уæззау уавæр уынгæйæ, ирон адæмы æфхæрд æнкъаргæйæ, хуыздæрыл банымадта ахуыр иуварс æрæвæрын æмæ йæ къухмæ æхсæнгарз райсын. Сослан æрдзæй дæр æмбаргæ æмæ тæлтæг уыд. Ноджы ОМОН-ы цы физикон цæттæдзинад иста, уый йын йæ тыхтыл дывæр тых æфтыдта. Цыбыр æмгъуыдмæ ссис æмгæрттæн дæр ныфс. Кæдфæндыдæр цæттæ уыд, цыфæнды зын хæс æххæст кæнынмæ.

2008 азы августы гуырдзыйы фæшисттæ Ирыстоны арæнтыл куы рбафсæрстой, уæд Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды лæппутæ Мæлдзыгаты Сослан семæ, афтæмæй уыдысты иууыл тæссагдæр æмæ бæрнондæр бынæтты. Гуырдзиаг тыхгæнджытæ Знауыры ‘рдыгæй Цъунары хъæумæ ‘рбахызтысты æмæ уым бæстыл арт бафтыдтой, стæй сæ ных сарæзтой Тъбеты хъæумæ. Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд адих цалдæр чысыл къордыл æмæ бацахста Тъбеты хъæуы æрбацæуæнтæ. Мæлдзыгаты Сослан цы къордимæ уыд, уымæ æрхауд иууыл зындæр позици. Тыгъд быдыры нæ уыд иунæг бæлас, иунæг къутæр дæр, сæхи кæм баууон кодтаиккой, ахæм. Хæцæнгæрзтæй та сæм уыд æрмæстдæр цалдæр автомат, дыууæ гранатæхсæны æмæ иу БТР. Æнхъæлдтой знаг сæм быдырæй æрбацæудзæн æмæ бацахстой йæ ныхмæ фæлæууынæн хуыздæр позицитæ. Фæлæ æнæнхъæлæджы сосæвæндагыл æрбафсæрстой Гуырдзыстоны фистæг æфсад. 25 танчы бæрц, алыгъуызон бронетехникæ æмæ æндæр, нырыккон америкæйаг æфсæддон фæрæзтæ фенгæйæ лæппутæ сфæнд кодтой: хъуамæ сæ æруромæм исты амæлттæй. Бацыдысты æнæмсæр тохы æмæ се ‘мбæхсæнтæй райдыдтой æхсын знаджы танчыты. Мæлдзыгаты Сослан цы къордимæ баззад, уыдонæн командæгæнæг уыд Бежанты Алан. Уый бæргæ æмбæрста, лæппуты ныхмæлæуд æнæхъуаджы кæй у, иу ахæмы бардзырд дæр радта, цæмæй фæстæмæ алæууой æмæ сæхи бахъахъхъæной, фæлæ сæ зна-джы танк чъылдымæрдыгæй фехста. Ацы тохы уыцыиу рæстæджы фæмард сты нæ лæппутæй цыппар – Мæлдзыгаты Сослан, Къæбысты Алан, Санахъоты Алан æмæ Быценты Гайоз.

Мæлдзыгаты Сослан уыцы цыппар лæппуйæ уыд се ‘ппæты кæстæр, цыдис ыл æрмæстдæр 19 азы. «Царды исты фæд ныууадзай дæ ном уæлæуыл баззайа уый, бирæ азты фæцæры-нæй нæу. Сослан хъæбатырдзинад рахаста æрдзæй. Кæд нырма чысыл уыд, уæддæр ныфсхаст æмæ тас чи нæ зыдта ахæм гуырд уыд. Цыфæнды йын бахæс кодтаис, алцы дæр æххæст кодта иттæг хорз», – зæгъы Сосланы уæды взводы командир Цхуырбаты Мельс.

«Мæ кæстæр æфсымæр Сосик гыццылæй фæстæмæ бæллыд барадхъахъхъæнæг органты кусынмæ. Уымæн æмæ, зæгъгæ, уыдон алы хатт февзæрынц тæссаг бынæтты. Æцæг лæг та хъуамæ тæссаг ранмæ цæуынмæ йæ ныфс хæсса, мацæмæй тæрса», – æрымысы Сосланы хистæр хо Ванда.

Мæлдзыгаты Сосланы æмгæрттæй сæ иу та афтæ загъта: «Куыд æмæ цы хуызы бамбæхста Сослан йæ азтæ  уæд, уый абон дæр бæрæг нæу. 15 аздзыд лæппуйы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды рæнхъытæм ничи айстаид, кæд цыфæнды тыхст дуг уыд, уæддæр. Æниу йæ азтæ кæд цъус уыдысты, уæддæр уыд уæззау зонды хицау. Йæ ныхас кæддæриддæр бынаты, иу æнæуаг ми аразгæ дæр æй никуы федтон. Диссаг та хæцæнгарзимæ куыд рæхст, уый уыд. Уый æрвылхатт дæр цæттæ уыд цыфæнды зын хæс сæххæст кæнынмæ. 8-æм августы дæр Тъбеты æрбацæуæн иууыл тæссагдæр бынæттæй сæ иу кæй уыд, уый æнæмбаргæ нæ уыд. Фæлæ йæхи нæ бааууон кодта. Уый нæ, фæлæ тох кодта фæстаг туджы æртахы онг. Цыппарæй уыцы иу рæстæг бабын сты. «Сæ зæххыл сæ бавæрдтаиккам уый фадат дæр нын нæ уыд. Абон дæр Мæлдзыгаты Сосланæн йæ ингæн ис Цæгат Ирыстоны, Михайловскы хъæуы уæлмæрды», – зæгъы Сосланы хæстон æмгæрттæй сæ иу.

2-æм июлы Мæлдзыгаты Сосланыл хъуамæ сæххæст уыдаид 29 азы. Ныр уыдаид йæ тæккæ лæджы кары. Уыдаид ын цот дæр. Раздæрау уарзон æмæ ныфс уыдаид канд бинонтæн, хиуæтæн, сыхæгтæн нæ, фæлæ ма бирæ цы æмкусджыты уарзта, уыдонæн дæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.