Дзырдæппарæн

Цымæ цы у модæ æмæ йæ чи æрымысы? Ацы фарст бирæтæм сæвзæры, æвæццæгæн. Æмæ америкæйаг фыссæг Макс Лукадойæн дæр ацы фарстыл сагъæс фæци Панчинеллойы хабæрттæ ныффыссыны хос. Йæ хъайтар чысыл лæппу Панчинелло уыди фыдхуыз æмæ æнарæхст, фæлæ йæ бирæ уарзтой йæ хæлæрттæ, йæ саразæг (уый хъæдæй конд уыди, Буратинойау). Чи йæ сарæзта, уый йæ барæй сарæзта ахæм, цæмæй макæй хуызæн уыдаид, ма йын уыдаид халдих иннæты ‘хсæн. Фæлæ Панчи-неллойæн уый масты хосæй дарддæр ницы уыди. Йæхи хуызæтты æхсæн та арæх уагъдæуыд алыгъуызон ерыстæ æмæ дзы уый та æгады тæппытæй дарддæр никуы ницы рамбылдта. Уæлахиздзаутæн та лæвæрдтой кады стъалытæ. Уæд иу хатт тынг кадджын сси… цъæх фындз! Ома адæм сæ фындзтæ цъæхæй ахорын райдыдтой, æмæ йæ чи нæ ахуырста, уый та нымадтой фæстæзадыл. Афтæмæй Панчинелло дæр йæ фындз сахуырста цъæх ахорæнæй, æмæ кæдæй-уæдæй уыди амондджын æмæ хъæлдзæг. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста: цалынмæ уый цинтæ кодта, уæдмæ цъæх фындзы бæсты рацыд сырх фындз! Афтæ уыцы ногдзинад ивд æрцыди цалдæр хатты, фæлæ Панчинелло тынг бафæллади ацы раив-баивæй, нал æййæфта адæмы æмæ тухæнæй марди.

Уый дын модæйы хъуыддаг! Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы ‘хсæн бызгъуыр æмæ лæзæрд дзаумæтты цæуын кад нæ кæны адæймагæн, уæлдайдæр та æхсæнады кусгæйæ, фæлæ модæ чи уадзы, уыдонæй дæр иуæй-иутыл «цъæх фындзы» низ цыма бахæцыди! Æниу ууыл куы банцадиаккой, уæд ма сын цы уыди! Хъуыддаг уыйонг бакодтой, æмæ иу фæлыст дарæс сси, хуымæтæджы адæймаг йæ цæрæнбонты дæр цынæ бакуса, ахæм зынаргъ. Сценæйы кусджытæй кæмæндæрты сæ фæлыстытæ вæййынц цалдæр миллуаны аргъ! Æмæ сæ иу хаттæй фылдæр скæнын сæ сæрмæ нæ хæссынц. Уый та куыд! Айразмæ дæр мыл уый уыди, æмæ та ныр дæр?! Гъе афтæ ивынц адæм, модæйы хынцмæ кафгæйæ сæ кафт симынмæ рахызти.

Ацы хъуыддаджы ныхмæ тох чи расидт, ахæмтæ дæр ис дунейы. Тыхаразгæ модæйы ныхмæ слæууыд Америкæйаг æхсæны кусæг Матильда Каль. Уый бавдæлд, æмæ балхæдта æхсæзы фæлыст урс хæдæттæ æмæ иу ахæм та дæлгуыртæ. Æрвылбондæр сæ ивта, фæлæ йын уыдысты иугъуызон. Афтæмæй йæ кой ахъæр ис æнæхъæн дунейыл. Æцæг æй иттæг ничи бафæзмыдта, фæлæ йын йæ ахаст бирæтæ банымадтой растыл. Йе ‘мкусджытæ расидтысты сæрмагондæй иу бон, куыд Матильдæйы дарæсы бон, афтæ.

Æмæ цы! Хорз уаид, ацы дарæсыл сагъæс адæймаджы куынæ тыхсын кæнид, уæд. Хорз уаид, алкæцы куыстуатæн дæр йæхи сæрмагонд дарæс куы уаид, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис нæм ныридæгæн ахæм цæвиттон дæр: ГТРК «Ир»-ы кусджытæн фæзынд сæхи куыстуаты сæрмагонд фæлыст, фæлæ йæ, цыма, иттæг не ‘рфидар кодтой. Фæзынди кæддæрты, æмæ йæ ныр цыдæр арæх нал ауынæм.

Уæдæ модæйы кой цæй тыххæй ракодтон, уый смахыл дæр дис бафтаудзæн, уымæн æмæ модæ аразджытæ ахæм зыгъуыммæдзинад æрымысдзысты, уый мæн дæр дисæй амардта. Фыццаг цыбыр къаба куы фæзынд (уый æрымысыд 50-æм азты англисаг дизайнер Мери Куант), уæд йæ ныхмæ стыр тохтæ цыди, фæлæ йæ адæм цæмæй зыдтой, ахæм рæстæг æрцæудзæн, æмæ сæ цыбыр юбкæтæ ферох уыдзысты, уымæн æмæ кæд раздæры дизайнертæ рæсугъддæр æмæ аивдæр цы у, уымæ тырныдтой, уæд ныр та фæзынди ахæм дæснытæ, æмæ сæ зæрдæ сцъæхи аив фæлгæндзтæй. Йе уый тыххæй рауагътой ахæм дизайнерон ногдзинæдтæ, æмæ сæ адæймаг. Иудзырдæй, уæхæдæг сæ уынут!

Уæдæ цы бакæна адæймаг, цæмæй «цъæх фындзы» низæй ма фæхайджын уа? Ирон адæм арæх фæзæгъынц, цы дыл фидауы, уый – дæ модæ! Æмæ мæнæн дæр уый цæуы мæ зæрдæмæ.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.