Абон, 27-æм июлы 85 азы сæххæст курдиатджын фыссæг Къæбысты Захары фырт Зауыры райгуырдыл. Зынгæ ирон фыссæг æмæ журналист, дæсгай чингуыты автор – прозаик, публицист, тæлмацгæнæг цардæй ахицæн 2014 азы 9-æм сентябры.

Авд азы рацыд, нæ зынаргъ куырыхон, уæздан æмæ хиуылхæцгæ зондамонæг коллегæ нæ фарсмæ куынæуал ис, уыцы бонæй, фæлæ йæ ном рох нæу йе ‘мкусджытæй. Уый йæ фæстæ ныууагъта хорз кад æмæ йын абон дæр йæ хорзы кой фæ-кæнынц, чи йæ зыдта, уыдон иууылдæр. А-дунейæ йæ ацыды фæстæ-иу нæм хатт афтæ фæкаст, цыма та мæнæ  райсомæй йæ куыстмæ æрбацæудзæн, уæззау къахдзæфтæгæнгæ та схиздзæн Мыхуыры хæдзары дыккаг уæладзыгмæ æмæ та хъæлдзæгæй æмæ мидбылхудгæйæ, дæ райсом хорз зæгъдзæн, бирæ кæй уарзта, йæ уыцы коллегæтæн. Нæ коллегæтæй исчи нæ фарсмæ куынæуал вæййы хъысмæты адза-лы аххосæй, уæд ын тынгдæр райдайæм аргъ кæнын, уæд ын тынгдæр банкъарæм йæ хорз адæймагон миниуджыты тыххæй.

Къæбысты Шакройы фырт Зауыр райгуырд 1936 азы сусæны мæйы 27-æм бон Дзауы районы  Чеселты хъæусоветы, Раройы хъæуы. Фыдæй хæрзчысылæй баззадис сидзæрæй, нырма къахæй дæр рæстмæ нæ цыд, фæлæ цух нæ уыдис йæ мад Джиоты Натъа, стæй йæ хистæр хотæ æмæ æфсымæрты рæвдыдæй. Уыимæ æндæртау цардцух куыннæ зад чысыл Зауыр, фæлæ зæрдæргъæвд хохаг лæппу ахуырмæ дæр æмæ фезмæлдмæ дæр тынг рæвдз уыдис. Сыгъдæг зæрдæ лæппу кæй уыд, уый бæрæг уыд уымæй дæр, æмæ йæ хъæлдзæг мидбылхудт йæ цæсгомыл кæй нæ сысыд. Зауыр кæд хæдзарон куыстытæй иппæрд никуы уыд – уыдон та алыгъуызон уыдысты: фосмæ зилын, хъæдмæ цæуын, колхозы кусын, уæддæр йæ ахуыргæнæн чиныгыл йæ зæрдæ никуы сивта, йæ къухæй йæ никуы аппæрста. Райдиан скъола æнтысгæйæ каст фæцис сæхи хъæуы, стæй та  астæуккаг ахуырад райста Хъемултайы астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ  йæ ахуыр адарддæр кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ лите-ратурæйы факультеты. Институт бирæ цæмæйдæрты феххуыс æвзонг, цардбæллон лæппуйæн. Рагæй дæр æвзыгъд уыдис аив литераурæмæ æмæ  ныр суыдта, бахизæн æм кæуылты ис, уыцы фæндаг. Райдыдта фыссын аивадон уацмыстæ, радзырдтæ. Аивадон литературæ та адæймагæй домы бирæ хъизæмæрттæ, æгъуыс-сæг æхсæвтæ, фæлæ чеселттаг лæппу нæ фæтарст ахæм фыдæбæттæй.

Уый нæ, фæлæ 1961 азы институт æнтыстджынæй каст куы фæцис, уæд цард цæмæй хуыздæр базыдтаид, цæмæй йæ уацмысты хъайтартимæ æмбæлдаид лæгæй-лæгмæ, уый тыххæй уыцы аз хæххон хъæумæ ацыд ахуыргæнæгæй. Куыста Ленингоры районы Гарубаны, Къит-риулийы, Салиберы хъæуты скъолаты. Ирон сабитæн амыдта сæ мадæлон æвзаг, куыста скъолайы директорæй. Кæд ахуыр-хъомыладон куыст кодта, уæддæр йæ зæрдæ æхсайдта ирон мыхуырмæ æмæ кусын райдыдта районон газет «Ленинон»-ы редакцийы. Газеты фæрстыл мыхуыр цы-дысты йæ цымыдисон уацтæ. 1973 азы Къæбысты Зауыр кусын райдыдта уæды областон газет «Советон Ирыстон-ы редакцийы. Ацы редакцийы уый куыста нырма тæлмацгæнæгæй, стæй уацхæс-сæгæй æмæ уый фæстæ та – культурæйы хайады редакторæй. Дзæвгар рæстæджы фæкуыста чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй, уый фæстæ йæ адзалы бонмæ та куыста журнал «Фидиуæджы» бæрнон нымæрдарæй.

Йæ фыццаг радзырд «Зæлда» журнал «Фидиуæджы» ныммыхуыр 1962 азы. Уæ-дæй фæстæмæ йын мыхуыры рацыд бирæ очерктæ, радзырдтæ æмæ уацауты æмбырдгæндтæ, романтæ: «Гакъон фæн-дæгтыл» (уацау, 1965), «Хъисфæндыр» (радзырдтæ, 1970), «Сосойы зарæг» (радзырдтæ æмæ уацаутæ, 1974), «Чапарохы æфцæгыл» (очерктæ, 1976), «Фæстаг маймули» (фантастикон роман, 1977), «Цæр алкæй тыххæй» (очерк, 1979), «Сау суадон» (роман, 1980), «Æртæхгæрдæг» (роман, 1984), «Æлгъыст хæдзар» (роман, 1987), «Зæрдæйы зæлланг» (роман, 1989), «Царды фæлтæртæ», «Æцæгæлон арвы бын» æмæ æндæртæ

Мæнæ  цы дзуры Къæбысы фырты тых-хæй зынгæ ирон фыссæг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон йæ чиныг «Нæ ис, Нæ бис»-ы 1-аг чиныджы йæ уац «Аккаг хуынтимæ»-йы: «Фыссæг цалдæр чиныджы автор куы уа, йæ фæн-дзай азы йæхирдыгæй куы фæуой, уæд, гъай-гъайдæр, хъуамæ бæлвырд уой йе сфæлдыстадон фæндаг дæр, йæ аивады авналæнтæ æмæ йæ дзуринæгтæ дæр. Нæ абоны ирон прозæйы хуындзаутæй иу – Къæбысты Зауыр та йæ фæндзай азæн сæ хуыздæрты схæлар кодта ирон литературæйæн, ныффыста бирæ радзырдтæ, уацаутæ, романтæ æмæ йын йæ фæндзай азы юбилейыл æмбæлын хъæуы цинимæ. Уымæн æмæ, Зауырæн йе сфæлдыстадон фæндаг бæлвырд у, аивадон æгъдауæй йæ уацмысты йæ бон цас бæрцæй у сфæлындзын, уый дæр нырмæ равдыста æххæстæй æмæ алыварсонæй… Иу адæймаг йæ цард-цæрæнбонты астæуккаг нымадæй цас хъуамæ фæфыстаид, уый бæрц ныффыста. Æмæ нырмæ кæй ныффыста, фæлæ мыхуыры чи нæма фæзындысты, уыцы чингуыты къухфыстытæ дæр дзæвгар сты!.. Афтæ уымæн зæгъын, æмæ мæм мæ зæр-дæ дзуры, цыма Зауырæн уый бæрц æнты-сы, йæ уацмыстæн темæтæ, стæй сæ хъайтарты дæр уæларвæй кæй не скъæфы, фæ-лæ сæ кæй агуры, йæхæдæг цы царды цæры, уым, йæхæдæг цы адæмимæ æмбæ-лы, уыдоны æхсæн, уыдон сæнтты».

Уыцы хъуыддаг фæбæрæг йæ фыццаг уацмыстæй, уæлдайдæр, йæ уацау «Гакъон фæндæгтыл»-æй. Ам автор спайда кодта детективон жанрæй. Уый фæрцы уацмысы конфликт рауад драматикон æмæ йæ уаца-уæй чиныгкæсджыты зæрдæтæм ссардта фæндаг. Уацауы сæйраг хъайтартæй иу у Сослан. Йæ цардвæндаг æгæр гакъон уыдис, фæлæ автор аивадон фæрæзты фæрцы бацархайдта, цæмæй йæ баурæдтаид раст фæндагыл. Æмæ Зауырæн кæд уый йæ фыццаг стыр уацмыс уыд, уæддæр йæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый сæххæст кæ-нын бацис йæ бон, бантыст ын Сосланы фæлгондз саразын, стæй æрмæст Сосланы нæ, фæлæ иннæ хъайтарты фæлгондзтæ саразын дæр.

«Фæд-фæдыл рауагъта радзырдтæ æмæ уацауты дыууæ æмбырдгонды – «Хъис-фæндыр» æмæ «Сосойы зарæг». Уыдоны разынд йе ‘цæг курдиат, куыд новеллист, афтæ. Фæбæрæг сæ ис, Зауыр кæй арæхсы прозæйы чысыл формæйæ адæймаджы царды цинтæ æмæ хъæнтæм дæсны фысæджы цæстæнгасæй кæсын æмæ сыл дзурын», – загъта Хъазиты Мелитон.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Зауыр кæй у фыццаг ирон фантастикон романы автор. Уый у авторы фыццаг роман дæр æмæ ирон литературæйы фыццаг фантастикон роман дæр. Къæбысы фырт æй кæд зынгæ францаг фыссæг Пьер Булы роман «Маймулийы планетæ»-йы æндæв-дадмæ гæсгæ  ныффыста, уæддæр æй сбаста ирон цардимæ æмæ йæ чиныгкæсæг æхсызгонæй кæсы. Йæ роман «Зæрдæйы зæлланг»-ы фыссæг ирдæй равдыста, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон хæстонтæ æмæ фæсчъылдымы ирон адæм цы сгуыхт-дзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй.

Къæбысты Зауыры райгуырдыл 80 азы сæххæсты бонмæ фыссæг Цхуырбаты Мери йæ уац «Лæг мæлы – ном цæры»-йы афтæ фыста: «Фæстаг дыууын азы дæргъы нæ фысджытæй æгæр бирæ фæхъуыд. Чи дзы знаджы нæмыджы амæттаг бацис, кæмæн сæ йæ зæрдæ не сфæрæзта ахæм æбуалгъ æмæ æгъатыр митæм кæсын æмæ æнæрæстæджы аивгъуыдтой. Раст зæгъ-гæйæ, иууылдæр хæсты фæстиуæгæн скадавар ис Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдис… Мæнæ чингуыты иу тæрхæгыл рарæгъ-рæгъ сты Зауыры романтæ: «Фæстаг маймули», «Æлгъыст хæдзар», «Сау суадон», «Зæрдæйы зæлланг», «Дзул æмæ цыхт», «Цæхджын хойраг», «Царды фæл-тæртæ», «Æцæгæлон арвы бын» æмæ афтæ дарддæр. «Дзул æмæ цыхт» гуырахстджын чиныг рауад. Ацы чиныгыл мын ахæм автограф ис фыст: «Мери, дæ фенд мын куыд æхсызгон вæййы, афтæ æхсызгон хабæрттæ ныл цæуæд. 15. 06. 2011 аз». Цас йæ бон уыд фæлдисын уыцы дзæнæттагæн, цас. Æгæрон стыр фантази, царды хъæздыг фæлтæрддзинад, адæмимæ æнгом ахаст ын цæуыл фыстаид, уыцы æрмæг парахатæй лæвæрдтой, фæлæ сыл куыд тых кодта, уый у цымыдисон. Райдайдзынæ кæсын гуырахстджын роман бынтон хуымæ-тæг цауæй, бынтон хуымæтæг адæймæгты æрвылбонон царды митæй æмæ дæ асайдзæн йæ фæдыл. Æмæ цæуыс зивæггæнгæ, фæлæ цымыдисгæнгæ æнæхъæн хъæуыл æрзилдзынæ, дунейы характертимæ базонгæ уыдзынæ. Афтæ хъæздыг у йе сфæлдыстадон фантази, реалон цардимæ æнгом баст, æмæ дзы арæхстгай пайдагæнгæйæ, йæ къухы цæстуынгæ æнтыстытæ уымæн бафты. Куыд адæймаг, афтæ дæр уыд тынг хорз. Бирæ азты иумæ фæкуыстам, æмæ дзы иу хатт дæр искæй тыххæй иунæг æфхæрæн дзырд нæ хъуыды кæнын. Зауыр уыд парахат зæрдæйы, нæр-тон удыхъæды хицау. Алкæмæн хорзы ба-цæуынæн – ныхасæй æви хъуыддагæй, йæ фарсмæ балæууынмæ æнæсдзургæйæ цæттæ уыд».

Ацы уацы автор хæрзæвзонгæй базонгæ  Къæбысты Зауыримæ. 1974 азы областон газет «Советон Ирыстон»-ы редакцимæ кусынмæ куы бацыдтæн, уæдæй фæстæмæ æмæ йæ бахъуыды кодтон  тынг хæларзæрдæ æмæ æнæхин адæймагæй. Куы йæ базыдта Джиотæй дæн, уæд мыл уæлдай узæлд бакодта, уымæн æмæ Зауырæн дæр йæ мад Хуыбылон уыд. Йæ мадыхо  мæ хуыдта. Фæстæдæр æм куы фæуæндондæр дæн, уæд æй æз дæр хонын райдыдтон мæ хæрæфырт, зæгъгæ. Зауырæн йе ‘мкусджытæ уæлдай аргъ кодтой, зæрдæхæлар, æнæхин æмæ куырыхон адæймаг кæй уыд, уымæ гæсгæ. Уал азы дæргъы йæ коллегæтæй никуы ничи федта Зауыры мæстыйæ, никуы дæр ын ничи йæ тызмæг хъæлæс фехъуыста. Æмæ нæ царды та афтæ никуы вæййы æмæ адæймаг мæсты макуы уа, кæнæ макуы мæкæмæ фæхъыг уа. Фæлæ ахæм хиуылхæцгæ адæймаг уыд æмæ цыфæнды мæстыйæ дæр йæ зæрдæйыуаг никуы никæмæн равдыстаид. Зауыр кæмфæнды ма куыстаид, алы ран дæр аудгæ ахаст дардта йæ коллегæтæм, уæлдайдæр та – æвзонг кусджытæм, фыды бынаты-иу сын балæууыд. Уымæн та æвдисæн у уый дæр, æмæ газет «Хурзæрин»-ы культурæйы хайады редакторæй куы куыста, уæд  куыд уæздан ахаст дардта, йæ хайады цы дыууæ æвзонг уацхæссæг-сылгоймаджы куыстой, уыдонмæ. Æппынæдзух уыд сæ фарсмæ, зонгæ сæ кодта ирон журналистикæйы сусæгдзинæдтимæ.  Уыдон дæр æй бауарзтой фыды уарзтæй æмæ йын кад кодтой. Уымæн ыл æркалдтой ставд цæссыгтæ, йæ мæлæты хабар ын куы фехъуыстой, уæд. Цалдæр азы размæ газет «Хурзæрин»-ы кусджытæн Зауыр æмæ йæ цардæмбал Эммæ дзадж-джын фынг æрæвæрдтой йæ юбилейон райгуырæн боны цытæн. Тынг хорз рæстæг арвыстам, бирæ йын фæарфæтæ кодтам. Бæргæ нын баныфсæвæрдта, йæ радон юбилейон гуырæн бон дæр йæ коллегæтимæ кæй банысан кæндзæн, уымæй, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа.

Зауыр тынг хæларæй цард мæ дзæнæттаг цардæмбал Хуриты Гивиимæ.  Гиви бынтон æнæнхъæлæджы йæ цардæй куы ахицæн, уæд ыл Зауыр ныффыста уац, цыран уыд ахæм зæрдæмæхъаргæ рæн-хъытæ: «Кæддæриддæр-иу нæ фембæлд нæ дыууæйæн дæр уыдис æхсызгон æмæ-иу кæрæдзийыл тынг бацин кодтам, зæр-дæйы тæккæ арфдæр уидæгтæй чи ран-тысы, ахæм хъазæн ныхæстæй.

Ныр, Гиви, ахæм циндзинадхæссæг фембæлдтытæм нал ис банхъæлмæ кæсæн, ныр никæмæуал бадзурдзынæн, мæнæ ма кæдæйуæдæй иу хорз лæг федтон, зæгъгæ æмæ хæрзбон. Кæд уымы бæстæ-мæ исты хуызы фæндарастгæнæн ис, уæд фæндараст фæу.

Фæндараст!.. фервæзтæ нæ мæтæй, –

Хуыцауы мацæмæй уал дом!-

Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй,

Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном».

Ныр Гивийы бæсты ахæм ныхæстæ дæуæн хъуамæ зæгъон æз. Гиви удæгас куы уыдаид, уæд æппындæр нæ дызæрдыг кæнын, тынг зæрдæмæхъаргæ, зæрдæйæ ратæдзгæ ныхæстæ дыл кæй ныффыстаид, уымæн æмæ дæ тынг бирæ уарзта, тынг дын кад кодта. Гиви дыл цахæм хъарм ныхæстæ загътаид, ахæмтæ, æвæццæгæн, мæнæн мæ бон не сси ныффыссын. Фæлæ, ныр уымы бæсты иумæ стут æмæ, æвæццæгæн, кæрæдзийыл тынг фæцин кæнут, уæлæуыл куыд кодтат, афтæ.

Ацыд а-дунейæ хорз ирон лæг – йæ адæмы раз дæр æмæ  ирон дзырдаивады раз дæр йе ‘мбæстагон хæс намысджынæй чи сæххæст кодта. Фæлæ Цхуырбаты Мерийы загъдау: «Лæг мæлы – ном цæры». Зауыры ном дæр цæры, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты æмæ уый та стыр хъуыддаг у. Йæ ном цæрæнбонтæм цæрдзæн, ирон литературæйы къæбицмæ цы стыр хуынтæ бахаста, уыдоны фæрцы.

Рухсаг у ноджыдæр, нæ зынаргъ хæлар Зауыр!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.