РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуардимæ, афтæ ма профилон структурæты минæвæрттимæ бабæрæг кодтой Театралон фæзуаты музыкалон фонтаны арæзтад, кæцы урæд æрцыд, уый размæйы генералон подрядоны куысты цухдзинæдтæ кæй рабæрæг, уый тыххæй.

Ныртæккæ фонтаны арæзтад дарддæр кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Промикс», кæцыйы минæвар министрты кабинеты къухдариуæггæнæгæн фехъусын кодта цæттæгæнæн куыстыты тыххæй.

Пухаты Эрик  бацымыдис кодта, техникон ифтонгад æлхæныны процесс куыд цæуы, хынцыд æрцыдысты инфляцион процесстæ æви нæ, уый.

Аразджытæ ныфс бавæрдтой, куыстытæ планмæ гæсгæ кæй цæуынц, арæзтадон куыстытæ кæй райдыдтой æмæ æххæст кæй цæуынц, цы проектон документаци ис, уымæ гæсгæ. Фæззæджы æмбисмæ объект лæвæрд æрцæудзæн эксплуатацимæ.

Объект бæрæг кæныны ма хайад райста горæт Цхинвалы администрацийы къухдариуæггæнæг Коцты Алан. Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй столицæйы администраци у фидæны эксплуатацигæнæг организаци æмæ хъуамæ йæ хъус дара фонтаны арæзтады алы этапмæ дæр.

Хицауады Сæрдар бахæс кодта капиталон арæзтады управленийæн, цæмæй регулярон æгъдауæй бæрæг кæна арæзтад техникон домæнтæм гæсгæ арæзт цæуы æви нæ.

«Фонтан хъуамæ суа республикæйы столицæйы фенддаг объект, кæцы æрмæст республикæйы цæрджытæн нæ хæсдзæн цин, фæлæ  республикæйы уазджыты дæр», – банысан кодта Пухаты Эрик.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.