Чи уыдысты уæддæр Бичерахты номдзыд æфсымæртæ-инæлæрттæ, цы номæй сæм бадзурæм, цахæм ахаст сæм дарæм? Советон системæ нæ бауарзтой, тох кодтой йæ аразджыты ныхмæ, фæлæ, цыма, æцæгæйдæр Ирыстоны знæгтæ уыдаиккой?..

Сæ иу – Лазæры тыххæй нæ номдзыд режиссер, театралон аивады зынгæ архайæг Хъайырты Владимир йæхæдæг цы фехъуыста, уый тыххæй фыстам нæ газеты. Владимир йæхæдæг уыд æвдисæн, цумайы лæппуйæ кæмæ куыста, уыцы номдзыд революционер Рæмонты Хадзымæтмæ æмæхсæвæджы тæргæ бæхыл куыд фæзынд Тæкъоты Симон æмæ йын тыхстæй куыд фехъусын кодта Лазæры хъуыддаг. Цæвиттон, Лазæримæ фембæлд Ленин æмæ йæм бахатыд, цæмæй паддзахы æфсадыл йæ къух сиса, балæууа революцийы æвварс æмæ куы фæуæлахиз уой, уæд ын Цæгат Кавказы кæй ратдзысты, цы бынат æрдома, ахæм бынат. Фæлæ Лазæр бынат не ркуырдта, уымæн уыд æрмæстдæр иу домæн: кæд, революци фæуæлахиз уа, уæд Ирыстонæй саразæд иу цæдисон республикæ, кæцыйæн йæ арæнтæ уыдзысты Мæздæгæй Душетмæ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Ленин ууыл не сразы, уымæн æмæ революцион змæлды сæргълæуджытæн сæ фылдæр гуырдзиæгтæ уыдысты, стæй революцийы ныхмæ растадаиккой гуырдзиаг адæм иууылдæр. Уыцы хабар тынг базмæлын кодта ирон революционерты сæргълæуджыты, номхуындæй Тæкъоты Симоны. Цæмæн? Уымæн æмæ уыдонæн нæ уыд ахæм фарст сæвæрыны бар æмæ фадат, æмæ фæтарстысты, ирон адæмæй революцийы фарс чи уыд, уыдон къæссавæлдæхт куы фæуыдаиккой уыцы хабар фехъусгæйæ æмæ Бичерахы-фырты фæстæ куы ацыдаиккой…

Ныр та иннæ æфсымæры тыххæй: Бичерахты Георги – урсгвардион, инæлар. Урс æфсадон хъазахъы 1918 азы революцийы (коммунистты) ныхмæ растады аминдингæнæг æмæ сæргълæууæг. Фæстæдæр – «Терчы зылды рæстæгмæйы адæмон хицауады» сæргълæууæг. Фæлæ цахæм позици уыд уымæн та Ирыстон æмæ ирон адæммæ ахасты?..

1918 азы февралы мæйы Мæздæджы уыд Терчы зылды хъазахъ æмæ зæххкусæг адæмы фыццаг съезд. Уым цæхгæр æвæрд æрцыдис фарст  хъазахъаг адæмы ныхмæ мадзæлтты тыххæй. Мæхъæлы астæу æхсæнмæ-хсæнты цы цалдæр хъазахъаг хъæуы уыдис, уыцы хъæуты цæрæг адæм (се хсæн уыд ирæттæ дæр) коммунистты уынаффæмæ гæсгæ, фыдмитæ æмæ тыхы фæрцы сæ бынæттæй тард цыдысты æмæ сын сæ хæдзæртты æрцæрын кодтой мæхъæлæтты. Уыцы цалдæр хъæуы абон дæр сты дзырддаг мæхъæл æмæ ирон адæмы ‘хсæн.

Дыккаг Дунеон хæсты рæстæджы, 1944 азы 23 февралы, мæхъæлон адæмы  æхсæн фыдгæнджытæ, абырджытæ, дезертиртæ æмæ немыцы фарс чи хæцыдис, ахæмтæ бирæ кæй уыдис, уый тыххæй, Сталины бадзырдмæ гæсгæ,  мæхъæлон адæм иу бонмæ хаст (æрвыст) æрцыдысты Казахстаны æвадат зæххытæм. Революцийы рæстæджы сæ кæм æрцæрын кодтой, уыцы хъæутæ фæстæмæ лæвæрд æрцыдысты, чи сæ цард, уыцы ирæттæ æмæ хъазахъæгтæн. 1957 азы Хрущев бар радта мæхъæл æмæ иннæ хаст адæмтæн фæстæмæ сæ раздæры зæххмæ сыздæхынæн. Мæскуыйы бардзырдмæ гæсгæ мæхъæл сæ зæххытæ фæстæмæ райстой, ацы цалдæр хъæуæй фæстæмæ.

Уыдоны сæрмæ уæды Цæцæн-Мæхъæлы Республикæйы территорийыл  æфтыд æрцыдис бирæ фылдæр зæххытæ цæгатæрдыгæй фарс. Уыцы хъæутæ та ныр 60 азæй фылдæр хауынц Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районмæ æмæ сты ирон адæм æмæ мæхъæлы хсæн быцæуы хос.

Цæмæй афтæ ма рцыдаид, цæмæй ирон адæмы ныхмæ сомбон дзырдхъом мачи уыдаид, уый тыххæй Бичерахты Георги йæ иу доклады афтæ загъта:

«Мæхъæлон адæм большевикты (коммунистты) æвварс барæй фесты, цæмæй уыдоны æххуысæй сæ къухы бафтын кæной сæ нысан – хъазахъы атæрыны фæрцы, сæ зæххытæ баиу кæной, æмæ уыцы зæххыты хардзæй сæ фадаттæ, сæ территори фæуæрæхдæр кæной…»

1918 азы августы Бичерахты Георгийы æфсæдтæ (12 000 салдатæй фылдæр)  сыстадысты коммунистон хицауады ныхмæ æмæ сæ фæтардтой Дзæуджыхъæуæй. Фæлæ аст боны дæргъы карз тохты фæстæ большевиктæ мæхъæлы æххуысæй сахар фæстæмæ байстой. Урсгвардионтæ æмæ хъазахъæгтæ састы фесты. Фæуæлахизуæвджытæ агæрах кодтой бирæ офицерты æмæ ирæтты.

Уыцы хабæрттæй чысыл раздæр мæхъæлæттæ Вассан-Гирей Джабагиевы разамындæй ныддæрæн кодтой Тарскæйы хъæу. Фæстæдæр Тарскæ, Сунжæ, Воронцовско-Дашковски (Ахки-Юрт) хъæуты алыварс æфсæдтæй тæлм æрæвæрдтой. Хъæуты цæрæг хъазахъаг адæммæ фидар ныхас барвыстой:

«Уæ гæрзтæ æвæстиатæй æрæвæрут æмæ дыууæ боны æмгъуыдмæ хъæутæ суæгъд кæнут. Алидзут Теркæн йæ фаллаг фарсмæ!»

1922 азы хъазахъ уыцы хъæутæй тард æрцыдысты, æмæ дзы мæхъæл æрцардысты. Ома, æрцыд, «ирон адæмы знаг» Бичерахты Георги цæмæй фæдзæхста, уый…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.