Уанат-Цхинвалы донуадзæн арæзт цæуы дыууæ этапæй. Ацы проекты арæзтад  дих æрцыд дыууæ хайал. Ивгъуыд аз ам арæзтадон куыстытæ кодта фирмæ ООО «СТМ-Юг». Уый донуадзæнæн йæ райдианæй горæтмæ бакодта æппæт куыстытæ. Проекты аргъ у 400 милуан сомы, донуадзæнæн йæ дæргъ та у 16 км бæрц. Арæзтад йæхæдæг, специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй уыд вазыгджын. Аразджытæн æххуыс кодтой ГУП «Водоканал»-ы кусджытæ дæр. Уыдоны амындмæ гæсгæ, хæтæлтæ уагъд æрцыдысты ахæм бынæтты, цæмæй мацы зиан æрхæссой, цы хъæутыл рацыдысты, уыдоны цæрджытæн. Донуадзæн куыстытæй дарддæр ма арæзтадон фирмæ Присы хъæумæ хæстæг сарæзта дыууæ егъау донæмбырдгæнæн, кæцыты цæуы 7 мин кубометр дон.

Ацы аз ма арæзт æрцæудзæн доны  басейн, кæцы суткæйы мидæг донæй ифтонг кæндзæн горæты хуссарварс цæрджыты. Ам цы донсыгъдæггæнæн резервуартæ монтаж æрцæудзæн, уыдон руаджы дон уыдзæн сыгъдæг. Ныртæккæ хæрзарæзт цæуы донæмбырдгæнæн басейнты административон уагдоны алфæмблай дæр. Æппæт куыстытæ хъуамæ конд фæуой сæрды æмбистæм, æмæ уæд æппæт хъомысадæй скусдзæн донуадзæн, кæцы суткæйы дæргъы дæтдзæн 15 мин кубометры дон. Ныртæккæ нæ горæтмæ Брытъат æмæ Дзомагъæй цы дон цæуы, уымæн йæ дебет у 8-9 кубометры суткæйы мидæг.

ГУП «Водоканал»-ы сæйраг инженер Джиоты Ингæ куыд зæгъы, афтæмæй цæмæй донуадзæн æппæт гуырахстæй скуса, уый тыххæй хъæуы горæты дæр бæрæг куыстытæ бакæнын. Хъæуы зæронд цъаты раивын ранæй-рæты, кæнæ та сæ нысыгъдæг кæнын. Тагъд бавналдзысты  ахæм куыстытæм Нæузæхонты, Революцийы, Белинскийы,  Плиты Ароны, Хъайтарты, Кимы æмæ Табуты æфсымæрты уынгтæм. Фæстаг азты кæд бирæ уынгты ивд æрцыдысты доны хæтæлтæ, уæддæр нырма фылдæррæтты сты æдзæллаг уавæры.

Джиоты Ингæ ма куыд зæгъы афтæмæй горæты цæрджытæ бирæ азты цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухты тагъд рæстæджы кæд бафтдзæнис, уæддæр, хъуамæ зоной, дон  хæдзардзинæй куынæ хардз цæуа, уæд сын Уанат-Цхинвалы дон дæр кæй нæ фаг кæндзæнис. Уалдзæджы æрбалæудимæ горæтмæ Едысæй цы дон цæуы, уымæн йæ дебет æрхауы Брытъат æмæ Дзомагъы дæттæ кæй размæнтынц, уый тыххæй сæ сæхгæнынц. Ахæм рæстæджы рæстæгмæ баиу кæнынц Цхинвал-Уанаты дон, Сæрды мæйты æппæт куыстытæ дæр куы фæуа арæзтадон фирмæ, уæд нæ горæты цæрджытæн дæр сæ уавæр бæрæг фæхуыздæр уыдзæнис.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.