60 азы сæххæст нæ куырыхон ахуыргонд, ирон æвзаджы вазыгджын фарстатæ иртасæг, Абайты Васойы хъуыддæгтæ дарддæргæнæг, РХИ-йы зонад-иртасæн институты мадæлон æвзаджы хайады хистæр, нæ университеты ирон æвзаг æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг, филологон зонæдты кандидат Дзиццойты Юри Альберты фырты райгуырдыл.

Йе студентон бонтæй абонмæ йæ тыхтæ радта мадæлон æвзаджы æвæрæнтæ раиртасынмæ. Бирæ саразын ын бантыст, бирæ ахуыргæндты æркæсын кодта йæхимæ.

Нæ цæст ын уарзы дæргъвæтин цæрæнбон, сфæлдыстадон куысты æнтыстытæ, Ир æмæ Ирыстоны фæдыл бирæ азты лæггад кæнын.

Бурхохау у фидар, æрттив дардмæ, дæ уæззау хæс кæронмæ ахæссын цы бафæразай, уый амонд дæ уæд.

Иратаманы лæгау-лæгтæй иу дæ ды æмæ нын бирæ фæцæр. Уастырджи де ‘мбал – кæддæриддæр.

 

Тыбылты Алыксандры Номыл паддзахадон

Университеты ирон литературæйы кафедрæйы уæнгтæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.