Адӕймаг балцы цӕуынвӕнд куы скӕны, уӕд Хуыцауæн йӕхи афӕдзӕхсы, цӕмӕй фӕндараст фӕуа ӕмӕ ӕгас хӕдзар ссара. Уый фæндараст куы вӕййы, уӕд йӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕйы уаг ӕмӕ цины ӕнкъарӕнтӕй фӕхай кӕны канд йӕ бинонтæн нӕ, фӕлӕ ма йӕ алфӕмбылай адӕймӕгтæн дӕр. Ахӕм цины ӕнкъарӕнтӕ равдыста мемӕ ныхас кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ансамбль “Симд”-ы директор Гаглойты Ростик дӕр. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ӕрӕджы Республикӕ Абхазы  банысан кодтой уӕлахизы 25 азы бӕрӕгбон. Уырдӕм хуынд ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны делегаци дӕр, уыцы нымӕцы нӕ паддзахадон ансамбль «Симд»-ы коллектив дӕр. Цӕмӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ ацыдаиккой сӕ фӕндагыл, ууыл развӕлгъау ахъуыды кодта разамынад ӕмӕ бахатыд нӕ республикӕйы Мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь ӕмӕ Паддзахадон автоинспекцийы хистӕр Джиоты Аланмӕ, цӕмӕй сын сӕ балцы рæстæджы баххуыс кӕной. Уыдон зӕрдиагӕй сразы сты ӕмӕ сын арвыстой æмбæлц-цæттæн майор Кокойты Вольдемар ӕмӕ хистӕр лейтенант Тедеты Алыксандры. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй бӕлццонӕн ныртӕккӕ йӕ разы дзӕвгар ныхдуртӕ вӕййы, фӕлӕ ацы дыууӕ адӕймаджы фӕрцы нӕ ансамблы артисттӕ ӕнцонӕй ныххӕццӕ сты Абхазы зӕхмӕ, афтӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты сӕ райгуырӕн Хуссар Ирыстонмӕ дӕр. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ «Симд»-ы кафджыты коллектив бӕрзонд ӕмвӕзадыл кӕй сӕххӕст кодта «Аланты кафт», уый цыд 7 минутӕй фылдӕр. Нӕ кафджытӕн стадионы дзаг адӕм кодтой тыхджын къухӕмдзӕгъд, афтӕ тынг фӕцыд ирон артистты аивад сӕ зӕрдӕмӕ. Ӕнӕуи дӕр коллективы ӕфсымӕрон Абхазы адӕм тынг сбуц кодтой ӕмӕ сӕ баззадысты иттӕг райгондӕй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.