16-æм июлы Цхинвалы районы Залдайы хъæуы оперативон-агурæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы цы дыууæ милиционеры фæцæф сты, уыдоны æнæниздзинад бæрæг фæхуыздæр ис. Мидхъуыддæгты министрады медико-санитарон хайы сæргълæууæг Мæргъиты Георгий куыд фехъусын кодта, афтæмæй рынчынтæ райстой æппæт хъæугæ медицинон æххуыс, рацыдысты æнæнизкæныны курсытæ, кæцытæ сыл бандæвтой хорзæрдæм æмæ сын ныр тæссаг ницæмæй уал у.

«Пухаты Сосланы ныридæгæн рафыстой рынчындонæй æмæ ис хæдзары. Ӕз æй мæхимæ рынчынты хыгъды сæвæрдтон æмæ йын йе ‘нæниздзинадмæ мæ хъус дарын æппынæдзух. Фæстæдæр ма йын планмæ гæсгæ бахъæудзæн иу операци. Гатыгкоты Захаримæ дæр мын ис регулярон бастдзинад, – куы йын йæхимæ фæдзурын телефонæй, куы та йæ дохтырмæ. Уый дæр æнæ искæй æххуысæй райдыдта цæуын, рахизы рынчындоны кæртмæ дæр. Цæфтæ райсыны фæстиуæгæн йæ цæстытæй тынг æвзæр райдыдта уынын æмæ дохтыртæ алы амæлттæй дæр архайынц йе сдзæбæх кæныныл», – банысан кодта Мæргъиты Георгий.

Милицийы уголовон фæдагуырды кусджытæ Пухаты Сослан æмæ Гатыгкоты Захар сæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ Залдайы хъæуы æнæнхъæлæджы бамбæлдысты фыдгæнджытæ Гæбæраты Сæрмæт æмæ Къæбысты Андрейыл, кæцыты сæ бакæнгæ фыдракæндты тых-хæй агуырдтой барадхъахъхъæнæг органтæ. Фыдгæнджытæ ифтонг уыдысты хæцæнгæрзтæй æмæ милицийы кусджытæм систой сæ æхсæнгæрзтæ. Ныхмæлæуды фæстиуæгæн милицийы кусджытæ дыууæйæ фæцæф сты æмæ фыдгæнджытæй та Гæбæраты Сæрмæт райста уæззау цæфтæ.

Гатыгкоты Захар æмæ Пухаты Сослан тынг уæззау уавæры æрбахаудтой рынчындонмæ æмæ дохтырты бон цы уыд, уый сын баххуыс кодтой. Суанг 7 августмæ уыдысты уæззау стабилон уавæры æмæ сын афтæмæй искуыдæм аласæн дæр нæ уыд. Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады сæйраг хирург Владислав Зубрицкий æрцыд, цæмæй бынаты федтаид рынчынты уавæр æмæ куыддæр фæхуыздæр сты, афтæ сæ аласын кодта Мæскуымæ Мидхъуыддæгты министрады Сæйраг клиникон госпиталмæ. 21 августы Пухаты Сосланы рафыстой госпиталæй æмæ æрцыд йæ райгуырæн бæстæм. Кæд нырма бынтон æнæниз нæу, уæддæр уыдзæн дохтырты хъусдарды бын æмæ йын дарддæр дæр йе ʻнæниздзинад фæхуыздæр кæныны фæдыл араздзысты хъæугæ процедурæтæ.

Гатыгкоты Захарæн нырма йе нæниздзинад цуды, фæлæ тагъд рæстæджы уый дæр кæронмæ адзæбæх уыдзæнис. Йæ цæстытæй дæр райдыдта хуыздæр уынын æмæ тагъд рæстæджы, Хуыцауы фæрцы, æнæнизæй æрыздæхдзæнис  йæ  хæдзармæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.