Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ азты дæр ма Цхинвалы районы Додоты хъæуы бирæ адæм цард. Кæд уыцы азты дæр  цæрын зын уыдис, уæддæр сæхицæн царды амæлттæ кодтой.

Хъæуæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ цы бирæ æвзонг лæппутæ ацыд, уыдонæй иу уыд Санахъоты Федыр. Уый ныууагъта цалдæр кæстæры, æмæ цалынмæ не ‘рыздæхт фæстæмæ, уæдмæ йæ цардæмбал Любæ æппæт дæр арæзта, цæмæй царды тынг ма тыхстаиккой. Хæст нæма фæцис афтæ Федыр æрæздæхт уæззау цæфтæй æмæ уымæ гæсгæ Любæйы аудинæгтæ нæ фæкъаддæр сты,  хъуыд æм фæкæсын.

Хæсты фæстæ азты бинонты кæстæртæм бафтыд ноджыдæр æмæ баисты æртæ хо æмæ дыууæ æфсымæры. Сæ иу, нæ абоны уацы хъайтар Садул йе ‘мхъæуккæгтæй уыд хъæддыхдæр, стæй цумамæ – рæвдздæр. Иудзырдæй уыд, цæвиттон кæмæй райстаиккой, ахæм æмгар æмæ æмбал.

Садул цыппар къласы каст фæцис Додоты, астæуккаг ахуырдзинад та райста Зары хъæууон астæуккаг скъолайы.  Уæлдай рæвдздæр уыд математикæмæ, фæлæ йæ ахуыр уæлдæр ахуыргæнæндоны нал адарддæр кодта. Уыдта йæ фыды ‘нæниздзинад кæй цуды, йæ бон мадæн æххуыскæнын кæй нæу æмæ йæхæдæг балæууыд йæ мад Любæйы фарсмæ æмæ йын стыр æххуыс уыд æппæт куыстыты дæр.

Хъæууон цардыл къухтæ нæ сивгæйæ Садул кусынмæ бацыдис Цхинвалы арæзтадон монтажгæнæн управленимæ дæр. Нæ йæм уыдис арæзтадон дæсныйад, фæлæ фæлтæрд аразджытæ Хъотайты Феликс, Тедеты Пармен, Икъаты Сева, Къудухты Хъазбег æмæ бирæ æндæртæ балæууыдысты йæ фарсмæ. Дзырдтой йын, зæгъгæ, æцæг аразæг арæзтады алы куыст дæр хъуамæ зона. Æмæ уый дæр  райдыдта æндæр  æмæ æндæр куысты сусæгдзинæдтæ ахуыр кæнын.

Фæлæ æрыгон лæппумæ æрсидтысты йе ‘мбæстагон хæс Советон Æфсады рæнхъыты бафидынмæ. Фидгæ та йæ кодта Германы Советон Æфсады  къорды.

Æфсады фæстæ Садул æгуыстæй бирæ рæстæг нæ бадт. Цалдæр боны фæстæ та фæзынд йе’мкусджытæм æмæ та ногæй слæууыд йæ фæллойадон фæндагыл. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, æфсадмæ лæппуйæ ацæуынц æмæ фæстæмæ лæгæй æрæздæхынц. Æмæ æцæгдæр, Садул ноджы бæрнондæр цæстæй акаст йæ куыстмæ, архайдта, цæмæй йе ‘мбæлтты зæрдæхудты ма бацæуа.

Садул ныр кæд пенсийы ис, уæддæр нырма  куыстхъом у æмæ йæм исчи исты арæзтадон куыстытæ сæххæст кæныны тыххæй куы бахаты, уæд никуы базивæг кæны, амбырд кæны йæ кусæнгæрзтæ æмæ йын баххуыс кæны.

Садул йе ‘взонджы бонты йæ цард баиу кодта Тедеты Мериимæ. Дыууæ æвзонг æмкъайы иумæ æмзонд, æмвæндæй аныгъуылдысты царды улæнты.  Фæзынд сын кæстæртæ: Медея, Маринæ, Миленæ, Заринæ æмæ Георги. Уыдон иууылдæр ссардтой сæ амæндтæ æмæ хъомыл кæнынц сæхи кæстæртæ, кусынц нæ республикæйы  æндæр æмæ æндæр рæтты. Йæ фырт Георгийæн цалдæр боны размæ фæцис йæ улæфт æмæ та ногæй араст Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исынмæ..

Садул æмæ Мери сæ кæстæртæй сæрыстыр æмæ буц бирæ цæмæйдæрты сты, фæлæ сæ тынгдæр райгонд сты иуæндæс кæстæры кæстæр сын кæй фенын кодтой, уымæй. Мæнæй ма, куы æрбамбырд вæййынц сæ алыварс, уæд уæлдай амондджындæрыл сæхи банымайынц.

 Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.