Сæрды мæйты инфекцион рынчындонмæ арæх бахауынц тъæнгты инфекциимæ кæстæр кары сывæллæттæ. Йæ аххосаг ын фылдæр фæкæнынц нуазыны дон. Фæлæ уый сбæлвырд кæнын вæййы зын. Практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй адæмæн сæ фылдæр хуыздæрыл нымайынц, крантæй цы дон цæуы уый нæ нуазын. Зæгъæм, мæ сыхаг сылгоймаг, дыууæ сывæллоны мад, бар нæ дæтты йæ сывæллæттæн ахæм дон нуазынæн. Уыдон, сæйраджыдæр, дон ласынц суадонæй, ахæм фадат сын куынæ вæййы, уæд та йæ æлхæнгæ бакæнынц кæнæ та йæ рахсидынц. Цæрджытæн дæр рекомендациты хуызы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны къабазы æмæ цæрджыты фæрныгадмæ хъусдарды фæдыл комитет афтæ фæдзæхсы, цæмæй нуазой æрмæстдæр æхсидгæ дон.

Мах цымыдис кодтам нуазыны доны гъæды фæдыл цахæм зонæнтæ ис банысангонд комитетмæ. Уым нын куыд загътой, афтæмæй сæрдыгон тæвд бонты республикæйы актуалон свæййы стыр гуырахстæй гъæдджын донæй ифтонг кæнын. План-графикмæ гæсгæ йæ кусджытæ æдзухон мониторинг уадзынц æппæт республикæйы нуазыны доны гъæды фæдыл. Канд горæты нæ, фæлæ районон центрты централизацигонд донифтонгады нуазыны дон иртасгæйæ рабæрæг вæййы санитарон домæнтæн дзуапп куынæ фæдæтты. Афтæ вæййы суадоны дæттæ иртасыны рæстæджы дæр, кæцытæн сæ гъæд æвдисгæ у ахæм фæктортæй, куыд сезонондзинад, къæвдаты бæрцæй, суадон зæххы бын цас арфæй цæуы æмæ цы бынаты ис. Ситуаци фæхуыздæр кæныны тыххæй арæзт цæуынц донсыгъдæггæнæн ифтонгадтæ. Централизацигонд донифтонгады гъæдыл ма æндавынц ахæм фактортæ: доны куыд æмбæлы, афтæ нуазынмæ ма бацæттæ кæнын, зæххы бынты цæуæг зæронд донуадзæн-канализацион коммуникацитæ, арæх аваритæ æмæ донуадзæн канализацион системæтæй дон кæй фæхъары æмæ уыцы цухдзинад афоныл кæй нæ аиуварс кæнынц, афтæ ма донифтонгады системæ æнæсанкцион æгъдауæй æндæр дæттæм баиугонд куы æрцæуы, кæцытæ дзуапп нæ дæттынц санитарон нормæтæн.

Комитеты ма куыд загътой, афтæмæй зæххыбын зæронд коммуникациты авариты аххосæй нуазыны донæн йæ гъæд бирæбæрцæй фæивы, йæ ад. Тъæнгты карз инфекцийæ фæрынчыны цаутæ дæр фылдæр хатт уый аххос вæййынц. 2015 азы ахæм инфекци куы фæзынд, уæд Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрад дон, анализ ын саразыны тыххæй арвыста Цæгат Ирыстоны лабораторимæ. Бæлвырд æрцыд клиникон симптоматикæмæ гæсгæ уый комкоммæ дæр коммуникациты цы инфекци уыд, уый аххос кæй уыд. Дон йæхæдæг дæр кæд бынтон гъæдджын нæ уыд, уæддæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.