Ацы аз æххæст кæны сæдæ азы, гуырдзы 1920 азы ирон адæмæн цы тугкалæн геноцид сарæзтой, ууыл. Рацыд сæдæ азы, фæлæ уæддæр нæ адæмæй нæ рох кæнынц уыцы мæйты тухитæ æмæ фыдбылызтæ. Кæд æмæ советон дуджы идеологи здæхт уыд адæмты ‘хсæн хæлардзинады уидæгтæ фидар кæнынмæ æмæ нæ разæнгард кодта, цæмæй ирон адæмы хъуыдыйы ма баззадаиккой дыууынæм азы хабæрттæ æмæ сын ма æрцыдаид æмбæлон политикон аргъ, уæддæр нæ адæмы хъуыдыйы арф фæд ныууагътой уæды цаутæ, сæ рис нырма дæр риссаг у. Æрæджы телеуынынады иу уæздан сылгоймаг дзырдта, йæ фыдымад æмæ йæ бинонтæ цы хъизæмæрттæ бавзæрстой гуырдзыйы азарæй, уыдоныл æмæ афтæ тынг куыдта, цыма уыцы цаутæ йæ цæстыты раз цыдысты. Æниу, уым диссагæй дæр цы ис, 1989-2008 азты къаддæр фыдбылызтæ куынæ æрбахастой Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг агрессортæ.

Ныры дуджы информацион фæрæзтæ афтæ рауæрæх сты, æмæ уыдоны фæрцы, кæд гуырдзыйы æмæ сæ сæрхъызойты тынг нæ фæндыд, уæддæр дуне базыдта рæстдзинад 2008 азы гуырдзыйы агрессийы тыххæй. Фæлæ сæдæ азы размæ уавæр æндæр уыд, ирон адæмы трагеди дардмæ тынг нæ айхъуыст æмæ ныр гуырдзиаг «демократты» тынг нæ фæнды, цæмæй 1920 азы æрцæугæ цауты хабæрттæ дæр дунемæ айхъуысой. Уымæн æмæ уыдон æмбарынц, раст хъуыдыйыл хæст чи у, уый кæй абардзæн, 1920 азы геноциды хабæрттæ 1989-2008 азты гуырдзы ирон адæмæн цы фыдмитæ фæкодтой, уыдонимæ.

Æрæджы Гуырдзыстоны телеуынынады ахæм ныхас загъд æрцыд, кæд, дам, ирон адæмæй 20-æм азы уыйбæрц мард фæци, уæд, дам, сæ ингæнтæ та кæм сты. Уымæй циникондæр ныхас ма цы хъуамæ уа? Цыма гуырдзиаг гвардионтæ тынг мæт кодтой, кæй цагътой æмæ кæй фæлидзæггаг кодтой, уыдонæй чи скъуыд, уыдоны æгъ-дауыл баныгæныныл.

Æрмæст нæ хæдзарвæндагæй лыгъды рæстæджы фарастæй амардысты, иу зæронд лæг æмæ аст сывæллоны æмæ сæ ингæнтæ кæм сты, уый чи зоны?

Уыцы фыдæвзарæн рæстæджы хабæрттæ æз хъуыстон мæ фыдымад Бетеонæй, кæцы йæхæдæг бавзæрста æппæт уыцы фыдбылызтæ.  1920 азы 7 июны сырх партизантæ Цхинвалы сахар куы ссæрибар кодтой гуырдзыйы меньшевикты хицауады ‘фсадæй, уæд уыцы тохты фæмард мæ фыдымадæн йæ хистæр æфсымæр Бететы Григол (уыцы боны хæсты ирæттæй фæмард æрмæст дыууæ хæстоны – борджнисаг Бететы Григол æмæ иннæ та – ермайнаг Тыбылатæй). 10 июны зианы бавæрдтой кадимæ Борджнисы уæлмæрды (фыссæг Дзесты Куыдзæг йæ мысинæгты фыста, зæгъгæ, уæд ахуыр кодта Дзауы скъолайы æмæ скъоладзауты дæр акодтой Борджнисмæ сгуыхтæн скад кæныны охыл). Мæ фыдымадæн йæ цæссыг нæма басур, афтæ Бузаламæ æрбайхъуыст, гуырдзыйы ‘фсад бæстæ судзгæ кæй æрбацæуынц, уый. Бетеон-иу афтæ дзырдта: уыдис, дам, Фæлвæрайы ‘хсæв æмæ, дам, мæ дзыккайы аг уæларт уыд, уыцы æбуалгъы хабар куы æрбайхъуыст, уæд. Уæд Залдайæ талынджы æрбахæццæ сты мæ фыды хистæр хо Пъела æмæ йæ сæрыхицау Гио (гуырдзыйы гвардионтæн сæ бон нæ бацис æвиппайды Чъехы нарæг  сисын æмæ анхъæвзтой Ортеугом æмæ Залдагомыл). Уайтагъд нæ хъæуыл дæр хабар апырх æмæ ма æхсæвы цы акодтаиккой, уæлдайдæр тынг къæвдайы, фæлæ райсомæй ра-джы алчи фæцис йæ бинонты æфснайыныл (хæстхъом лæппутæ хæсты уыдысты). Мæ фыдыфыд Лыкко дæр йæ хъæбулты амбырд кодта (Пъелайы уæлдай ма хæдзары уыд дыууæ чысыл чызджы (сæ иуыл цыд 6 азы, иннæ – хæрз чысыл), сæ къухы айстой æрмæст чысыл цыдæртæ æмæ ин-нæ лидзæг адæмимæ араст сты хæхты ‘рдæм. Хуыцъейы Кафæн фæзмæ (ныр-тæккæ скъола кæм ис) куы бахæццæ сты нæ бинонтæ, уæд сæ сæрты æрбатахт гуырдзиаг аэроплан (мах адæм ахæм цыдæр фыццаг хатт федтой), æрзылд æмæ Сухтайы хидыл (Дзауæй Хуыцъейы ‘хсæн) бомбæтæ æрæппæрста. Хорз уыд, æмæ бом-бæтæ хидыл не ‘рхаудтой, фæлæ чысыл фалдæр, фæзы. Уыцы рæстæджы Дзауы бамбырд бирæ лигъдæттæ алы рæттæй æмæ Леуахийы сæрты сæ бон уыд æрмæстдæр уыцы хид спырх кæнын, цæмæй лигъдон адæмы æнцонæй фæцагътаиккой.

Цалдæр æхсæвы лигъдæтты иу стыр къорд баззад Мзиуы ‘фцæджы хохрæбын, уыдонимæ – мах бинонтæ дæр. Адæмы уæддæр цыдæр ныфс уыди, зæгъгæ, кæд гвардионтæ аздæхиккой æмæ сын гæнæн фæуаид фæстæмæ хæдзæрттæм æрыздæхынæн. Адæм тынг тыхстысты: иуæй – къæвда рæстæг ахаста, иннæмæй – хойраг æмæ пысул цух – гом арвы бын. Мæ фыдыфыд сфæнд кодта фæстæмæ Бузаламæ æрыздæхын, цæмæй иу чысыл æккойæ исты хойрæгтæ рахастаид (йæ амбартæ хор æмæ ссадæй йедзаг уыдысты). Раздæхын æм тынг тæссаг нæ касти, ома, зæронд лæгæн кæд ницы кæниккой  (уæд ыл цыд 64 азы – уæды барæнтæм гæсгæ зæрондыл нымад уыд). Дзаумæ куы æрхæццæ, уæд æй гвардионтæ æрцахстой, цæфтæ дæр æй ракодтой æмæ йæ Шушиты хъæуы иу скъæты бакодтой гуыдырæхгæдæй. Йæ амондæн, хъуыддаг базыдта Дзауы милицийы хистæр Гасситы Харитон æмæ йæ уый фервæзын кодта. Ахст кæм уыд, уырдæм æм бацыд æмæ йын афтæ, мæнæ, дам, бæстæ судзгæ куы кæны, уæд ма, дам, кæдæм æрыздæхтæ? Гуырдзы, дам, адæмы фос æрæмбырд кодтой æмæ дæ сом уыдонæн фыййау арвитдзынæн, иу æвзонг лæппу ма дзы уыд ахст æмæ уыимæ. Фосы, дам, Тъонтъобеты ‘рдыгæй искуы ныууадзут æмæ дæ сывæллæтты аккой кæн æмæ фæсхохмæ ацæут, ам тагъд не ‘рсабыр уыдзæн. Афтæ Харитоны фæрцы фервæзт мæ фыдыфыд.

Уый фæстæ æцæгæйдæр лигъдæтты уыцы къорд дæр ахызтысты æфцæгыл æмæ ирвæзæн бынат агургæ цыдысты. Цæуын дæр сын æнцон кæм уыд, иуæй – сывæллæттæ (мæ фыдымад йæ чысыл чызджы хъуарийыл бастæй хаста), иннæмæй – зæрæдтæ. Нæ фыдыфырты хистæр лæг Куыдзан, тынг  ас уыд, йæ бон бирæ цæуын дæр нæ уыд æмæ сæ фæндагыл йæ фыртыфырт Дзамбол (Сергей) куы ныййæфта (Дзамбол уыд, Санахъоты Мате ма 24 июны Уæллаг Ручъы цур гуырдзыйы ‘фсадимæ фæстаг хæст цы 30 лæппуимæ самадта, уыдонæй сæ иу), уæд æй фылдæр йе ‘ккой фæхаста.

Цæгат Ирыстоны махуæттæ фыццаг Салугæрдæны æрынцадысты, стæй та сæ бахъуыд сæ бынат аивын Чырыстонхъæумæ. Цы уавæрты цардысты, уый дыууæ ныхасæй зын зæгъæн у: æппæтæй дæр уыдысты цух, цалдæр бинонтæй цардысты иумæ, низтæ сæ уæгъд нæ уагътой.  Иу дзырдæй – нæ фыдыфырты хистæр Куыдзан æмæ аст æнæхъом сабийы амардысты уым (уыдонимæ – мæ фыдымады гыццыл чызг дæр). Æмæ сын нæдæр ингæнтæ баззад, нæдæр – сæ фæдтæ. Чи ма дзы аирвæзт, уыдон фараст мæйы фæстæ, советон хицауад куы æрлæууыд, уæд æрыздæхтысты сæ уæзæгмæ. Нæ хъæу æрæййæфтой бынтон пырхытæй. Хæдзæрттæй судзгæ кæй нæ бакодтой, уыдоны та бынтон фæхастой. Мæ фыдымад арæх дзырдта, нæ пъолы фæйнæджытæ дæр, дам, нын сæфтыдтой (æвæццæгæн, хæдзары иу цæст уыд фæйнæгæй астæрд).

Фæлæ, куыд фæзæгъынц, мæгуыр фæрæзджын у. Нæ бинонты хистæр искæй уæзæгыл мæгуырæй кæй амард, уый тыххæй уым æнæ хистæй ныгæд æрцыд. Фæстæмæ куы æрыздæхтысты, уæд ын хъуамæ æгъдаумæ гæсгæ схист кодтаиккой. Æрмæст кусæрттагæн фос нæ уыд æмæ уæд Леуахийы иу къабаз æхсæвы ныцауæзтой. Дыууæ кæфы дзы бахауд æмæ йын кæфы фыдæй схист кодтой. Мах бинонты хъысмæт иунæг нæ уыд. Уыцы уавæры гуырдзыйы азарæй  бахаудтой мингай ирон бинонтæ. Æмæ уыцы фыдæвзарæн рæстæг рох ма хъуамæ уа нæ адæмæй.

Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ гуырдзыйы хицауад 1920 азы ирон адæмæн цы геноцид сарæзтой, уый нæ уыд уыцы азы фæзынд æмæ равзæргæ фæнд, нæдæр Гамсахурдиа 1989-1992 ногæй исты æрымысыд, нæдæр Саакашвили – 2008 азы. Уыцы геноцидон политикæ ирон адæммæ ахасты æвæрд уыд гуырдзиаг националон змæлдæн йæ бындуры æмæ-иу сын фадат куы фæци, уæд-иу æй æххæст кæнынмæ æрхъавыдысты. Фæлæ, табу Хуыцауæн, йæхæдæг хуыздæр зоны.

ДЖИОТЫ Мурат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.