Бæрæг куыд у, афтæмæй Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы Республикæ расидыны боны цытæн къуырийы дæргъы уагъд цыд турнир футболæй РХИ-йы Президенты Кубок рамбулыны сæраппонд.

Хайад дзы райстой 11 командæйы. Фыццаг æрдæгфиналон фембæлды хъазыдысты «Дыргвис» æмæ «ВЧ 70007». Матчы сæйраг рæстæджы командæтæн сæ бон не ссис уæлахиздзау сбæрæг кæнын (0:0). Бахъуыд пенальтиты сери, цыран хуыздæр сæхи равдыстой «Дыргвис»-ы хъазджытæ æмæ ахызтысты турниры финалмæ.

Иннæ æрдæгфиналы та «Массив»-ы командæйы футболисттæ фæуæлахиз сты Мидхъуыддæгты министрады кусджыты æмбыргондыл 5:3 хыгъдæй. Афтæмæй 18-æм сентябры фембæлдысты «Дыргвис» æмæ «Массив»-ы командæтæ. Хъазт рауад тынг цымыдисон. Командæтæ уæлдай хъусдард здæхтой сæ кулдуæрттæ ба-хъахъхъæнынмæ. Фæлæ уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ дыууæ командæйæн дæр хорз уавæртæ уыд хыгъд байгом кæнынæн, фæлæ-иу сæ не спайда кодтой. Хъазты кæронмæ ма 10 минут куыд хъуыд, афтæ тынг хорз ахъазыд «Дыргвис»-ы размæбырсæг Гуыбаты Хетæг æмæ пурти бакъуырдта ныхмæлæууæг командæйы кулдуары æмæ хыгъд ссис 1:0.  «Массив»-ы хъазджытæ ма бæргæ абырстой размæ, фæлæ хыгъд нал фæивта. Афтæмæй турниры сæйраг призы хицау ссис «Дыргвис». Дыккаг бынатыл ацыд «Массив»-ы командæ æмæ æртыккаг бынат та бацахста Мидхъуыддæгты министрады командæ.

Турниры хайадисджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Президент Гаглойты Алан. «Фыццаг рады мæ фæнды турниры хайадисæг æппæт командæтæн дæр раарфæ кæнын. Сымах футболуарзджытæн равдыстат рæсугъд хъæзтытæ. Рауад афтæ æмæ спорты, сæрмагондæй футболы хистæр фæлтæртæ ныууагътой ирд фæд. Æмæ сымах та стут сæ аккаг фæдонтæ. Уадз, æмæ нæм тыхтæ уæд футболæй хъазынæн æмæ гауызыл хæцынæн. Иууыл сæйрагдæр та у, цæмæй-иу алы хъазты фæстæ дæр райсат кæрæдзийы къухтæ», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Ерысты уæлахиздзау æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæты схорзæхджын кодта президент Гаглойты Алан.

Уæлахиздзауæн ма кубокæй дарддæр лæвæрд æрцыд 100 мин сомы, дыккаг бынатыл ацæуæг командæ райста 50 мин сомы, æмæ бронзæйон призер та хорзæхджын æрцыд 30 мин сомæй.

Сæрмагонд призтæ ма райстой турниры хуыздæр хъазджытæ. Кулдуаргæс Дзигойты Роберт, размæбырсæг Гуыбаты Хетæг («Дыргвис»), хъахъхъæнæг Томайты Григори (Мидхъуыддæгты министрад), æрдæгхъахъхъæнæг Джиджойты Сослан («Массив»), æмæ иууыл хуыздæр хъазæгыл та нымад æрцыд Хъодалаты Иосиф («Дыргвис»).

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.