Профилактикæ æмæ раст цардуаг сты æнæниз æмæ дæргъвæтин царды бындуртæ. Зæххы цъарыл æнæниздзинадæй хуыздæр ницы ис. Уæлдай тынгдæр уый бамбæрстам, бæстæйыл цы пандеми ахæлиу æмæ мингай адæймæгты удтæ чи ахаста, уыцы коронавирусы фæстæ.

Цахæм уыдзæн де ‘нæниздзинад уый алы адæймагæн дæр кæнгæ у йæхицæй. Йæ цардуаг куыд сæвæра, йе ‘нæниздзинад дæр уыдзæнис афтæ.

Уæдæ, цы у æнæниз цардуаг æмæ цæмæй æнæнизæй фæ-цæрæм, уый тыххæй цы аразын хъæуы? Ацы фарстайæн нын дзуапп дæтты æвзонг специалист, иммунолог Елойты Кристинæ.

– Хæрын хъæуы хæрзгъæд æмæ пайдаджын хæринæгтæ. Уыимæ – бæрцыл. Махæй би-рæтæ афтæ ахуыр сты æмæ бæрц нæ зонынц хæрдæй. Фæ-лæ нæ кæд æнæнизæй цæрын  фæнды, уæд уыцы цайдагъдзинадæн хъуамæ скæнæм кæрон. Нæ хæринаджы хъуамæ уа, адæймагæн пайда цы алыгъуызон буарадтæ, сты, уыдон. Къаддæр хæрын хъæуы адджинæгтæ. Суткæйы дæргъы адæймаг хъуамæ нуаза 1-2 литр дон. Цæххæй 5 граммæй фылдæр адæймаг хъуамæ ма пайда кæна суткæйы дæргъы. Къуыри иу суткæ хæрдыл уæ къух сисут. Изæрæй ма бахæрут, фынæй кæныны афонмæ ма 2-3 сахаты куы баззайа, уæд. Къаддæр хæрут физонæг кæнæ, фæздæгдзыд  хæринæгтæ.

Æрвылбон хæрут 400-800 граммы дыргътæ æмæ халсæрттæ, фылдæр – кæсаг æмæ кæсаджы продукттæ.

 Елойты Кристинæ куыд амоны, афтæмæй стыр хъусдард здахын хъæуы физикон культурæмæ. Фылдæр хъæуы змæлын. Æнæ спортæй æнæниз уæвæн нæй. Алы райсом дæр кæнут физикон фæлтæрæнтæ. Къуыри 2-3 хатты цæут спортивон залмæ, кæннод та æнæниздзинады тыххæй цы алыгъуызон къордтæ ис, уыдонæй искæцымæ. Фылдæр цæутфистæгæй.

Стыр нысаниуæг ис организмы иумæйаг гигиенæйæн дæр. Сыгъдæгдзинад æмæ æнæниздзинад сты æнæфæхицæнгæнгæ. Буар чъизи куы уа, уæд ыл фæзыны адæймаджы æнæниздзинадæн зианхæссæг алыгъуызон микроорганизмтæ. Адæймаджы организмæн йæ бон хъуамæ уа алыгъуызон низты ныхмæ фæлæууын. Æмæ цæмæй фидар уа, уымæн хорз сты дон, хур æмæ уæлдæф. Къух сисын хъæуы тамако æмæ карз нозтыл. 

Иммунолог ма нымайы, вазыгджын кæй у психикон æнæниздзинад дæр. Хистæртæй арæх фехъусæн ис, ома, æппæт низтæ дæр цæуынц нуæрттæй. Æмæ уый раст у. Уыд ахæм зындгонд академик И. Инюхин æмæ уый афтæ фыста «…эмоци, как физиологическое явление, точно так же поддаются воспитанию и тренировке, как и наши мускулы». Тырнут,  цæмæй уæ зæрдæйы ахаст алкæд дæр уа уыцы иугъуызон хорз, иудадзыг архайут зæрдæхъæлдзæг уæвыныл. Алы адæймаджы дæр, æппæты фыццаг уынут хорз миниуджытæ, уæ алфæмблай та æппынæдзух уынут рæсугъддзинад æмæ аивдзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.