Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй сæ куыстыл æнувыд сты, иу нысаниуæгджын боны иувæрсты дæр никуы ахизынц, алыхатт дæр  сæ банысан кæнынц цытджын æгъдауæй, ссарынц Ирыстоны зынгæ адæймæгты нæмттæ алыгъуызон мадзæлтты фæрцы. Бацæттæ кæнынц сæрмагонд къуымтæ.

Сæрмагонд къуым – Ирыстоны разагъта фырт Ходы Камалæн

Иу ахæм сæрмагонд къуым, «Нырыккон ирон поэзийы астæуцæджындз», зæгъгæ, бацæттæ кодтой Ирыстоны разагъды фырт, адæмон поэт, публицист, драматург, тæлмацгæнæг, критик, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Ходы Камалы  райгуырæн боны цытæн. Библиотекæмæ цы бирæнымæц æвзонг чиныгкæсджытæ цæуынц, уыдон ацы къуымы фæрцы  базонгæ сты, æмæ дарддæр дæр зонгæ кæндзысты адæмон поэты диссаджы сфæлдыстад æмæ цардимæ.

Бирæвæсыг у йæ курдиат Камалæн. Йе сфæлдыстадон дыргъдоны цы тала бæлæстæ ныссагъта, уыдон арф уидæгтæ ауагътой, афтæмæй Ходы фырт ирон чиныгкæсæгæн балæвар кодта бирæ цымыдисон чингуытæ. Йæ поэзийы мах хъусæм нæ хæхты дымгæйы сыф-сыф, нæ дæтты сыр-сыр, Ирыстонмæ, йæ хъæубæстæм, йæ алыварсуæвæг адæммæ уарзондзинады æнкъарæнтæ. Ходы Камалы уацмысты фыццаг том «Балсæджы цалх» къухмæ райс-гæйæ. Адæймаг уайтагъд фæхаты, йæ аивадон уацмыстæ ифтонг кæй сты, алкæйы къухы чи не ‘фты, ахæм арф хуымæтæгдзинадæй. Хæццæ сæм кæны æрдзон, æнæхин удыхъæды комулæфт æмæ хиуылхæцгæ тыхы цардхъомыс. Йе сфæлдыстады поэтикон дуне æвдыст æрцæуы хæдхуызæй, рæсугъдæй, парахатæй. Тематикон æгъдауæй Ходы Камалы лири-кæйы баиу вæййынц дыууæ уылæны. Уыдонæй нæ иу зонгæ кæны авторы хи сагъæстимæ, иннæ та – æмбæстагон æмæ патриотон æнкъарæнтимæ.

Юбилейон номарæн къуым – Дзуццаты Хадзы-Муратæн

 Ацы аз январы мæйы  зынгæ ирон поэт  Дзуццаты Хадзы-Мураты райгуырдыл  85 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд библиотекæйы кусджытæ бацæттæ кодтой сæрмагонд номарæн къуым. Къуымы стъолыл æвæрд æрцыдысты Дзуццайы фырты фыст чингуытæ æмæ курдиатджын поэты тыххæй уацтæ цы газетты мыхуыр æрцыдысты, уыдон. Къулыл конд æрцыдысты Хадзы-Мураты къамтæ. Афтæмæй чиныгкæсджытæй чи бацымыдис кæна ацы æфхæрд, фæлæ стыр поэты сфæлдыстадимæ базонгæ уæвынмæ, уыдон сæ райзæрдæйæ бакæсдзысты.

Дзуццаты Хадзы-Мурат уыд йæ радтæг адæмы, йæ Ирыстоны æцæг патриот. Уый дзыхы ныхæстæй нæ, фæлæ уд æмæ зæрдæйæ уарзта йæ райгуырæн зæхх, йæ радтæг адæмы. Стыр хайбавæрд бахаста национ литературæмæ. Уыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр советы фыццаг æрсидты депутат, 90-азты райдианы национ-сæрибаргæнæн тохы лидертæй сæ иу. Бирæ фыста, хуссарирыстойнаг адæмы ныхмæ Гуырдзыстон хæст кæй расидт, уый тыххæй. Уыцы уæззау азты Хадзы-Мурат уыд «Хуссар Ирыстон»-ы сæйраг редактор, уый фæрцы газетмæ раздæхт йæ фыццаг ном «Хурзæрин». Зæрдæйæ рыст, æнцойад нал зыдта, йæ радтæг адæм гуырдзиаг тыхæйисджыты аххосæй цы зындзинæдтæ æвзæрстой, уый тыххæй. Ирдæй æвдыста йæ позици, кæцыимæ разы нæ уыдысты бирæтæ, уыцы нымæцы уæды рæстæджы бæрнон бынæтты кусджытæ дæр. Уый тыххæй йæ бахъуыд Цæгат Ирыстонмæ  ацæуын, цыран цард уæззау уавæрты. Фæлæ уымæ нæкæсæгйæ, раст цыма йæ мæлæт зыдта, уыйау фæлдыста æмæ фæлдыста йæ æнæмæлгæ уацмысты…

Зынгæ поэт, литературæзонæг æмæ публицист цардæй ахицæн 2000 азы июны мæйы. Курдиатджын фыссæг, æнахуыр хуымæтæджы æмæ хæрзæгъдау адæймаг нæ федта йæ Ирыстоны нымад паддзахадæй, кæд уымæ бæлгæйæ йæ царды бонтæ æрвыста, уæддæр. Æддейæ бакæсгæйæ – уæздан, хиуылхæцгæ æмæ мадзура. Мидæгæй та риуы æмæ сæрымагъзы, цытæ цыд, уый бамбардзæн, йæхæдæг афтæ чи риссы, æрмæст ахæм адæймаг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.