Адӕймаджы уӕвынады  сӕйраг формӕтӕ сты цард ӕмӕ мӕлӕт. Мӕлӕт у, адӕймаджы цардӕн кӕрон кӕм ӕрцӕуы, йӕ уыцы хуыз ӕмӕ у ӕнусон. Царды мидис та  уӕрӕх ӕмӕ алыварсон у: адӕймӕгтӕ куыд алыхуызон сты, афтӕ алыхуызон вӕййы сӕ хъысмӕт дӕр. Алы поэт дӕр йе сфӕлдыстады тырны  йӕ алыварс царды уӕвынады мидис бамбарынмӕ, йӕ сусӕгдзинӕдтӕ йын раргом кӕнынмӕ, хӕлар ӕмӕ хӕрам тыхты ӕмахастытӕ рафӕлгъауынмӕ.

Арф ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыды кодта царды уӕвынады мидис ӕмӕ йӕ кӕроныл поэт Джыккайты Шамил дӕр. Уый разы нӕу цардвӕткы мӕнгдзинад ӕмӕ ӕнӕрастдзинӕдтимӕ, уымӕ гӕсгӕ йӕ лирикон хъайтар ӕппынӕдзух ис быцӕуы йӕ алыварс дунеимӕ. Ардыгӕй сӕнтысы Шамилы  поэзийы цард ӕмӕ мӕлӕты темӕ. Поэтӕн цард нӕу цинхӕссӕг, уымӕн цард свӕййы ӕнӕрлӕугӕ тох: «Нӕ цард хӕст у, лӕг та – хӕцӕг, “Æрцӕуы диссӕгтӕ хӕцӕны”. Поэт-лирикон хъайтарӕн йӕ цард баст у йӕ бӕллицтыл. Уый бӕллы сӕрибар цард, паддзахадмӕ, уавӕрты цагъар чи нӕу ӕмӕ йӕ райгуырдыл фӕсмон чи нӕ кӕны, уымӕ. Лирикон хъайтары тыхсын кӕны йӕ бӕстӕйы уавӕр, фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ  дзыллӕ уа фидар, йӕ фидӕн та знӕгтӕй ӕвыд. Уый у цард поэтӕн, фӕлӕ дзы райгонд нӕу ӕмӕ йыл нӕ разы кӕны («Тӕхуды»).

Поэтӕн цард ӕмиу у ӕрдзимӕ. Æрдзы хъӕбысы уый ары ӕвӕлмон ӕнцойад. Ам райгуыры ногӕй йӕ уд цардӕн, амондӕн, уымӕн ӕмӕ дзы нӕй   ӕгъатырдзинад, хин, хӕлӕгы ӕууӕлтӕй хайджын чи у, уыцы адӕймаг. Æмӕ, уадз, поэтӕн уый уысмон уавӕр уæд, уӕддӕр у амондджын. Фӕстӕмӕ та йӕ раздӕхын кӕй хъӕудзӕн ӕгъатыр реалон дунемӕ, уыцы хъуыды дӕр ын нӕ халы йӕ идиллион уавӕр. Йӕ райгуырӕн бӕстӕйы ӕрдз ыл ӕфтауы цин, садзы йыл ӕргъӕу базыртӕ ӕмӕ йӕ сӕнтты тӕхы Бурсамдзелийы, Рагъыдзуары сӕрмӕ. Ахӕм рӕстӕджы: «Сӕ кой дӕр нал и тыхст ӕмӕ мӕстытӕн\\Зӕххон сагъӕстӕн нал хатын сӕ уӕз». Федзӕрӕг йӕ уарзон хъӕу поэтӕн: нал дзы хъуысы фыййӕутты хъазт, нӕ апырх фосы дзуг Рӕгътыл, нӕ хӕссы ног чындз хъӕугӕронӕй дон. Хъыг у уый поэтӕн, фӕлӕ йӕ цин афтӕ ӕгӕрон у йӕ райгуырӕн къуымыл, ӕмӕ «Уӕддӕр мын хъыг мӕ уды равг нӕ халы,//Нӕ зонын абон мӕт ӕмӕ фӕсмон». Поэт нӕ фӕсмон кӕны йе ‘рцыдыл, исы дзы ӕнцой ӕмӕ ӕхцондзинад. Æрдз ӕмӕ поэты сӕнттӕ баззайынц иунӕгӕй, сиу вӕййынц органиконӕй ӕмӕ радӕттынц царды уӕвынады мидис «Фӕлгӕсӕны».

Поэтӕн цард у хӕларӕй, уарзонӕй цӕрын. Уый кӕд «фыдӕбон ӕмӕ мастӕн нывонд уыд», уӕддӕр ын ӕнцон уыд цӕрын. Æмӕ куыд хъуыды кӕныс, зынаргъ кæсæг, цӕй  ̓руаджы? Шамил йӕхӕдӕг афтӕ зӕгъы: «Æз адӕммӕ хӕлары цӕстӕй кастӕн, // Нӕ уыд мӕнӕн кӕйдӕр хорздзинад рын». Поэт-лирикон хъайтар ралӕууы зондджын, куырыхон пахуымпарӕй ӕмӕ амоны хуымӕтӕг адӕймагӕн: «лӕджы ныхӕстӕ хъастӕн ӕвгъау сты, дӕ дзырдтӕ радт уӕздан уарзтӕн, раст адӕймагӕн йӕ цард ӕхцон у, йӕ зӕрдӕ та – рухс». Сбирӕ сты, хъыгагӕн, нӕ алыварс ӕрмӕст хи пайдайыл чи хъуыды кӕнынц, йӕхи гуылы бын чи ӕндзарынц, мулчы цагъартӕ чи свӕй-йынц, ахӕм лыскъуд адӕймӕгтӕ.  Уӕздан уайдзӕф бакӕны ахӕмтӕн дӕр поэт: «Бибитӕ сты зӕрин ӕмӕ налхъуыттӕ, //Дӕтты нын амонд иунӕг хӕзна – уарзт» («Уыдтӕн нывонд фыдӕбон ӕмӕ мастӕн»). Уый у ӕцӕг Поэты ӕмбӕстагон позици.

Æмдзӕвгӕ «Æвӕрӕз ӕмӕ иунӕг дӕн зӕрондӕй»-ы поэт эпиграфӕн райста Пушкины ныхӕстӕ «Иных уж нет, а те далече». Рӕстылдзу, ӕнӕхин, сыгъдӕгзӕрдӕ поэтӕн зын у царды згъуыдттӕм кӕсын. Йӕ алыварс «ӕртыхсынц хин адӕм», нал ын ис, йӕ Иры хъыг, йӕ мӕт кӕмӕн радзура, уый, ӕмӕ йӕ «зӕрдӕ у хуыскъ адагау ӕдзӕм». Алчи ма ӕрмӕст царды сой тӕлӕт кӕны кӕрӕфӕй, бафтыдысты хӕрам куыстыл. Йемӕ ӕмзонд, ӕмзӕрдӕ чи уыд, уыцы хӕлӕрттӕ аивгъуыдтой се ‘нусон бынатмӕ. Уыдонимӕ йын йӕ ныфсытӕ ахаста мӕлӕт.

Мӕлӕт царды кӕройнаг инстанци кӕй у ӕмӕ йӕ разы ӕрлӕууӕн кӕй нӕй, уыцы философон хъуыды уынӕм ӕмдзӕвгӕ «Ингӕны уӕлхъус»-ы. Мӕлӕт нӕ фӕрсы хъӕздыг ӕмӕ мӕгуырӕй: «Йӕ сау цъылын ныммӕрзы // Паддзахӕн дӕр йӕ фӕд». Уӕлӕуыл ӕлӕм цард чи фӕкодта, уый ныр мӕрдтӕм фӕцӕуы афтидӕй, стыр галуанты та раивта, ӕрмӕст йӕхӕдӕг кӕм цӕуы, уыцы чысыл хӕдзар.

Цард ӕмӕ мӕлӕты темӕ сиу вӕййынц ӕмдзӕвгӕ «Хӕссы фыдрӕстӕг иудадзыг мылазон»-ы. Цардвӕткы ныхмӕ протесты хуызы поэт йӕ дуг рахоны  фыдрӕстӕг ӕмӕ йӕ сбӕтты эпитеттӕ «мигъ», «сау рын», «сау бон»-имӕ. Цард цӕуы уыцы иугъӕдон ӕмӕ ӕнтъыснӕгӕй. «Дымгӕ дӕр нӕй»-зӕгъы поэт. Дымгӕ свӕййы царды змӕлынгӕнӕг символ. Уый  нӕй ӕмӕ йӕ куыстыл бафты сау мӕлӕт. Цард иудадзыг йӕ бынаты куы лӕууа, размӕ куы нӕ цӕуа алы фадыджы дӕр, уӕд уый мӕлӕты нысан у – ахӕм у ӕмдзӕвгӕйы хъуыды. Æмӕ нӕдӕр цӕргӕ, нӕдӕр мӕлгӕ кӕны лирикон хъайтар:

Цӕрдудӕй бадын хъотырау зӕппадзы,

Фӕлвары мӕн йӕ хъомысӕй хъысмӕт.

Мӕн Тъӕпӕн хъӕумӕ Иры уарзт нӕ  уадзы,

Мӕн Хуры хъӕумӕ нал уадзы мӕлӕт.

Поэт йӕ дугимӕ ис ӕппынӕдзухон быцӕуы. Фӕйнӕрдӕм скъуынынц  ӕмӕ тонынц Иры хӕрзтӕ, йӕ бӕстӕ раууатмӕ ӕрцыд ӕмӕ дзы лӕджы цардӕй цӕрӕн нал ис. Ахӕм уавӕрты поэт стыхсы йӕ цардӕй ӕмӕ ма йын иунӕг ныфс свӕййы …мӕлӕт. Иугӕр йӕ царды ныв нӕ рауад, уӕд иунӕг фервӕзыны хос у мӕлӕт ӕмӕ дзы куры, цӕмӕй йӕ ма ныууадза дзӕгъӕлӕй:

        Ды бакӕн стъӕлд удӕн тӕригъӕд,

        Уӕлӕуыл бавзӕрстон зындон:

     Мӕ арв мыл сау мигътӕ ныууигъӕд,                                            

     Ыскӕн мӕ удхарӕн кӕрон!

Зӕгъынц, зӕгъгӕ, дзырд материалон у. Царды хъӕнтӕ ӕмӕ ӕнӕрӕстдзинӕдтӕм кӕсгӕйӕ ӕмӕ се сраст кӕнынӕн ницы хъом уӕвгӕйӕ, поэт йе ‘ргом  раздахы йӕ иунӕг ныфс – мӕлӕтмӕ. Æмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, «йӕ удхарӕн кӕрон ӕрцӕуы» 2011 азы 26 майы. Поэты сфӕлдыстадон хъомыс нырма йӕ тӕккӕ тыхы куы уыд, уӕд ӕбӕрӕг лӕгсырдтӕ бакодтой цыфыддӕр фыдракӕнд – бонрӕфты бахуыссын кодтой Иры тӕмӕн-калгӕ стъалыйы цӕхӕр. Махӕн, ирон ӕхсӕнадӕн, та баринаг нӕу, ӕцӕг фыд-гӕнӕг ӕмбӕлон ӕфхӕрд кӕй нӕ райста, уый.

БИАЗЫРТЫ Аллæ,

филологон зонæдты кандидат

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.