27 июны у фæсивæды бон. Нæ уацхæссæг фембæлд не ‘мбæстæгтæй цалдæримæ æмæ йын ацы бæрæгбон æмæ фæсивæды тыххæй афтæ загътой: 

Джиджджойты Руслан,  73 аздзыд. Нæ сомбон фæсивæд кæй сты, уый тыххæй уыдоныл дзурын хуымæтæджы   хъуыддаг нæу. Уымæн æмæ алы хъуыды дæр хъæуы абарын, цæмæй ма фæрæдийæм, кæстæрты зондахастыл мæгуырауæрдæм чи бандава, ахæмæй мацы зæгъæм. Раздæры æмæ абоны фæсивæдæй дæр нæй рахъастгæнæн, фæлæ сæ ахастыты ивындзинæдтæ кæй ис, уый хистæр фæлтæр æнæрахатгæ не сты. Раздæр дæр уыд тынг хорз кæстæртæ æмæ абон дæр. Уæд дæр уыд, æмæ абон дæр се ‘хсæн ис, цардмæ уæлæнгай ахаст чи дары, ахæмтæ. О, фæлæ мæм афтæ кæсы, æмæ раздæры фæлтæр цард саразыны фарстытытæм сæ хъус дардтой арфдæр хъуыдытимæ. Фылдæр сæм уыд æфсарм æмæ куыстуарзондзинад. Уæд цасдæрбæрцæй фылдæр уыдысты, хистæрæн аргъ æмæ кад кæнын чи зыдта, ахæмтæ. Куыдфæнды ма зæгъæм, уæддæр кæстæртæ сты нæ собон æмæ цæмæй царды раст фæндагыл слæууой, уый бирæбæрцæй у махæй, хистæр фæлтæрæй аразгæ æмæ уымæ мачи хъуамæ кæна зивæг.

Сæ бæрæгбоны цытæн та сын мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, амонд æмæ сæ хистæр фæлтæртæй ноджы стырдæр æнтыстытæ.

Гæбæраты Алихан, 75 аздзыд:  Раздæры æмæ абоны царды уавæртæн абарæн дæр кæй нæй, уый махæй алчи дæр зоны. Уæды æмæ абоны кæстæрты зондахасты ивындзинæдтæ дæр сты уый аххосæй. Уæд, куыд хистæртæн, афтæ кæстæртæн дæр сæ сæйраг хæс уыд, цæмæй сæ бинонтæ ма уой хæлц, дарæс æмæ æндæр ахæмтæй цух. Ныр та алцæмæн дæр ис æнцондæрæй ссарæн. Æвзæнгтæй иутæ æххæстæй нæма æнкъарыц, цы сын ис, уыдон кæй æмæ цæй фæрцы сты, уый æмæ цардмæ кæсынц уæлæнгайдæр цæстæй. Цард саразын хуымæтæджы хъуыддаг нæу æмæ мæ абоны фæсивæдæн сæ бæрæгбоны цытæн зæгъын фæнды, цæмæй макуы фæтæрсой царды зындзинæдтæй, тырной æрмæстдæр размæ æмæ æххæст кæной, цы хорз хъуыдытæ æмæ сæм фæндтæ сæвзæры, уыдон.

Дыгъуызты Хазби, 55 аздзыд: Мæхи хистæр кары адæймагыл нæма нымайын, фæлæ мын куыд абоны кæстæртæм, афтæ сæ ныййарджытæм дæр ис фиппаинæгтæ. Арæх рахатын: бынтон чысыл сабитæ дæр райсом рахизынц уынгмæ æмæ сæ изæрмæ агурæг дæр ничи вæййы. Сабитæ сиу вæййынц æмæ фæаразынц, цы сæ фæфæнды, уыдæттæ. Фæндгæ та сæ фæкæны, æнцондæр сæм цы фæкæсы, уыдæттæ. Уыцы æнцондзинæдтæ та арæх сæхицæн æмæ ма æндæртæн дæр æрхæссынц зындзинæдтæ. Педагогон зонындзинæдтæ мæм нæй, фæлæ мæ уырны, цы кæстæртæ фылдæр рæстæг вæййынц сæ ныййарджыты фарсмæ, уыцы кæстæртæн сæ хъомылдзинад дæр вæййы хуыздæр.

Æвзонг адæймаг зынтæн тынгдæр фæразы, се ‘нæниздзинадæн цы зындзинæдтæ фæаразынц, уый нæ фæхатынц, фæлæ уыцы зындзинæдтæ стыхджын вæййынц æмæ тынгдæр разынынц зæрыбонты. 

Раст зæгъгæйæ, нæ зыдтон, 27 июны фæсивæды бæрæгбон кæй у, уый. Æмæ кæд афтæ у, уæд сын мæн дæр фæнды зæрдæбынæй раарфæ кæнын. Ут æнæниз æмæ æппынæдзух тырнут æрмæстдæр хорз æмæ раст аразынмæ.                                                                                           

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.