Бæрæгбон уазæгæй кæй фидауы, уымæ гæсгæ РХИ-йы Паддзахадон Тырысайы бон æмæ Республикæ расидыныл 31 азы сæххæсты боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны тыххæй Хуссар Ирыстонмæ бирæ цытджын уазджытæ æрцыд, уыдоны ‘хсæн уыд æхсæнадон архайæг, Архангельскы горæты советы ветеранты активист, ацы горæты областон советы депутат, Æфсæддон-историон æхсæнады уæнг Владислав Жгилев дæр. Уымæн йæ ном хорз зындгонд у хуссарирыстойнаг цæрджытæн, уымæн æмæ уый бирæ хæрзты бацыд хæстæфхæрд Хуссар Ирыстоны адæмæн.

18-æм сентябры цытджын уазæгыл фембæлдысты нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы дирекци – Туаты Мæдинæ æмæ Бежанты Мананæйы сæргълæудæй. Уый азылд скъолайыл æмæ райгондæй баззад уагдоны уавæрæй. Банысан кодта, зæгъгæ, ахуырадон уагдоны æрцыд æвæрццаг ивындзинæдтæ. Дыккаг бон та цытджын уазæг федта Хуссар Ирыстоны фенддагдæр бынæттæ. 20-æм сентябры хайад райста бæрæгбонон мадзæлтты. Æмæ 21-æм сентябры та 5-æм скъолайы ахуыргæнджытæ Владислав Жгилевимæ фембæлдысты Хуссар Ирыстоны Национ музейы. Фембæлды ма хайад райста горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Сиукъаты Ольга. Владислав Жгилев йемæ æрласта æмæ музейæн балæвар кодта Стыр Фыдыбæс-тæйон хæстыл фыст историон чингуытæ, 1945 азы Рейхстагы сæрмæ цы тырыса æрсагътой, уый халдих, афтæ ма Архангельскы æфсæддон-историон æхсæнады тырыса, 1945 азы уагъд газет «Правда», кæцыйы фæрстыл мыхуыр сты Уæлахизы маршалты нывтæ.

Уый ма дунеон акци «Горсть Дружбы и Памяти»-йы фæлгæтты æрласта архангельскаг армыдзаг сыджытимæ капсулæ. «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты истори, сæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ, фидæны амондджын царды тыххæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ, мах уадзæм акци «Горсть Дружбы и Памяти», зæгъгæ. Æфсæддон кады горæт Архангельскæй æрластон капсулæ армыдзаг сыджытимæ æмæ йæ дæттын горæт-хъайтар Цхинвалæн, не ‘фсымæртæ æмæ хотæн, цæмæй фидæны фæлтæртæ зоной истори æмæ фидардæр кæной нæ адæмты ‘хсæн хæлардзинад», – загъта Владислав Жгилев. Капсулæ архангельскаг армыдзаг сыджытæй байдзаг кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, фæсчъылдымы фæллойгæнæг Валентина Пакулина. Капсулæимæ уыд «адæттыны акт» æмæ Цхинвалы цæрджытæн зæрдылдарæн лæвæрттæ. Йæ рады, 5-æм астæуккаг скъолайы дирекци дæр уазæгæн радтой капсулæ скъолайы кæрты мемориалон уæлмæрдæй армыдзаг сыджытимæ.

Владислав Жгилевæн бузныджы ныхæстæ загъта 5-æм астæуккаг скъолайы директор Туаты Мæдинæ. «Стыр бузныг радон хатт та нæ кæй бабæрæг кодтай, уый тыххæй. Мах никуы ферох кæндзыстæм, не скъола  дæ фæрцы æндидзыд кæй æрцыд, уыцы ахсджиаг хæрзаудæн акцийы тыххæй, иумæйагæй – Хуссар Ирыстонæн дæ лæггæдты тыххæй. Цахæм стыр зæрдæйы хицау хъуамæ уа адæймаг æмæ ахæм хъæуæг, ахсджиаг акцитæ организаци кæна. Дæ фæрцы нæ уагдоны уæвынад кæны компьютерон кълас дæр. Ды дæ не скъолайы æнувыд хæлар», – загъта скъолайы директор.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ма уый кæй æрхаста 5-æм астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау Гасситы Нинæйы конд ныв дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ 2016 азы Ю. Гагарины номыл космонавттæ цæттæгæнæн центры кусджытæ æмæ уæрæсейаг æфсæддон-историон æхсæнады минæвæрттæ сорганизаци кодтой дунеон конкурс «Дети рисуют мир», зæгъгæ. Проекты организатор у Уæрæсейы æфсæддон-историон æхсæнадон организацийы Архангельскы регионалон хайады активист Владислав Жгилев. Цалдæр азы дæргъы уый цыд æндыгъд бынæттæм æмæ сывæллæттæн лæвар кодта ногазон лæвæрттæ, гуманитарон æххуыс. Сæ рады йын сывæллæттæ та арфæйы нысанæн лæвар кодтой сæ конд нывтæ. Нывты нымæц куы сбирæ, уæд æм æрцыд идея конкурс æмæ равдыстытæ сорганизаци кæныны тыххæй. Конкурсы хайад райстой Цæцæн, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон, Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты, Сири æмæ æндæр бæстæты сывæллæттæ, кæцытæ сæхи цæстæй федтой хæстон архайдтытæ, хæсты пырхæнтæ, бавзæрстой алыварсон блокадæ æмæ æххормагдзинад, фесæфтой сæ хиуæтты æмæ хæлæртты. Сывæллæтты нывты æвдыст æрцыд хæст æмæ терроры ныхмæ протест, хистæртæм сидт, зæгъгæ, мах нæ хъæуы конфликттæ, мах фæнды сабырæй цæрын. Хуыздæр куыстытæ, уыцы нымæцы Гасситы Нинæйы куыст дæр æрвыст æрцыдысты дунеон космикон станцмæ. Конкурсы хайадисджытæн видеороликы арфæйы ныхæстæ загътой дунеон космикон станцмæ 52-æм экспедицийы экипажы уæнгтæ Федор Юрчихин æмæ Сергей Рязинский. Конкурсы лауреаттæ систы 75 сывæллоны. Уыцы 75 нывæй та равзæрстой 16 нывы, кæцыты саккаг кодтой космосмæ ахæссынæн. Жгилев куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ орбитæмæ æрвитæггаджы алы грамм дæр у тынг зынаргъ. Иу ки-лограмм уæзы транспортировкæ лæууы 1,5 милуан сомы бæрц. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Гасситы Нинæ кæй рамбылдта «сыгъзæрин билет». Уый 2016 азы ахуыр кодта 3-æм къласы (йæ ахуыргæнæг уыд Куымæридтаты Розæ) æмæ  сныв кодта æртæ нацийы хатты æртæ сывæллоны (астæуæй лæууы ирон сывæллон), кæцытæ цæрынц сабыр арвы бын. Ныв рауад тынг аив æмæ мидисджын.

Жгилевæн рагæй ис хæлар ахастытæ 5-æм астæуккаг скъолайы коллективимæ, æмткæй – Хуссар Ирыстонимæ. 2008 азы августы хæсты рæстæджы Жгилев Архангельскы æрæмбырд кодта дзæвгар финансон фæрæзтæ, кæцытæй æндидзыд æрцыд 5-æм астæуккаг скъола. Æгæрыстæмæй, уыд ахæм цау дæр, æмæ иунæг пенсиисæг ауæй кодта йæ æртæхатæнон фатер æмæ дзы цы æхцайы фæрæзтæ райста, уыдон радта 5-æм скъолайы æндидзынадæн. Загъта, зæгъгæ, уадз, æмæ хæстæфхæрд сывæллæттæн уæд ахуыр кæныны уавæртæ. Йæхæдæг та цæрынмæ ацыд зæрæдты хæдзармæ. Жгилев кæд скъолайы æндидзынгæнæн куыстыты рæстæджы бирæ цæлхдуртыл сæмбæлд, уæддæр сыл фæтых æмæ абон скъолайы сывæллæттæн ахуыры процесс уадзынæн ис æппæт уавæртæ дæр. Ацы хуыцауысконд адæймаг ма цалдæр азы размæ та скъолайæн балæвар кодта 100 мин сомы, кæ-цытæ фæахъаз сты хæринаггæнæн блок скусын кæнынæн. Афтæ ма 5-æм астæуккаг скъолайæн сорганизаци кодта компьютерон кълас дæр – балæвар сын кодта 20 компьютеры.  Цалдæр азы размæ ма Жгилев нæ горæты Нæузæххонты уынджы фæсивæдæн та йæхи фæрæзтæй сарæзта футболæй хъазæн фæзуат æмæ афтæ дарддæр.

Жгилев ма 5-æм скъолайы æвзонг æфсæддонты къорды уæнгтæн лæварæн æрласта майкæтæ æмæ альбом.

5-æм астæуккаг скъолайы понерты организацийы номæй 7-æм «а» къласы пионертæ сæ къласгæс Кобылты Лондæимæ уазæгæн балæвар кодтой зæрдылдарæн  сувенир – ирон мæсыг. Йæ рады Национ музейы директор Зассеты Мераб та уазæгæн сарæзта чысыл экскурс, фенын ын кодта цымыдисон экспонаттæ. Национ музейæ фембæлды хайадисджытæ ацыдысты 5-æм скъолайы мемориалон уæлмæрдмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ октябры мæйы Владислав Жгилев дыууæ космонавт æмæ космонавттæ цæттæгæнæн центры пресс-секретарь Ирина Роговаимæ кæй фæнд кæнынц  Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын æмæ 5-æм астæуккаг скъолайы радон хатт бабæрæг кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый уæдмæ ссардзæн спонсор æмæ 5-æм астæуккаг скъолайæн балæвар кæндзæн 20 ноутбукы. Фембæлд ацыд æнахуыр хъарм атмосферæйы.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.