Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ райдианæй йæ кæронмæ тугæйдзаг фæндæгтыл фæцыд Знауыры районы Цъорбисы хъæуккаг, гвардийы майор Цхуырбаты Кизойы фырт Владимир. 1937 азы Владимир каст фæцис Сталиниры педагогон техникум, куыста Ленингоры районы ахуыргæнæгæй, стæй та – партийы Ленингоры райкомы инструкторæй.

1939 азы Цхуырбайы фыртмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Стыр Фыдыбæстæйон хæст Цхуырбайы фырты æрæййæфта горæт Львовмæ хæстæг  æфсæддон лагеры. Знаг æгъатырæй бырста размæ æмæ Владимир цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый дæр удуæлдайæ хайад иста мæлæтдзаг тохты æмæ куынæг кодтой немыцаг тыхæйисджыты.

Владимир цы дивизийы службæ кодта, уый горæт Коротоякы цур тохы кæй фесгуыхт, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд гвардионы ном. Коротоякы ссæрибар кæныныл карз тохты хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй та Цхуырбайы фырт хорзæхджын æрцыд «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майданæй.

Иу ахæмы, Великие Лукийы цур Владимир йæ хæстон æмбæлттимæ æрхъула кодтой знæгты къордыл, гитлеронтæ фидар нык-кæнды æрбынат кодтой æмæ сæ-хи нæ лæвæрдтой. Уæд полчы командиры бардзырдмæ гæсгæ авд нæмыгзгъалы æвæрд æрцы-дысты фашистты алыварс. Фондз боны æмæ фондз æхсæвы Владимир æмæ йе ‘мбæлттæ немы-цæгты æхстой ныккæндмæ. Сæ бон куы базыдтой, уæд гитлеронтæ сæхи уацары радтой. Владимир æмæ йе ‘мбæлттæ аййæфтой сæ полчы æмæ активон хайад истой Сырх Æфсады размæбырсæн тохты Белорус, Польшæ, Чехословаки æмæ Германы зæххыл.

Иу афоны та бахъуыд знæгтæй «æвзаг» æрбакæнын. Ацы ахсджиаг хæс æххæст кæнынмæ æрвыст æрцыд Цхуырбайы фырт авд хæстонимæ. Уыдон знæгты агурыны сæр бирæ нæ бахъуыдис, сау æндæрджытау сæ разы февзæрдысты фараст гитлероны. Æмæ сæ райдыдтой  æхсын – амардтой дзы æхсæзы, иннæты Владимир æмæ йæ хæстон æмбæлттæ уацары ракодтой. Уацайрæгтæ фехъусын кодтой хорз зонæнтæ знаджы хæстон уавæры тыххæй.

Не ‘фсад горæт Тосты сæхи цæттæ кодтой Опелы районы знæгты къорды ныхмæ тохмæ. Уыцы размæабырсты дæр та Цхуырбайы фырт йæхи равдыста æхсар-джын афицерæй. Дарддæр хайад иста Прагæйы ссæрибар кæныны тохты.

Цхуырбаты Владимир немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ хъæбатыр тох кæй кодта, уый тыххæй хор-зæхджын æрцыд фараст хæстон хорзæхæй, уыцы нымæцы «Прагæ ссæрибар кæныны тыххæй» æмæ «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Германыл фæуæлахизы тыххæй» майдантæй, Сырх Стъалыйы орденæй æмæ æндæртæй. Хæсты фæстæ Цхуырбаты Владимир дарддæр дæр службæ кодта Сырх Æфсады рæнхъыты.

1955 азы цъорбисаг хæстон æрыздæхтис Хуссар Ирыстонмæ æмæ куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты. Хъæбатыр хæстон цардæй ахицæн 1984 азы. Владимиры хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй нын радзырдта йæ чызг Цхуырбаты Людæ, кæцы ныртæккæ цæры Цæгат  Ирыстоны.

Джиоты Екатерина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.