“Зæрдæйæн æгæрон адджын у, адæймаг йæ фыццаг къахдзæфтæ кæм акæны, фыццаг хатт мадæлон æвзагыл йæ дзырдтæ кæм рантысынц, уыцы зæхх”, – зæгъы, Хъеуселт йæ фыдыуæзæг кæмæн у, æмæ йыл царвау батайынмæ цæттæ чи, уыцы уæздан сылгоймаг Хъæцмæзты Азæ. Æмæ, мæнæй – ма кæд дзы абон цæрæг нал ис, хъæу федзæрæг æмæ Хъæцмæзты мыггаг кæдæмыты фæлыгъдысты цæрынмæ, уырдæмыты фæхастой сæ фыдæлты фарн, уæддæр ма ам хъæу кæй уыд, уымæн æвдисæндарæй лæууынц рагон уæлмæрд æмæ пырх хæдзæртты систæ, фылдæр рæтты та хæдзæртты бындуртæ. Ис ма йын удæгас æвдисæн дæр – дзæнæттаг Хъайсынты Леойы идæдз Цоциты Изольдæ, фæлæ уый дæр уырдæм Летæй æрæджыйау æрбалыгъд цæрынмæ.

Цæуы Азæ йæ фыдæлты уæзæгыл, уæззау къахдзæфтæй, уый хыгъд цæстытæ зыдæй кæсынц йæ алыварс æрдзмæ, хъæуы кæй хъæбысы уыд,  уыцы рæсугъд хæхтæм. Цæуы æмæ йæ къах нæ фæллайы, цæст не `фсæды, йе ‘взонджы бонтæ кæм арвыста, уыцы бынæтты уындæй…

Ацы дзæнæтау рæсугъд бынат, кæддæр цæрынæн равзæрстой Хъæцмæзты мыггаг æмæ дзы сæ царды кой кодтой. Ардæм та сæ фыдæл æрбафтыдис Зæрæмæгæй. Хъуыддаг та æцæгæй уыд афтæ: Зæрæмæджы цардысты Цæразонтæ, Хъайтмæзтæ æмæ Хъæцмæзтæ. Хъайтмæз уыдис нæ рагфыдæл æмæ йын уыдис цыппар фырты.  Иу ахæмы уыдонæй сæ иу цуаны ацыдис æмæ цъæйаг лæгимæ иу сырды фæстæ бафтыдысты æмæ йæ сæ дыууæ дæр фехстой. Хъайтмæзты лæппу йæм бахæццæ ис раздæр. Уæдмæ йæм Цъæхой дæр, (афтæ хуыдтой цъæйаг лæджы) бахæццæ. «Уый мæ сырд у, æз æй амардтон æмæ йæм цæмæн æвналыс?” – зæгъы йын тызмæгæй Цъæхой. Уæд ын уый дæр афтæ зæгъы: – Куыд у дæ сырд, райсомæй нырмæ йæ фæстæ куы цæуын! Лæппутæй иу дæр нæ фæчъил ис æмæ кæрæдзийы рахæсс – бахæсс систой уыцы бæрзонд рындзыл. Афтæ зынд, цыма ныртæккæ сæ дыууæ дæр уырдыгæй фесхъиудзысты æмæ сæрсæфæн комы амидæг уыдзысты. Цъæхой лæппуйы фесхуыста, сырд аккой кодта æмæ фæцæуæг. Æмæ уæд лæппу Цъæхойы фехста. Йæ алыварс акаст æмæ ныккатай кодта, зæгъгæ, фæтуджджын дæн æмæ мын хъæумæ цæуæн нал ис æмæ ралыгъд. Æрбафтыдис, ныртæккæ Хъеуселты хъæу кæм ис, уырдæм. Уæд дзы цæрæг нæма уыд æмæ уым æрбынат кодта. Йæхæдæг дæлдæр цы хъæу уыд, уыдонæн фосмæ зилæгæй ныллæууыд. Уæд ыл цыдис 16 азы. Йæ усгуры кармæ куы бахæццæ, уæд бинонтæ æркодта. Фæзындис ын зæнæг æмæ уыдонæн тæрсгæйæ, йæ туджджынтæ сын сæ фæдыл ма фæхæст уой, уый тыххæй йæхи ныффыста Хъæцмæзтæй. Ацы лæппу Бисолтан   хуындис. Тынг кусаг æмæ зондджын разындис. Фæстæдæр аздæхтис Зæрæмæгмæ, фæлæ йын йæ туджджынтæм хæрзгæнæг фæцис æмæ йæ фæстæ зылдысты. Бисолтан фæстæмæ æрыздæхт æмæ уырдæм ацæуыны кой никуыуал скодта. Уый йæ азты куы бахызтис, уæд ссис туджджынты, кæм та хылгæнджыты фидауынгæнæг. Ууыл кодтой алыгъуызон легендæтæ, зæгъгæ, кæрдзын хæры Уастырджыимæ. Гъе, ахæм нымад лæг уыдис адæмы æхсæн.

Бисолтанæн йæ зæнæг апарахат сты æмæ баисты æртæ хъæуы: Уæллаг хъæу, Æхсæны хъæу æмæ Мидæггаг хъæу. Нымад адæм уыдысты Хъæцмæзтæ. Хæларæй цардысты уырдæм æввахс хъæу Леты цæрджытимæ, раст, цыма, иу бинонтæ уыдысты. Уым та цардысты Хъайсынтæ, Таймæзтæ æмæ Калотæ. Сæ фарсмæ ма Габутæй дæр æрцардысты иу хæдзары бинонтæ.

Хъеуселты цæрджытæн сæ цард фылдæр фосæй уыдис. Фæлæ фос дарынæн дæр æнцон фадæттæ нæ уыд. Зымæгмæ сын хъуыд холлаг цæттæ кæнын æмæ хос кæрдынмæ та хъуыд дард бæрзонд бынæттæм цæуын. Цалынмæ иу уырдæм хæццæ кæдтой хосдзæуттæ æмæ ссивджытæ, уæдмæ иу бафæлладысты. Афтæ къул бынат уыд æмæ иу хатт, цъерихъил чидæр рауагъта æмæ  бындæр  чи куыстой, уыдонæй кæйдæр  æрæййæфта æмæ йæ сæрыл сæмбæлд. Сæр аскъуыдис æмæ туг лæсæнтæ кодта. Лæгæн æнæсæфгæ нæ уыдис æмæ йын цæхджын цыхт скъуыды анадтой. Туг æрлæууыд æмæ йæ афтæмæй раластой хъæумæ галуæрдоныл…

Уыцы рæстæджы, кæстæртæй исчи бафæрæзта сдзурын, зæгъгæ, бафæлладтæн нана, уæд иу ын уый бауайдзæф кодта. Æмæ, зæгъгæ, кæм бафæлладтæ, мыййаг мын Сагхъазæн фæзмæ мæхъитæ схастай. Уый уыдис иууыл уæззаудæр куыст, Сагхъазæн фæзмæ мæхъитæ схæссын. Сагхъазæн фæз та йæ уымæн хуыдтой æмæ, дам, уырдæм кæддæр сагтæ æмбырд кодтой. Фæстаг хатт дзы арæх фенæн уыдис сычъитæ дæр.

Хъеуселты цæргæйæ æнцой цард нæ кодтой сылгоймæгтæ дæр. Дон сæм дард  уыдис æмæ иу уыцы хæрды уæлæмæ хастой кæрæмисыл дыууæ ведрайы  дон сæ уæхсджытыл.

Ныхасы, (Уæзæгы) цæмæдæр гæсгæ йæ афтæ хуыдтой хъеуселттæгтæ, бадтысты сæ кæрцыты зæронд, ацæргæ нæлгоймæгтæ.Уыдонмæ чысыл дæрддзæфдæр иу æрбадтысты фæсивæд дæр æмæ хъуыстой сæ хистæрты бацамындтытæм, цайдагъ сæ кодтой хидарыны æгъдæуттыл. Ам, уыдон хъомыл кодтой сæ диссаджы таурæгътæ æмæ аргъæуттæм хъусгæйæ. Кæнæ та иу Уæзæгæн рахизфарсы  æрдыгæй сарæзтой хъазт æмæ иу сæ арæхстдзинад æвдыстой дур æппарынæй, хъæбысæй хæцынæй. Хъæцмæзты Муссæ та иу йæ къухтыл слæугæйæ ныццыд донмæ æмæ иу фæстæмæ дæр афтæмæй сыздæхт. Зæронд лæгтæ иу сæхи арвы милтыл асæрфтой, сæ кæстæрты æгъдау æмæ арæхстдзинадмæ кæсгæйæ.

Хæдзары уæд астæуæртытæ уыдис. Хатæны иуæрдыгæй фарс уыдысты сылгоймæгтæ, иннæ фарс та нæлгоймæгтæ. Сылгоймагæн бар нæ уыд нæлгоймæгты фарсæрдыгæй æрлæууын кæнæ æрбадын. Уымæй худинагдæр ницы уыд.

Хъæубæстæ нысан кодтой Атынæджы бон. Цалынмæ Атынæг нæ æрбалæууыдаид, уæдмæ иу хос кæрдынмæ ничи ацыдаид, нæ фæтччыдис. Уæд иу фыццаг хатт хос кæрдынмæ чи хъуамæ ацыдаид, уымæн скодтой куывд, йæ номыл ын хъуамæ скодтаиккой  гуыл. Æрмæстдæр иу уый фæстæ ацыдис хос кæрдынмæ.

Уыцы рæстæджы кæд дохтыртæ нæ уыд, уæддæр сæм уыдис адæмон хосгæнджытæ. Хос кодтой алыгъуызон хосгæнæн кæрдæджытæй. Иу хатт Леты хъæуы иу сылгоймагæн йæ чысыл чызг фæкалдис, йæ къух йæ быны фæцис æмæ йын ацъæл ис. Йæ мад æй акодта Хъеуселты Хъæцмæзты Сергимæ, зæгъгæ, йын ды бабæтт йæ къух. Зæронд лæг базивæг кодта, ома йын раст куынæ бахсида. Уæд ын сылгоймаг  ныллæгъстæ кодта. Æндæр гæнæн нал уыд æмæ иу рæвдуан фæнычы змæстыл  æркодта, стæй хъуарийы лыггæгтæ рахаста æмæ чызджы къух бабаста. Иу къуыримæ йын адзæбæх æмæ бинонты цинæн кæрон нал уыд.

Хорз фæсивæд хъомыл кодта Хъеуселты. Иугæр колхозон арæзтад куы æрфидар, уæд дзы сарæзтой 8 азон скъола. Ахуырмæ æвзыгъд, зæдæргъæвд уыдысты, аивадмæ æмхиц. Ахуыргæнинæгтæ иу сæвæрдтой спектаклтæ адæмон хъайтар Пухаты Иликъойы тыххæй, Хъороты Дауыты фыст пьесæ “Æз нæ уыдтæн гæды уыди.” Æмæ иу сæм кæсынмæ канд сæхи хъæуы адæм не `рбацыдысты, фæлæ фæрсаг хъæутæ Лет æмæ Къобетæй дæр. Астæуккаг ахуырад та иу райстой Кировы скъолайы. Уæд æййæфтой дарæсхъуаг, нæ сын уыд къахыдарæс дæр, фæлæ уæддæр хъæлдзæг уыдысты.

Куыд ма загътам, афтæмæй Хъеуселт æртæ хъæуыл уыд дихтæ. Алы хъæуы дæр дзы 12-15 цæрæг хæдзары уыд. Æмæ дзы алы хæдзары дæр уыд бирæ сывæллæттæ. Хъæуы цæрджытæ уыдысты фыдæлты æгъдæуттыл хæст æмæ сæ фæсивæд дæр хъахъхъæдтой цæстыгагуыйау. Чындзæхсæвы рæстæг иу ахаста æнæхъæн кьуыридæргъы. Фæлæ-иу фæсивæдæй фынгыл ничи æрбадтаид. Уыдон уырдæм цыдысты кафын, зарын, алыгъуызон ерысты сæ арæхстдзинад æвдисынмæ. Афтæмæй-иу æрвыстой сæ рæстæг. Еныр куыд у, афтæ нæ уыд раздæр. Уæд чындзы фынгыл ничи æрбадын кодтаид. Йæхи хатæнмæ иу æй бакодтой æмæ йæм лæвæрттимæ уырдæм цыдысты уынынмæ. Хæдзары иу æй хистæры размæ ракодтой, цæмæй сæ Хуыцауæн æмæ бынаты хицауæн бафæдзæхсой. Чындзæхсæвæй-иу цалдæр боны фæстæ чындзы акодтой донмæ  æмæ-иу æй уым та бафæдзæхстой донычызджытæн. Йæ къухтыл-иу ын дон чи æркодта, уымæн иу бакодта лæвæрттæ. Акодтой-иу æй æввахсдæр дзуармæ æмæ-иу æй уым дæр бафæдзæхстой. Хъæцмæзты Азæ куыд зæгъы, афтæмæй ныл абон тынг бандæвта дуджы комулæфт æмæ раст, уымæ гæсгæ фæивтой не гъдæуттæ дæр. “Абон бирæтæ сæ чындзæхсæвты ресторанты кæй райдыдтой аразын, уый адæмæн сæ удæнцойдзинадæн у, фæлæ, уæддæр, мæнмæ гæсгæ дæ чызджы хъуамæ арвитай дæхи къуымæй, дæ чындзы та фыццаг дæхи къуыммæ бакæнай, ресторанмæ нæ, фæлæ чындзы кæдæм æрцыд, уыцы бынатмæ. Уымæн стыр нысаниуæг ис,” – зæгъы Хъæцмæзон.

Бирæ зындгонд адæймæгтæ рацыдис Хъеуселтæй. Хъæцмæзты Евген бирæ фæкуыста ахуырады къабазы, уыдис ын зонадон куыстытæ дæр. Евгены фæдонтæй сæ иу дунейы зындгонд оперон зарæггæнæг Джиоты Вероникæ у йæ чызджы чызг. Æмæ абон сæ сæр бæрзæндты хæссынц Хъæцмæзтæ сæ хæрæфыртæй. Хъæцмæзты Гришæ йæ рæстæджы бирæ фæкуыста уæды областы милицийы хистæрæй. Нæ адæмæн хорз зындгонд уыдысты йæ чызджытæ-невропотологтæ Заирæ æмæ Ленæ. Куыстой нæ горæты соматикон рынчындоны. Дианæ та уыдис милицийы дæлбулкъон. Евелинæ у сгуыхт ахуыргæнæг, Маринæ та – медицинон зонæдта кандидат. Фæлæ 2008 азы стыр хæсты рæстæджы сæ хæдзарыл снаряд сæмбæлд æмæ фæмард сты Дианæ æмæ Заирæ. Скъолайы бирæ азты дæргъы директорæй фæкуыста Хъæцмæзты Тимофей. Стыр кад ын кодтой хъæубæстæ. Фæсивæд-иу хъазт куы сарæзтой, уæд-иу дзы скъолайы директорæн æркодтой сæрмагонд кафты цагъд. Уый афтæ рæсугъд кафыд æмæ-иу йæхимæ æркæсын кодта хъæубæсты. Гуырдзыстоны куыста æфсæддон къамиссариаты Хъæцмæзты Серги.  Хъæцмæзты Изетæ æмæ Светæ кусынц Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Уыдис сæм фыссæг Кавказаг. Сæ нæмттæ хорз зындгонд сты дохтыр-хирург Хъæцмæзты Вильямæн, Хъæцмæзты Аланæн. Ис сæм  сгуыхт артисткæ Хъæцмæзты Фатимæ æмæ æндæр зындгонд адæймæгтæ дæр.

Абон ацы хъæуы Хъæцмæзты мыггагæй змæлæг нал ис. Бирæ æндæр хъæутау федзæрæг уый дæр ивгъуыд æнусы 80-æм азты. Ардыгæй бирæ цæрджытæ сæ бинонтимæ цæрынмæ алыгъдысты Къуайсамæ, хохмаданты кусынмæ. Лыгъдысты хуыздæр цардагур æндæр рæттæм дæр. Ахæм дуг ныккодта æмæ йæ æгъатыр уылæны фæхуыдуг Хъеуселты хъæу дæр.

              БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.