Ныр цалдæр азы Цæгат Ирыстоны Уæллаг Ларсы контролон-уадзæн пункты лыггæнинаг фарстатæн кæрон нæй. Алы мадзæлттæ аразынц, цæмæй транспорт цалдæргай сахаттæ рады ма лæууа ахизынмæ. Бынтон æвзæр уавæры та уæзласæн транспорт ис, цалдæргай къуыритæ республикæйы алы къуымты лæугæйæ баззайынц. Уыцы транспорт та тынг хъыгдары, æнæуый дæр йæ тæккæ дзаг чи у, уыцы чысыл горæты.

Фæстаг рæстæг уавæр чысыл хуыздæрæрдæм аивта, фæлæ та Гуырдзыстонмæ визæты режим куы аивтой, уæдæй фæстæмæ адæмы уылæн нал сабыр кæны. Бон цалдæргай мин адæймаджы ахизы æмæ æрбахизы арæныл. Уымæ гæсгæ та, машинæты радæн кæрон нал ис. Тамонжнæйы пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныртæккæ Уæллаг Ларсмæ бахизæнты рады лæууы 1500 хæдтулгæйæ фылдæр. Уыимæ, фæстаг суткæйы дæргъы, Гуырдзыстонырдæм ахызтысты 1200 хæдтулгæйы бæрц, ацырдæм та æрбахызтысты 2 мины бæрц.

Контролон-уадзæн пункт кæд æхсæвæй-бонæй æппæт хъарутæй кусы, уæддæр рады лæууæг хæдтулгæты нымæц къаддæр нæ кæны. Таможнæйы кусджытæ архайынц, цæмæй фылдæр адæм æнæкъуылымпыйæ ахизой контролон-уадзæн пунктыл. Зæгъæм, уадзæн пункты иу боны хъару проектмæ гæсгæ у 200 хæдтулгæйы, ныртæккæйы уавæрты та уыцы æмгъуыдмæ арæныл ахизы 2 мин хæдтулгæйы бæрц. Уый у удуæлдай куыст, фæлæ сыл уæддæр не ‘ххæссынц. Уымæн æмæ, Фæскавказмæ йæ фæллад суадзынмæ чи тырны, уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Æмæ куыд нæ. Уыцы иу фæндаг цæуы Гуырдзыстонмæ, Сомихмæ, Азербайджанмæ, Туркмæ…

Уæллаг Ларсы хъарутæ фæфылдæр кæныны фарста рагæй æвæрд цæуы, стæй йæ алыг кæныныл дæр профилон ведомствотæ кусынц. Зæгъæм, ныртæккæ пункты бæстыхæйттæй иу цæуы бындурон цалцæг. Уыцы куыстытæ æххæст кæнынц федералон организаци «Росгранстрой»-ы заказмæ гæсгæ.

Подрядон организацийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, рацарæзты куыстытæ æввахс рæстæджы ахицæн уыдзысты. Уый фадат ратдзæн, цæмæй «Уæллаг Ларс»-ы байгом уа 12 уæлæмхасæн фæндаджы бæлццæттæ æмæ хæдтулгæтæ ахизынæн.

Уыцы-иу рæстæг Дзæуджыхъæуы иувæрсты арæзт цæуы ног фæндаг. Уый горæты фæндæгтыл цы бирæ таранспорт ис, уыдоны иу хай райсдзæн йæхимæ, уыимæ «Уæллаг Ларс»-ыл чи хизы, уыцы уæзласæн машинæты хай æмæ горæты фæндæгтæ чысыл фæсæрибар уыдзысты.

 

ÆНАХЪОМТÆН – КУСÆН  БЫНÆТТÆ

Цæгат Ирыстоны Хицауады уыд Æнахъомты хъуыддæгты, сæ бартæ сын бахъахъхъæныны, сæрды уылæфты рæстæджы сæ куыстæй сифтонг кæныны тыххæй республикон къамисы радон æмбырд. Æрвылаз дæр сæрдыгон улæфтыты каникулты рæстæг куыстæй ифтонг æрцæуынц минæй фылдæр æрыгон адæймаджы 14 – 18 азмæ. Уыдонæн мызд фидынæн ивгъуыд сæрды рахицæн кодтой дыууæ милуан сомæй фылдæр. Æрмæстдæр сын ис рог куыстытæ кæнæн.

Алы республикон министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ цы къамисы сконды кусынц, уый уæнгтæ æрдзырдтой 14-18 аздзыд фæсивæды ʻхсæн профорентацион куыст кæныныл, æнахъомтæн сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæгмæ кусæн бынæттæ дæттыныл, стæй æндæр ахæм ахсджиаг фарстатыл.

Къамисы уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Адæмæн куыст дæттыны службæйы специалисттæ иудадзыгон фæткы бындурыл бирæ алыхуызон фембæлдтытæ аразынц ахуырадон уагдæтты хъомылгæнинæгтимæ. Ахæм фембæлдтытæн сæ сæйрагдæр нысантæ сты рæзгæ фæлтæрæн бæстон радзурын фæллойы базары ныртæккæйы уавæры, цардархайды алы къабæзты фылдæр цавæр дæсныйæдтæ хъæуы, æппæт уыдæтты тыххæй.

Ахæм архайд кæнгæйæ, Адæмæн куыст дæттыны службæйы специалисттæ æмæ иннæ профилон ведомствæты минæвæрттæ сæрмагонд æргом здахынц, Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хыгъды чи лæууы, уыцы фæсивæдмæ. Службæйы минæвæрттæ архайынц, цæмæй ахæм æнахъомтæ къаддæр рæстæг æрвитой уынгты, гæнæн æмæ амалæй сын бацагурынц рæстæгмæ куысты бынæттæ.

Уыцы бон Адæмæн куыст дæттыны комитетæн хæсгонд æрцыд, цæмæй æнахъомты хъуыддæгты фæдыл муниципалон къамистимæ сараза иумæйаг архайды пълантæ. Уыдоны бæлвырд хъуамæ æрцæуой рæзгæ фæлтæрæн рæстæгмæ кусæн бынæттæ дæттыны мадзæлттæ. Республикæйы Ахуырады министрады разамындæн та амынд æрцыд, цæмæй фæсивæды ʻхсæн ахадгæ куыст кæныны нысанимæ бацæттæ кæна сæрмагонд методикон æрмæджытæ.

                                                        Нæ  уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.