(Кæрон. Райдиан кæс нæ газеты №10 æмæ №14)

1960-1980 азты цæхгæр экпансийæн гæнæн нæ уыд, уый тыххæй пайда кодтой демографион каналтæй: миграцион политикæ здæхт уыд Хуссар Ирыстонæй ирæтты цæгатмæ æрвитын кæнæ сæ Гуырдзыстоны мидрайонты ныппырх кæнын, цыран сæ организацигонд социалон æлхъывдад тыхæй домдта сæ мыггæгтæ гуырдзиагвæлдæхт ныффыссын æмæ графæ «нацийы хатт» фæивын. Цæмæй фæтагъддæр уыдаид этнокультурон ассимиляци, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны сыхаг гуырдзиаг районтæн фестын кодтой уæлæмхасæн аграрон-хъомысон комдзаг. Уый ССРЦ ахста фæстаг бынат хъæууонхæдзарады рæзты хъуыддаджы, куысты бынæттæ æмæ социалон инфраструктурон æмвæзадмæ гæсгæ. Советон дуджы, адæмы нымæц дыууæ хаттæй фылдæры бæрц кæм фæфылдæр, уым Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты нымæц дзæвгар фæкъаддæр. Афтæ зынд, тагъд сæ нысан кæй сæххæст уыдзæн – советон дуджы кæронмæ Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты нымæц уыд 66 мины – æрмæстдæр нацийы дæсæм хай – фæлæ уыдон дæр, гуырдзиаг планмæ гæсгæ, хъуамæ хуыздæр цардагур ныппырх уыдаиккой фæйнæрдæм.

Сусæг-æргом экспанси ныппырх, цæдисон паддзахады нациты чи адих кодта, уыцы политикон системæимæ иумæ.

 Советон Цæдисы ныппырх та гуыр-дзиаг боцкъайы æнæхай фæкодта империон тæлытæй. Æртыккаг миназоны къæсæрыл Ирыстонмæ æнхъæлмæ каст фыдæвзарæнты ног цæг. Хæдбардзинад расидгæйæ æмæ йæхицæн ног хицæуттæ ссаргæйæ, Гуырдзыстон уайтагъд æрыздæхт, кæронмæ кæй нæ бакодта, уыцы экспансийы методтæм. Хуссар Ирыстоны комкоммæ скуынæг кæнынмæ. Хæстмæ æмæ геноцидмæ.

1990 азы Хуссар Ирыстон йе ‘мбæс-тæгты цард бахъахъхъæныны тыххæй ныллæууыд хæдуагæвæрд равзарыныл. Æхсæндунеон барады принциптæ æмæ ССРЦ закъондæттынады бындурыл 1990 азы 20 сентябры Областон Советы сесси æппæт æмвæзадты депутатты хайадистæй расидт Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Респуб-ликæ ССРЦ сконды. 1991 азы ныппырх Советон Цæдис. Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр чи куыста, уыцы ССРЦ Конституци куы нал уыд, ахæм уавæрты 1991 азы 21 декабры республикæйы Уæлдæр Совет райста Деклараци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй. Цалынмæ 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны банымадта, æмæ, æппынфæстаг æхсæндунеон барадмæ гæсгæ æххæстбарджын субъект не ссис, уæдмæ бахъуыд дæсгай азты хæст, мæгуырдзинад æмæ гуырдзиаг паддзахадон террорæн быхсын.

1989-1992 азты Гуырдзыстон сæххæст кодта хæстон бабырст æмæ геноциды дыккаг бафæлвæрд. Чи фæмард, уыцы адæмы иумиаг нымæц уыд 2000 адæймагæй фылдæр, 3500 адæймагæй фылдæр фæцæф сты, 120 адæймагæй фылдæр фесты æбæрæг сæфт. 117 хъæуы сыгъд æрцыдысты. Материалон зиæнтты аргъ 2005 азы æргътæм абаргæйæ у 516 миллиард сомæй фыл-дæр. Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы территорийыл регистрацигонд æрцыд 20 000 лигъдонæй фылдæр Хуссар Ирыстонæй, æмæ 100 000 фылдæр ирон лигъдоны та Гуырдзыстонæй, цыран æххæст цыд этникон сыгъдæгкæнынад æмæ ирæтты массон æгъдауæй куынæг кæнын.

 2004 азы Гуырдзыстон расидт ног хæст, Хуссар Ирыстонмæ уæззау техникæ, артиллери æмæ хæстон-транспортон авиациимæ регурярон хæйттæ баппаргæйæ.

2008 азы августы Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ Хуссар Ирыстоны сæххæст кодтой æххæстмасштабон æфсæддон операци ирон цæрджыты скуынæг кæныны тыххæй. 1918 азы фыццаг хатт хæдбардзинад куы расидт, уæдæй нæуæдз азы дæргъы, Гуырдзыстон ирæттæн геноцид расидт æртыккаг хатт.

 Геноциды æртыккаг æрзылд уый размæйы уæттæй хицæн кæны, æрмæстдæр иу, фæлæ тынг ахсджиаг цæмæйдæр. Ацы хатт тугмондаг æххæстгæнджыты фæсчъылдым лæууыдысты стыр æхсæндунеон тыхтæ. Гуырдзыстон рагацау уыд хæстифтонг, сæр-магондæй бацæттæгонд æмæ бабырстмæ барлæвæрдимæ.

Раст нæ уыдаид, экспансион плæнттæн кæрон кæй æрцыд, ууыл æууæн-дын. Хицæуттæ удæгас сты, хæстон провокацитæ дарддæр кæнынц.

Æниу, кæд ракетон-артиллерион цæфтæй ныппырхгонд Цхинвалы – се столицæйы – ирæттæ бахъахъхъæдтой сæхæдæг, æмæ ацы хатт Уæрæсе æрмæст декларацитыл не ‘рлæууыд æмæ нæ байрæджы кодта, уæддæр нырма бæрæг нæу, цал хатты ма хъуамæ бавзара Ирыстон уыцы фыдæвзарæнтæ.

Уый хыгъд, бæлвырд у иу хъуыддаг: æндæр фæстиуæг нæ уыдзæн. Йæ царды сæйраг фарстатæн йæхигъæ-дæй дзуапп раттынхъом чи у, уыцы нацийы, гæнæн ис, банымайай, кæнæ скуынæг кæнай.

Ис бæлвырд æмбарынад: истори ницæуыл ахуыр кæны. Нæ ахуыр кæны – уый раст у, фæлæ хирастгæнæн нæу. Нæ ахуыр кæны – фæлæ уый хыгъд фадат дæтты ахуыр кæнынæн. Ацы чиныджы сæйраг нысан у – хъуамæ суадзай дæ комбаст.

Ирыстоны гуырдзымæ æнæуынон ахасты кæй никуы уыд, æмæ дзы абон дæр кæй нæй, уый документалон факт æмæ æнцонрахатæн реалондзинад у. 1918-1920 азты хуссайраг ирæтты æргомæй куынæгкæнынады тыххæй æнæхъæн Ирыстон хъыпп-сыпп нæ кодта æвдай азы дæргъы. Диссаг у, ирæттæ сæ удфæразондзинад æмæ хъæбатырдзинадæй афтæ сæрыстыр не сты, Акаки Цъеретелийы ном цы дзæуджыхъæуккаг уынг хæссы, Михаил Хъипианийы номарынæн мемориалон фæйнæг цы хъæдзары къулыл ис, гуырдзиаг скъола кæй кусы, уымæй куыд сæрыстыр сты. Уымæй, Дзæуджыхъæу кæй у, ирæтты кæцæй фæсырдтой, Гуырдзыстоны уыцы Хъазбеджы районы зымæгон базæ. Уымæй, гуырдзиæгтæ хуссары ирон хъæуты куы сыгътой æмæ гуырдзиаг артиллери Цхинвалы куы дæрæн кодта, уыцы рæстæджы мацы провокацитæ æруадзыны нысанæн ирон бархионтæ Дзæуджыхъæуы гуырдзиаг «слабодкæты» куы хъахъхъæдтой. Уымæй, ног геноцидæн дзуаппы хуызы Хуссар Ирыстон кæй бахъахъхъæдта гуырдзиаг хъæуты, кæцытæ уайтагъд, æвæццæгæн бузныджы нысанæн,  фестадысты тбилисаг куынæггæнджыты базæтæ…

Чизоны, ирæттæ нæ зонынц, политикæйы,  куыд математикæ кæнæ кули-нарийы,  архайынц йæхи закъæттæ æмæ дзы бынат нæй моралон критерийæн? Зонынц, кæй зæгъын æй хъæ-уы. Уыдон афтæ кæнынц, саргъ сын кæной, уый ныфсæй нæ, æндæргъуызон сæ бон кæй нæу, уый тыххæй.

Ирон æхсæнад организацигон æрцыд этникон райдиантыл нæ, фæлæ æ-бæстагон райдиантыл, Ирыстоны адæймагæн нæ аргъ кæнынц йæ динон, националон, иумийагæй сисгæйæ, цы къордмæ хауы, уымæ гæсгæ – уый хыгъд нымад цæуынц хисæрмагонд хиæдтæ æмæ пайдайаг архайд. Фæлæ, æмбæстагон, индивидуалон æмæ хисæрмагонд принцип хъарынц сæ æгъатыр закъæттæ. Адæмон культурæйы тызмæг идеал домы фыдæв-зарæнтæ æмæ удуæлдайдзинадмæ цæттæдзинад, нæ дæтты бар хъаст кæнынæн, æгъатырæй тох кæны лæмæгъдзинады ныхмæ.

Хъæррахст кæнын – æгæрыстæмæй хæст æмæ геноциды тыххæй дæр – дæрдтыл айхъуыса, уый гæнæн Ирыстоны ис æрмæстдæр марды кæндты рæстæджы. Цыфæнды репресситæ æмæ геноцидæн дæр иугъæдон ирон дзуапп у – ма басæттын, фæстаг сулæфты онг быхсын. Æмæ дзыхыл хæцын, уымæн æмæ тæссагдзинадыл дзурын райхъал кæндзæн хибахъахъхъæныны æнкъарæн. Ахæм адæм удæгас куыд баззад, уый историон сусæгдзинад у. Чизоны, æдыхдзинад æмбæхсын дæр тых дæтты?

Хъыгаг у, кæй нæй рæстæг æнхъæлмæ кæсынæн, цалынмæ адæймагад ахæм фарстатæн дзуапп дæттын сахуыр уа, уæдмæ. 1920 азы цауты фæстæ геноциды ног цæг скусынæн ирон хиуылхæцынад æмæ сабырадуарзондзинад нæ фæахъаз сты, фæлæ ирон дзыхылхæцынад.

Хуымæтæджы хатдзæг: сабырадмæ уарзондзинад дæр, хиуылхæцынад бахъахъхъæнгæйæ дзыхыл хæцыныл куыдфæндыйæ дæр хъуамæ нæ къух сисæм. Дæ туг де стæджы дын скуынæг кæной, уый ныббарын дæр фыдракæнд у, уымæн æмæ йæ фæдыл расайдзæн уый ногæй сфæлхатт кæнын. Мах кæндзыстæм геноциды кой æмæ тох кæндзыстæм ууыл, цæмæй нымад æрцæуа дунеон æмæхсæнады ‘рды-гæй. Æрмæст 1920 азы иумиагæй сисгæйæ фондз мин адæймаджы амарын æмæ дыууын фондз мин адæймаджы сæ фыдæлты уæзгуытæй фæсурын – уый нысан кæны Хуссар Ирыстоны адæмы æмбис. Уыдонмæ ма куы бафтауæм 1920-1930 азты лагерты кæй фехстой æмæ хъизæмарæй кæй амардтой, 1940 азты Цæгат Кавказмæ кæй аппæрстой, 1950 æмæ 1960 азты Гуырдзыстоны æмæ ССРЦ алы республикæты барæй кæй æрцæрын кодтой, æппæт уыдоны, уæд сæ рауайдзæн удмарæг нымæц. ХIХ æмæ ХХ æнусты цаутæн бафæразгæйæ дæр ма ирон адæмы хуссайраг къабаз удæгасæй кæй баззад, уый у æцæг диссаг, абарæн кæмæн ницæимæ ис, ахæм уæлтæмæны цардфæразондзинады цæвиттон, исто-рион æмæ культурон æгъдауæй хи рахæссыны уæлахиздзинад.

Гæнæн ис, искæмæ афтæ кæсы, зæгъгæ, Ирыстон чысыл у, гæнæн ис æмæ йæ басæттай нымæцæй кæнæ арæхстæй, аргъæй кæнæ тыхæй?

Нæ хъæуы хи сайын. Райгуырæн бæс-тæ чысыл нæ вæййы. Мах æй хъахъ-хъæндзыстæм нырæй фæстæмæ дæр.

Бзарты Руслан, профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.