Ацы фарстимæ æрурæдтон уынджы цалдæр адæймаджы, цæмæй рафæлгъауон, Хуссар Ирыстоны ног историимæ нæ адæм цæйбæрц зонгæ сты.

Къæбысты Павел – пенсиисæг, 73 аздзыд.

Уыцы бон  Театралон фæзуаты цы адæм уыд, уыдонæй алкæй дæр фæндыд зарын æмæ кафын. Хабар айхъуыст æмæ фæзуат адæмæй байдзаг. Чи худгæ кодта, чи та кæугæ. Хъæбыстæгæнгæ кæрæдзийæн арфæ кодтам. Уарзондзинад æмæ æмуддзинад æвдисын уæд адæм тынгдæр зыдтой. Æз дæр мæхицæй ныббуц дæн историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм ахсджиаг хабары æвдисæн кæй уыдзынæн. Разæй зындзинæдтæ кæй æнхъæлмæ кæсы ирон адæммæ ацы ахсджиаг къахдзæфы тыххæй, уый хистæртæ æмбæрстам. Гуырдзыстон нæм цы хæрам цæстæй ракаст, уый азарæй бирæтæ бабын сты, фæлæ æн-дæр гæнæн нæ уыд. Афтæ зæгъон æмæ абон алцыдæр нывыл у, уый раст нæ уыдзæн, фæлæ цæмæй алцыдæр нывыл уа, уый тыххæй хъæуы кæрæдзи фарсмæ лæууын, æмдыхæй кусын. Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй нæхи дæр хъæуы архайын æмæ нын уæд уыдзæн æнтыстытæ».

Цхуырбаты Алинæ – 11-æм къласы ахуыргæнинаг.

Хъыгагæн, Алинæ 20-æм сентябры бон схæццæ кодта 14 июлы 1992 азы сабырад бахъахъхъæныны охыл Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхтæ куы æрцыд, уыимæ. 20-æм сентябрь ма схуыдта Хæдбардзинады бон дæр. Йемæ ма уыд йæхи кары чызг, уый дæр скъоладзау æмæ уый та 20-æм сентябрь рахуыдта «ирон адæмы бæрæгбон». Мæ фарстæн скъолайы уын ацы боны цытæн патриотикон уроктæ нæ фæуадзынц зæгъгæ, дыууæ чызджы дæр дзуапп радтой «нæ».

Туаты Аленæ – дуканийы кусæг.

Æрвылаз дæр ацы боныл æмбæлын сæрыстырдзинады æнъкарæнтимæ. Не ‘мбæстагон бартæ нын Гуырдзыстоны æнæформалтæ гуымирæй кæй хæлдтой, æмæ сдзырдтам мах дæр нæ бартыл æмæ интерестыл. Институты ахуыр кодтон уыцы дуджы. Сæрибардзинады сæрыл ме ‘мзæххонтæй чи дзырдта, уыдонæй абон бирæтæ æгас нал сты. Фæлæ алцæмæн дæр бафæрæзтам 2008 азы 26 августы ирон адæмы æнусон бæллиц сæххæст – райстам Хæдбардзинад! Æрмæст мæм уый тыххæй афтæ фæкæсы хатт, цыма йын аргъ кæнын нæ зонæм. Аскъуыддзаг кæнинаг фарстатæ тынг бирæ сты. Абон саразæн цæмæн ис, уый фидæнмæ цæмæн æргъæвæм? Мæ разæй ацы фарст цы хистæркъласонмæ радтай, уый дæр фæтыхст, схæццæ кодта хæдбардзинады бон Республикæ Хуссар Ирыстоны бон расидынимæ. Цæмæннæ ахуыр кæнынц скъолаты Хуссар Ирыстоны ног истори? Цæмæннæ зонынц ахуыргæнинæгтæ Иудзинады бон? Паддзахады тырысайы бон? Хуссар Иры закъондæттæг орган раздæр цы ном хаста? Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цы бæстæтæ банымадтой? Джиуæргуыбайы бон, ног историйы номхыгъдмæ цæмæн хауы, цы нысан кæны? Чи у Хъуылымбегты Торез, цы политикон архайдтытæй зындгонд у æмæ афтæ дарддæр. Æз æрмæст уыцы чызджытæм нæ хæцын. Уæлдæр цы фарстаты кой скодтон, уыдоныл скъоладзаутæй бирæтæ не сдзуапп кæндзысты.

Чингуытæ аразæм, фæлæ сæ кæстæр фæлтæрæй фæрсгæ ничи кæны, национ идейæ нæм нæй. Æз нæ зæгъын æмæ нæм æвзæр фæлтæр рæзы. Ныртæккæ хистæр кълæсты чи ахуыр кæны, уыдонæй сывæллæтты рæвдауæндæттæм чи цæуы, уыдон хуыздæр зонынц Ирыстоны ног истори. Уымæн æмæ уым сæ программæмæ хаст у. Мæ чызджы лæппу арæх фæдзуры æз, дам, Хуыбылты Валери дæн, куы та йæхи Гæззаты Вадим фæхоны. Уыцы зонындзинæдтæ йын бинонты ‘хсæн ничи дæтты, рæвдауæндонæй сæ хæссы.

Нæ республикæ 33 азы размæ райста Республикæйы ном, архайы рухс фидæнмæ цæуын, сабырадон цард аразыныл. Нырма æвзонг у, фæлæ æнтысгæ дæр ын дзæвгар бакодта. Æрмæст ма хъæуы куыстуæттæ кæнын, цæмæй алы адæймагæн дæр уа куысты бынæт. Бæрæгбоны хорзæх уæд алкæйдæр!

Зæгъойты Риммæ – пенсиисæг, 40 азы бæрц фæкуыста историйы ахуыргæнæгæй.

«Раздæры Советон Цæдисы ныппырх мæгуырауæрдæм бандæвта чысыл нацитыл. Цард сызмæт махмæ дæр, Гуырдзыстоны аххосæй. Сæ политикты аххосæй уавæр бонгай нæ, фæлæ сахатгай карзæй-карздæр кодта. Басыгътой бирæ ирон хъæутæ, Гуырдзыстоны мидæг бар нал уыд ирон æвзагыл дзурынæн, сабыр цæрджыты мардтой. Æндæр фæрæз нын нал уыд æмæ мах дæр республикæ расидыны акт бацæттæ кодтам. 1990 азы 20-æм сентябры уагъд æрцыд Адæмон депуттаты Хуссар Ирыстоны областон советы 14-æм сесси. Уым уæд райстой историон уынаффæ Хуссар Ирыстоны автономон областæй Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ саразыны тыххæй.

Æлборты Алан – 50 аздзыд, Ирыстоны хъахъхъæнджытæй иу.

20-æм сентябрь мæнæн бирæ  цауылдартыл дзурæг у. Æхсæвæй-бонæй уынгты, пикетты лæугæйæ нæ бонтæ æрвыстам. Разæй нæ кæмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый бæрæг нал уыд. Уымæ гæсгæ 1990 азы 20-æм сентябры Адæмон депутаттæ историон уынаффæ куы рахастой, уæд фæсивæд сæ риуыдзаг сулæфыдысты. Кæрæдзийæн дзырдтам, ныр, зæгъгæ, цæй тыххæй  фыдæбон кæнæм, уый нын ис. Гуырдзыстоны сконды кæй никуыуал уыдзыстæм, уый тыххæй кæрæдзийæн арфæтæ. Уымæй размæ мæ зонгæтæй цалдæры амардтой æмæ-иу  лæппутимæ кæрæдзи фарстам: «Цæй тыххæй?». Ныр дзырдтам кæрæдзийæн: зондзыстæм, куы амæлæм, уæддæр нæ сæртæ нывондæн Республикæ Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй кæй æрхастам.

Æрæджы профессор Цыбырты Людвигæн рацыд чиныг «Южная Осетия. Становление государства». Уый лæмбынæг æрдзырдта республикæ паддзахадон статус куыд райста  ууыл æмæ ма цæмæй уыцы фæндагыл цыдаиккам, уый тыххæй цы гæнæнтæ агуырдтой. Уыцы хъуыддæгтæ Цыбырты Людвигæй хуыздæр чи зоны, уымæн æмæ уый уыцы рæстæджы лæууыд Республикæйы сæргъ. Æртæ томæй арæзт, куыст у, фæлæ дзы æз нырма фыццаг том федтон. Чиныг мæ зæрдæмæ уымæй фæцыд, æмæ дзы æвдыст кæй цæуынц 1992 азы цы политикон цаутæ цыд, уыцы документты къопитæ Уæрæсейы стырдæр политикон архайджыты фембæлдтытæ, стæй ма бынаты цы ивддзинæдтæ цыд, æппæт уыцы хабæрттæ. Мæнмæ афтæ кæсы, уыцы чингуытæ хъуамæ хаст æрцæуой скъолайы программæмæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.