Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ райдианæй йæ кæронмæ йæ тугæйдзаг фæндæгтыл фæцыд Знауыры районы Цъорбисы хъæуккаг, гвардийы майор Цхуырбаты Кизойы фырт Владимир.

1937 азы Владимир каст фæцис Сталиниры педагогон техникум, куыста Ленингоры районы ахуыргæнæгæй, стæй та – партийы Ленингоры райкомы инструкторæй.

1939 азы Цхуырбайы фыртмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Стыр Фыдыбæстæйон хæст Цхуырбайы фырты æрæййæфта горæт Львовмæ хæстæг  æфсæддон лагеры. Знаг æгъатырæй бырста размæ æмæ Владимир цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый дæр мæлæтдзаг тохты иста хайад.

Владимир цы дивизийы службæ кодта, уый горæт Кортоякы цур тохы кæй фесгуыхт, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд гвардионы ном. Кортоякы ссæрибар кæныныл карз тохы хъæбатырдзинад кæй æвдыста, уый тыххæй Цхуырбайы фырт хорзæхджын æрцыд «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майданæй.

Иу ахæмы, Великие Лукийы цур Владимир йæ хæстон æмбæлттимæ æрхъула кодта знæгты къордыл, гитлеронтæ фидар ныккæнды æрбынат кодтой æмæ сæхи нæ лæвæрдтой. Уæд полчы командиры бардзырдмæ гæсгæ авд нæмыгзгъалы æвæрд æрцыдысты фашистты алыварс. Фондз боны æмæ фондз æхсæвы Владимир æмæ йе ‘мбæлттæ æхстой немыцæгты ныккæндмæ. Гитлеронтæ сæхи уацары радтой. Владимир æмæ йе ‘мбæлттæ аййæфтой сæ полчы æмæ активон хайад истой Сырх Æфсады размæбырсæн тохты Белорус, Польшæ, Чехословаки æмæ Германы зæххыл.

Иу афоны та бахъуыд знæгтæй «æвзаг» æрбакæнын. Ацы ахсджиаг хæс æххæст кæнынмæ æрвыст æрцыд Цхуырбайы фырт авд хæстонимæ. Уыдон знæгты агурыны сæр бирæ нæ бахъуыдис, сау æндæрджытау сæ разы февзæрдысты 9 гитлероны. Райдыдтой сæ æхсын – амардтой дзы æхсæзы, иннæты Владимир йе ‘мбæлттимæ уацары ракодтой. Уацайрæгтæ фехъусын кодтой хорз зонæнтæ знаджы хæстон уавæры тыххæй.

Сырх Æфсæдтæ горæт Тосты сæхи цæттæ кодтой Опелы районы знæгты къорды ныхмæ тохмæ. Уыцы размæабырсты дæр та Цхуырбайы фырт йæхи равдыста æхсарджын афицерæй. Дарддæр хайад иста Прагæйы ссæрибар кæныны.

Цхуырбаты Владимир немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ хъæбатыр тох кæй кодта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд 9 хæстон хорзæхæй.

Уæлахизы боны фæстæ дæр Цхуырбаты Владимир дарддæр службæ кодта Сырх Æфсады рæнхъыты.

1955 азы цъорбисаг хæстон æрыздæхтис Цхинвалмæ æмæ куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты.

Чертхъоты Жанна

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.