Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Донецкы Адæмон Республикæйы цæрджытæм арвыста ныстуан, сæ  республикæйы сæргълæууæг Александр Захарченкойы амæлæтыл афæдз кæй сæххæст, уый сæраппонд. 

Ныстуаны дзырдæуы:

«Донецкы Адæмон Республикæ-йы цытджын цæрджытæ, зынаргъ хæлæрттæ!

Рацыд афæдз уыцы трагикон бонæй, æвирхъау террористон акты рæстæджы мах куы фысæфтам Донецкы Адæмон Республикæйы зын-гæ хæстон æмæ паддзахадон архайæг, Донбассы кадджын фырт, æнувыд хæлар æмæ æмгар Александр Владимиры фырт Захарченкойы.

Афтæ рауад æмæ йæ амæлæтæй цалдæр боны раздæр Александр Владимиры фырт уазæгуаты уыд Хуссар Ирыстоны. Æз æй хъуыды кæнын цахæм уарзондзинады æнкъарæнтæй дзырдта сымахыл – йæ адæммæ æгæрон уарзтыл, уæ æгæрон хъайтардзинадыл, Донбассы цæрджыты проблемæтыл, фидæны егъау плæнттыл.

Æз æй зонын, сымах дæр ын дзуапп кæй лæвæрдтат ахæм æн-къарæнтæй. Сымах ыл бафтыдтат уе ууæнк бæстæйыл æмæ адæмыл къухдариуæгад кæнын йæ историйы иууыл бæрнджындæр рæстæджы. Æрдзæй къухдариуæггæнæджы æмæ бæрзонд организаторон курдиат рахæсгæйæ, хæстон хъайтар Александр Владимиры фырт ссис бæстæйы арæхстджын къухдариуæггæнæг. Уый хицæн кодта бæрзонд компетентондзинадæй æхсæнады царды æппæт фадгуыты. Йæ энергийы фæрцы уый йæхимæ иста паддзахадон арæзтады вазыгджын хæстæ скъуыддзаг кæнын æмæ сæ æнтыстджынæй реализци кодта.

Александр Владимиры фыртмæ хъусгæйæ-иу мæм æвзæрыдысты йæ райгуырæн бæстæйы стыр патриотмæ цыты æнкъарæнтæ. Æз æппындæр нæ дызæрдыг кодтон, ахæм лидеримæ Донецкы Адæмон Республикæйы тохгæнæг адæмы раз цы масштабон хæстæ ис, уыдон скъуыддзаг кæнын сæ бон кæй уыдзæн.

Зынаргъ хæлæрттæ! Уыцы трагикон боны стыр хъынцъым уемæ дих кодтой РХИ-йы адæм дæр. Махмæ æцæг хъайтартæн, адæмы æцæг патриоттæн аргъ кæнынц. Нæ бæстæйы цæрджытæ Александр Владимиры фыртæн кад кодтой. Уый иу æмæ дыууæ хатты нæ банысан кодта нæ адæмы историон хъысмæтты иумæйагдзинад, лæмбынæг ахуыр кодта паддзахадон арæзтады нæ фæлтæрддзинад, алыварсонæй ахъаз кодта нæ бæстæты ‘хсæн хъуыддагон æмæ партнерон ахастытæ сфидар кæнын-æн.

Донецкмæ Алекандр Захарченкойы амæлæты афæдзы бонмæ æрцæуынмæ цæттæ кæнгæйæ, хъыгагæн, сæвзæргæ уавæрты аххоссæй мын фадат нæ фæцис траурон мадзæлтты хайад райсын.

Ацы бонты, мæ хæлар æмæ коллегæ Александр Захарченкойы мысгæйæ, æз ма ноджы иу хатт РХИ-йы адæм æмæ сæрмагондæй мæхи номæй мæсæллæйы ныхæстæ æрвитын йæ бинонтæн æмæ йæ хиуæттæн, коллегæтæ æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æппæт цæрджытæн.

Александр Захарченкойы рухс ном мысын суыдзæн Донецкы Адæмон Республикæйы сæрибардзинадыл тох кæныны зынгæ æнтыстытæ, йæ æндидзынад æмæ йæ дарддæры рæзт, уыцы плæнтты реализаци кæнын, кæцыты æххæст кæнын аскъуыдта аивгъуыйгæ азы æбуалгъ теракт.

Митинджы Донецкы Адæмон Республикæйы фыццаг сæргълæууæджы амæлæтыл афæдз кæй сæххæст, уый сæраппонд ныстуан бакаст Донецкы Адæмон Республикæимæ æмархайды фарстыты фæдыл РХИ-йы Президенты æххуысгæнæг Гæджиты Радислав.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.