Ивгъуыд къуыри «Спутник»-ы пресс-центрмæ хуынд æрцыд цхинвайлаг модельер Бекъойты Хох. Уый ссис XII æппæтдунеон конкурсы уæлахиздзау.

Æвзонг модельер журналисттæн радзырдта Цæгат Ирыстон-Аланийы цы дизайнерты равдыст уыд, уым сæрд-уалдзæджы коллекцийы цы дзаумæтты «Look» равдыст, уый тыххæй.

«2019 азы æрыгон дизайнерты XII æппæтдунеон конкурс уагъд цыд цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты дзаумæттæ кæрдын æмæ сæ хуыйыны технологийы кафедрæйы. Уыдон æрхуындмæ гæсгæ хайад райстон дизайнертæ æмæ модельерты конкурс «Пульс моды»-йы. Ацы конкурсы ма хайад райста ивгъуыд аз дæр, фæлæ уæд дыккаг бынат бацахстон. «Пульс моды»-йы æрмæст хайад райсын дæр мæнæн æмæ æппæт дизайнертæн дæр у бæрæгбонау. Ацы конкурс фадат дæтты дизайнертæн сæ дарæс профессионалон жюрийы æмæ модæйы специалисттæн равдисын. Равдысты ма хайад фæисынц, модæйы фадыджы чи архайы, ахæм амалиуæггæнджытæ дæр. Уыдон ам фæагурынц, семæ чи бакуса, ахæм дизайнерты. «Пульс мо-ды»-йы руаджы модельерæн йæ бон у адæмæн модæйы ног ивындзинæдтæ равдисын, сæхæдæг æй куыд уынынц, куыд æнкъарынц, афтæ.

Конкурсæн та йæхи хæс у æрыгон дизайнерты модæйы дунейæн раргом кæнын, профессионалон дизайнерты æх-сæнад саразын æмæ ног коллекцитæ саразынæн инвестор-тæ ссарын», – дзырдта йæ раныхасы Бекъойты Хох.

Конкурсы хайадисджытæ куыд загътой, афтæмæй конкурс уагъд цыд Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы бæрæгбоны цытæн. Ацы конкурсы мæ коллекцийы хорзæхгонд æрцыд сыгъзæрин æнгуырстуанæй» – дзырдта Бекъойты Хох.

Курдиатджын дизайнер-мо-дельер модæйы дунемæ йæ фæндаг райдыдта 2017 азы. Фыццаг фæлварæнтæ йын уыд Цхинвалы. Тынг фæцыд цхин-вайлæгты зæрдæмæ Хохы фыццаг коллекцийы равдыст.

Бекъойты Хохмæ æхсæна-дæмон равдыстытæй цы хонæн гæххæтытæ æрцæуы, уыдонмæ ацæуыны тыххæй йын финансон æххуыс бакæны Президент Бибылты Анатоли. Йæ коллекцитæ алы хатт дæр фæндаг ссарынц модæуарзджыты зæрдæмæ. Дизайнер нырма кусы иунæгæй, цы коллекцитæ бахуыйы, уыдонæн та хъуымац балхæны магазинты. Æвзонг дизайнеры зæрдæмæ хæстæг дæр сты бур, урс æмæ æрвгъуыз хъуымæцты хуызтæ. Спайда кæны «эмбру» техникæйæ дæр, ома, хъуымацæн радты хъулон хуыз. Уарзы ахæм дзаума хуыйын, кæцы бæззы æрвылбонон царды. Ивгъуыд аз Бекъойты Хох йæ коллекци «Дыккаг уарзт» Санкт-Петербурджы модæйы къуыри «Ne-va»-йы куы æвдыста, уæд ын мæскуыйаг хуыйæн фабрикæ балæвар кодта 30 метры хъуымац. Ныр уый фæнд кæны уымæй ног коллекци саразын. Уымæй, дам, хуыд æрцæудзæнис зымæгон коллекци, куыд сылгоймæгтæн, афтæ нæлгоймæгтæн дæр.

Модельер-дизайнер йæхæдæг нырма йæ хуыд дарæсы нæ цæуы, фæлæ ныфс дæтты куыддæр февдæлондæр уа, афтæ бахуыйдзæн æмæ йæхæдæг дæр  скæндзæн «Bekoev»-ы дзаумæттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.